ÆДЗАРД БÆГЪАТÆРТИ РОХС НÆМТТÆ – ÆНОСТÆМÆ НИН ЦИТГИЙНАГ…
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд адтæй, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, ка фæммард æй, еци тугъдонти бийнонти хæццæ. Фидибæсти сабур царди сæрбæлтау æ цард ка нæ бавгъау кодта, еци æфсæддон службæгæнгутæ сæ мæлæти фæсте хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ Бæгъатæрдзийнади орденæй.
Республики разамонæг бæгъатæрти хеуæнттæн тæфирфæс ракодта æма син равардта бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæ.
– Арфæ уин кæнун, Фидибæсти æцæг патриотти ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй. Не ’дзард биццеути уодуæлдайдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ иронх некæд уодзæнæнцæ, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги дзубандимæ гæсгæ, республикæ идарддæр дæр еугурвæрсуг агъаз кæндзæнæй æдзард æфсæддон службæгæнгути бийнонтæн.
Уæрæсей Президенти Указæй Бæгъатæрдзийнади орден сæ мæлæти фæсте лæвæрд æрцудæй: майор Багати Черменæн, капитан Александр Степанецæн, прапорщик Хъулумбегти Дмитрийæн, сержант Плити Сергейæн, ефрейтор Владислав Бурнасовæн, ефрейтор Валерий Ивановскийæн, рæнгъон Равиль Хасаов æма рæнгъон Джусойти Альбертæн.