21 декабря 2024

АМОНД ЕРУЙ ХÆЛАРÆЙ КА ЦÆРУЙ, Е!..

29.07.2022 | 16:58

Еугонд Нацити Организаци 2011 анзи 3 майи иснисан кодта хæлардзийнади Æхсæнадæмон бон, кæци уæдæй ардæмæ бæрæггонд цæуй алли анз дæр 30 июли. Æ нисан æй – адæмти бон кæрæдзей балæдæрун ку исуа, уæд син еумæйаг рæстуод архайдæй бантæсдзæнæй нæ дуйне цæрунæн фæххуæздæр кæнун, нæ абони берæ фидбилизтæй фæййервæзун. Еци гъуддæгутæ цæйбæрцæбæл ахсгиаг æнцæ еугур адæмтæн дæр, е ба лæдæрд æй, уæлдайдæр ба абони. Сагъæссаг нин ку иссæй, Украини нури разамунд е ‘знæт сæризундæй ку исæзманста æхе адæми сабур цард дæр, æма ку ниххæлхъойтæ кодта иннæ паддзахæдти ‘хсæн рахастдзийнæдтæ.

Уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 3-5-аг фæрстæбæл.