27 декабря 2024

Æ КАДÆ – СÆРУСТУЙРАГ, ИМИСÆН ÆЙ ЗÆРДИАГÆЙ!..

29.10.2022 | 14:08

Уæрæсей цæрæг хестæр фæлтæрти минæвæрт беретæ, æнæмæнгæ, фæскомцæдесмæ барæ дарунцæ. Кадæртæ си æ иуонгтæ нæ адтæнцæ, фал уæддæр фæскомцæдеси хъæппæресæй ци берæ гъæугæ гъуддæгутæ арæзт цудæй, уонæй еуварс нæ адтæнцæ – ка си архайдта тугъдон гъазт «Зарницæ»-йи, ка ба си æмбурд кодта æфсæйнаг æма гæгъæдий бурæнттæ, будуйрон кустити адтæнцæ раззагдæрти хæццæ. Æма кæд уотæ ’й, уæд 60 миллион адæймагемæн ес рæуонæ устур бæрæгбон исбæрæг кæнунæн: 1918 анзи 29 октябри арæзт æрцудæй фæскомцæдес.

Уой архайди фиццаг бæнттæй фæстæмæ сæйрагдæр адтæй Ленини фæдзæхст: «Коммунизмбæл ахур кæнун!..» Абони бæрæг-бæлвурд æй еу гъуддаг: фæскомцæдесæн ци рæстæг рауадæй архайгæ, уой дæргъи е æригæнттæн иссæй æцæг цардон скъола, кæций «каст» фæцæнцæ 100 миллион адæймагемæй фулдæр.

Нæ цæститæбæл ахид рауайуй уæхæн нивæ. 1918 анзи фæззæги æ куст райдæдта косæг æма зæнхкосæг фæсевæди фиццаг Еугуруæрæсеуон съезд. Уоми сæхецæн кадгин сæрдарæй равзурстонцæ В.И. Ленини, фал нæфæразгæ ке кодта (уой размæ ’й революций знæгтæ фæццæф кодтонцæ), уомæ гæсгæ съезди архайун æ бон не ’ссæй. Съезди делегаттæ имæ рарвистонцæ сæ минæвæртти. Ленин фæсевæдбæл бацийнæ кодта. Уæд еуемæ, уæдта иннемæ лæвардта аллихузон фарстатæ: цал губерний минæвæрттæ архайуй съезди, циуавæр зæрдиуагæ ес делегаттæмæ. Дзубанди син байеудагъ æй, Ленин игъæлдзæгæй æвдиста æхе, худтæй. Делегатти ’хсæн адтæй дигорайаг Цъебойти Барис дæр. Уомæн дæр фадуат фæцæй æма æ дзурд багæлста: «Махмæ, Киристонгъæуи, не скъола фехалдæй…» Ленин æвеппайди дзуапп равардта: «Фехалдæй? Исаразетæ ’й!»

Цидæр адтæй, уæддæр фæскомцæдеси фæлтæртæ, сæ бон куд адтæй, уотæ æнхæст кодтонцæ Ленини фæдзæхститæ æма цард анзæй-анзмæ гъæздугдæр, рæсугъддæр кодта.

Циртдзæвæн æдзард фæскомцæдесонтæн Дзæуæгигъæуи Фæскомцæдесон парки.

Берæ агъазиау æвдесæнтæ æрхæссун æнгъезуй Ленин фæсевæди размæ ци фарстатæ æвардта, уонæн советон доги æригæнтти фæлтæртæ бæлвурд гъуддæгутæй ци дзуапп лæвардтонцæ, æ нистауæнтæ ин куд æнхæст кодтонцæ æма сæ царди куд уагътонцæ, сæ хъауритæбæл куд нæ аурстонцæ, алли фондзанзони дæр фæскомцæдесонтæн ахури, фæллойни, æхсæнадон кусти ци æнтæстдзийнæдтæ æма уæлахезтæ æфтудæй сæ къохти, уомæн. Уæ зæрдæбæл ба уин сæ айдагъ уой туххæй нæ лæуун кæнæн, æма æримисæн, еци æнзти фæсевæд куд хъазауатонæй тох кодтонцæ хуæздæр исонибонбæл, фал нæ фæндуй, цæмæй абони æригон адæм уонæй сæрустур куд уонцæ, уони куд фæнзонцæ æма нуртæккæ сæ размæ ци рæсугъд нисантæ ес, уони фæскомцæдеси хузæн æнтæстгинæй куд æнхæст кæнонцæ, цæмæй си адæм дæр сæрустур уонцæ æма сæхуæдтæ дæр сæхецæй боз куд уонцæ.

Абони кадæртæ фæскомцæдеси фаунцæ, алли каколатæ ибæл имисунцæ, фал царди бæрæггæнæнтæ ба æндæр хабæрттæбæл дзорæг æнцæ. Нæ царди фæскомцæдесæн адтæй устур кадæ, устур нисан. Фæскомцæдеси рæнгъити уогæй, æригон адæймаг берæвæрсуг ирæзтæй, æ царди нисантæмæ тундзгæй ин адтæй фадуæттæ еу къæпхæнæй иннемæ хезунæн, ести уæлахез æ къохи ку бафтуидæ, уæд æй парти разæнгард кодта никки уæлдæр уæлахезмæ.

Ахури дæр, кусти дæр адтæй фæнзуйнаг, ке фæнзтайдæ, е лæудтæй æ фарсмæ æма ’й рæдуйун нæ уагъта. Нуртæккæ Уæрæсей хецауадæ, уæдта регионти ци разамунд ес, уонæн сæ 90 проценти æнцæ фæскомцæдеси гъомбæлгонд кадртæ.

Æвæдзи, уомæ гæсгæ аразунцæ алли рауæнти фæскомцæдеси комитеттæ, сахарти, гъæути базмалдæнцæ фæсевæд, федауцæ æма гъæугæ нисантæмæ син над ка амона, кустмæ, ахурмæ сæ ка разæнгард кæна, уæхæн фæскомцæдес куд иснæуæг кæнонцæ, уобæл æй сæ архайд. Гъо, нæуæгæй æригæнтти зæрдити азæлунцæ зари дзурдтæ: «Нæ фæххецæн уодзæнæн фæскомцæдеси хæццæ, æносмæ æригонæй байзайдзæнæн». Фæскомцæдес æй царди устур скъола æма фæнзуйнаг æй алли æригон адæймагæн дæр.