28 апреля 2024

ÆВÆРÆНТÆ АРАЗУН – ИСОНИБОНБÆЛ ГЪУДИ КÆНУН?..

05.08.2022 | 16:12

Æхсæнадон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ, уæ бийнонтæмæ æвæрæнтæ ес, зæгъгæ, уæрæсейæгтæй ке бафарстонцæ, уонæн айдагъдæр сæ æртиккаг хай – 33% – равардтонцæ аразий дзуапп. Анзи размæ уæхæн дзуапп ка равардта, уони бæрцæ адтæй 3% фулдæр. Æхцай æвæрæнтæ арæхдæр аразунцæ, æнæнхæст уæлдæр æма уæлдæр ахургонддзийнадæ кæмæ ес, уæхæн 18-24-анздзуд фæсевæд. Æвæрæнтæ ка кæнуй, уонæн сæ 27% куд загътонцæ, уотемæй сæбæл ауæрдунцæ, сауæнгæ ма æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгути дæр. Æвæрæнтæ кæмæ ес, уонæн сæ 60 процентей сæ исхарз кæнун багъудæй, æнай-æнойти ка фæззиндтæй, уæхæн гъуддæгути фæдбæл.