27 декабря 2024

ÆНТÆСТГИН КУСТÆН ГЪÆУАМА АККАГ АРГЪГОНД ЦÆУА!..

14.12.2020 | 15:15

Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз ци косæг æмбурд исаразта, уоми архайдтонцæ Цæгат Иристон-Аланий фæндаггон хæдзаради Комитети сæрдар СОЛИТИ Тариэл æма республики мухур æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути Комитети сæрдар ФИДАРАТИ Юрий.

Фембæлди рæстæг дзубанди цудæй дууæ  ахсгиаг фарстай  фæдбæл – республики нæдтæбæл æзмæлди æдасдзийнадæ, уæлдайдæр ба – зуймон уавæрти) æма национ проекттæ æнхæст кæнуни гъуддаги информацион ефтонгкæнуйнадæ.

Фиццаг фарстабæл дзубандий рæстæг Хецауади Сæрдар профилон Комитети сæрдари æргом раздахта, фæндаггон æзмæлди архайгути æдасдзийнадæн се ’рдигæй ци мадзæлттæ арæзт цæуй, уони ахедундзийнадæмæ. Тускъати Таймораз куд баханхæ кодта, уотемæй, зумæги рæстæг æрдзон уавæртæ уæлдай зæрдæдзоргæ ке фæуунцæ, уомæ гæсгæ  комитети специалисттæ гъæуама фулдæр æргом æздахонцæ,  цæмæй фæндаггон змæлди еугур архайгути æдасдзийнадæн дæр арæзт цæуонцæ æнæмæнгæ гъæугæ уæлæнхасæн мадзæлттæ.

Еци куст комитет куд аразуй, уой туххæй бæлвурдæй радзурдта Солий-фурт. Æ дзубандимæ гæсгæ, нæдти хуæрзгъæдæдзийнадæ æма æнаййепдзийнадæмæ сæ цæстæ  дарунцæ фараст подрядон организаций. Етæ ефтоггонд æнцæ еугур гъæугæ техникæ æма фæрæзнитæй дæр.

Фæндаггон æдасдзийнади гъуддаги къартæ æма видеоцæстдарди фæрæзнитæн устур ахедундзийнадæ ке ес, уой зæрдæбæл даргæй, архайд цæуй, цæмæй республики нæдтæбæл фулдæр кæнонцæ уæхæн техникон ефтонггæрзтæ. Зæгъæн, нуртæккæ республики нæдти уавæр  æртæст цæуй 58 къамисæн æма видеокамери фæрци дæр.

Уой фæсте Тускъати Таймораз  дзубанди кодта мухур æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæдбæл Комитети разамонæги хæццæ. Фидарати Юрий бæлвурдæй радзурдта 2020 анзи комитети архайди рагагъоммæ бæрæггæнæнти туххæй. Æ дзубандимæ гæсгæ, Аланистонбæл исаргъуди 1100 анзей бæрæгбонмæ мухурæй рацæудзæнæй киунугути æмбурдгонд «Алайнаг киунугæдонæ». Уонæн сæ фиццаг авд киунуги мухурæй рацæудзæнæнцæ аци анз. Се ’хсæн – «Аланистони истори», «Иристон-Аланистони историон атлас» æма æндæртæ.

Тускъати Таймораз куд баханхæ кодта, уотемæй хецауади паддзахадон оргæнти аллибони архайди еудадзугон цæстдард ес фиццаградон национ проекттæ æнхæст кæнуни гъуддагмæ. Зæгъæн, еци ахсгиаг проектти уагæвæрди бундорбæл нæ республики айдагъ 2020 анзи куст цæуй аллихузон 138 объектей арæзтадæ æма цалцæгбæл (еугур куститæн нисангонд адтæй 6,2 миллиард сомей бæрцæ).

– Еци ахсгиаг арæзтæдтæбæл куст куд цæуй, уæдта, еумæ райсгæй, национ проекти уагæвæрдтæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ дзиллон информацион фæрæзнитæ гъæуама æздахонцæ фиццаградон æргом, бафæдзахста, Хецауади Сæрдæр, –  уæд бæлвурд зиндзæнæнцæ æнхæстгонд проекттæ, уæдта идарддæр исаразуйнаг гъуддæгутæ дæр.

Еци нисантæбæл дзоргæй, Фидарати Юрий куд фегъосун кодта, уотемæй республики дзиллон информаций фæрæзнитæ урух æма лæмбунæг финсунцæ æма æвдесунцæ, фиццаградон национ проекти уагæвæрдтæ царди рауадзунбæл ци берæвæрсуг куст цæуй, уой. Уомæй уæлдай, Комитети хъæппæресæй арæзт сæрмагонд экспертон къамис еудадзугдæр  æ цæстæ даруй  аци фарстати фæдбæл куст информацион æгъдауæй куд æвдист цæуй, уомæ.

Куд зонетæ, уотемæй кустади æверхъау цаути фудæй е ’нæнездзийнадæ гъигæдард кæмæн æрцудæй, уæхæн фæллойнæгæнгутæн паддзахадæ рæстæгæй-рæстæгмæ агъаз кæнуй. Нури уæнгæ си беретæн лæвæрд æрцудæй нæуæг хуæдтолгитæ. Еци хуарздзийнадæй бабæй æрæги фæххайгин æнцæ еума къуар адæймаги – Къочити Барисæн, Дмитрий Бобылевæн, Роман Милько æма Секъинати Вадимæн лæвæрд æрцудæнцæ нæуæг хуæдтолгитæ. Еци мадзали рæстæг нæ республики Хецауади Сæрдар Тускъати Таймораз загъта: «Аци хуæдтолгитæ ка райста, уонæн мæ зæрдæ зæгъуй фæрнæйдзаг цард. Мæ зæрдæ дарун, аци хуæдтолгитæ уин уæддæр еуцæйбæрцæдæр райдзастдзийнадæ ке ’рхæсдзæнæнцæ, уобæл…»

Еци арфиаг мадзали ма архайдтонцæ Цæгат-Кавказаг федералон зилди Уæрæсей Президенти æнхæстбаргин минæваради аппарати Цæгат Иристони сæйраг федералон инспектор Келехсати Владимир, Уæрæсей социалон фæдзæхстади фонди регионалон хайади разамонæг Айларти Зæлинæ.