27 декабря 2024

«ДÆ ЦАРДИ НИСАН РАВЗАРÆ ÆМА ИМÆ РÆСТУОДÆЙ ТУНДЗÆ!..»

14.09.2022 | 15:39

«Нæ фидтæлтæ кæсун æма финсун нæ зудтонцæ, нæ сæмæ адтæй скъолатæ æма академитæ дæр, фал сæмæ адтæй сæхе университеттæ, Сорбоннæтæ æма Кембриджтæй минкъийдæр зонундзийнæдтæ кæми нæ истонцæ, уæхæн университеттæ…»

Уотæ финсуй æ автобиографион уацау «Дæллаг Ир»-и Цæгат Иристони адæмон поэт Дзасохти Музафер. Æма ин æ еци гъудитæ ба æримистан, хуæрзæрæги нæ республики Сæргълæууæг Сергей
Меняйло Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети студентти хæццæ ку фембалдæй, æма се ‘хсæн ци зæрдæбæлдаруйнаг дзубанди рауадæй, уомæ гæсгæ. Музафер дæр æ рæстæги (1960 анзи) каст фæцæй аци ахургæнæндонæ – уæд ма педагогон институт адтæй. Æма уоййасæбæл ахсгиагæй хумæтæги нæ дзоруй нæ адæми уодварнæдзийнади туххæй – уæди рæстæги æригæнтти гъомбæлади устур æргом æздæхт цудæй уонæн айдагъ цидæр дæсниади фæдбæл зонундзийнæдтæй фæххайгин кæнунмæ нæ, фал ма син сæ уодиконд хуæрзуагæдзийнадæ æрфедар кæнунмæ дæр. Уомæн æма уæди хестæртæ сæ царди фæлтæрддзийнадæй лæдæрдтæнцæ: кæстæр ести ацъагъуæй цийфæнди арæхстгин ку исуа, фал адæймагдзийнадæй гъæуагæ ку уа, уæд уоми хуарзæй неци ес…

Еци гъуди ахид райгъусидæ Сергей Меняйлойæн студентти хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми. Фембæлд арæзт ба æрцудæй, Уæрæсейаг федералон рохситауæн мадзал «Бахай кæнæ дæ зонундзийнадæй»-йи фæлгæти.


НÆКÆСИ

Цæгат Иристон хаст æрцудæй, уæлдæр ахуради хæццæ косгутæ фулдæр кæми ес, еци регионти номхигъдмæ. Аудиторон-консолтингон хизæг FinExpertiza-йи æртасунади бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй уæлдæр ахуради хæццæ косгути фулдæр хай рабæрæг æй Мæскуй (51,8%),  Цæгат Иристони (50,6%), Мæхъæли (44,9%), Ямало-Ненеци автономон зилди (44,9%) æма Санкт-Петербурги (43,8%).

Æртасгутæ куд баханхæ кодтонцæ, уотемæй Цæгат Иристони косгути бæрцæ берæ ке нæй, æгуст адæми хай ба устур ке æй, уомæ гæсгæ ба уæлдæр ахуради хæццæ ка фæууй, уонæн кустагоргути медастæу ериси æнцондæр фæууй кустбæл фæххуæст ун…


Аци фембæлди рæстæг нæ республики разамонæг бæлвурд дзуæппитæ равардта æ  архайгути фарстатæн, радзурдта син, æхе дæсниадæ куд равзурста, æ бæлдæ цæмæй исæнхæст адтайдæ, уой фæдбæл куд архайдта.

Мадта æфсæддон дæсниадæ равзарунæн Сергей Меняйлой ци фæрразæнгард кодта, еци фарста дæр имæ равардтонцæ.

Æ радзубандий республики разамонæг загъта:

– Ци æй евгъуд, нуриккон рæстæг æма исонибон? Абони ци ес, е нин кæддæр исонибон адтæй, исон ба ‘й евгъуд æхердигæй фæккæндзæнæй. Абони зæрдиагæй цæбæл архайетæ, е уæмæ гъæуама уæ исонибони гъæугæ хузи фæззинна.
Гъæуама гъуди кæнун зонайтæ, æнæмæнгæ, гъæуй фæлтæрддзийнадæ, фал унаффæ, фæндон рахæссун ба уæхемæ кæсуй. Уæ размæ æвæретæ нисантæ æма сæмæ бахъæртунмæ тундзетæ. Устур нисантæмæ гъæуама къахдзæфгай цæуайтæ, гъæуама уæмæ фæразондзийнадæ æма федардзийнадæ уа.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма 1-9 сентябри Уæрæсей æнхæстгонд цудæй æхсæнадæ «Зонундзийнадæ»-йи сæрмагонд марафон. Аци хъæппæреси æмархайгутæ иссæнцæ Рохсади æма науки æма уæлдæр ахуради министрадтæ. Мадзали нисан – ирæзгæ фæлтæртæн зонундзийнæдтæ раттун, сæ хæццæ фембалдæнцæ æма дзубанди кодтонцæ зундгонд адæймæгутæ ахуради æма науки, культурæ æма аййевади хецаудзийнади æма кустади минæвæрттæ.

Хекъилати Маринæ