24 апреля 2024

Фидарати Астемури фурт Юрий

21.08.2021 | 16:35

Царди ӕгӕрон берӕ дессагдзийнӕдтӕй еу е ӕй, ӕма адӕймаги карнӕмӕ ӕнай-ӕнойти бахӕссуй аллихузон, ӕвӕдзи, ӕхуӕдӕг ӕнгъӕл дӕр ке нӕ фӕууй, уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ. Уонӕй хайгин ӕй Фидарати Астемури фурт Юрий дӕр. Куд зундгонд журналист, уотӕ нури уӕнгӕ ӕхуӕдӕг фӕрсидӕ иннети, ци фарстати туххӕй финсуйнаг уидӕ, уонӕй. Нур ба, хецаудзийнади бӕрнон косӕг исуогӕй, разамунд дӕттуй нӕ республики мухури ӕма дзиллон коммуникацити гъуддӕгути фӕдбӕл Комитетӕн – журналисттӕ ин ӕхе фӕрсунцӕ аци ахсгиаг къабази бони хабӕрттӕй, исонибонмӕ нисантӕй…

Уобӕл лӕмбунӕгдӕрӕй радзубанди кӕнун дӕр ӕнӕмӕнгӕ ӕнгъезуй, фал нӕ абони дзубандий сӕр ӕндӕр ӕй – Фидарати Юрийбӕл ӕнхӕст кӕнуй ӕртинсӕй анзи. Ка ‘й зонуй, уой кой ке кӕнӕн, уомӕй ӕй ниффурӕфсӕрмитӕ кӕндзинан – куд ӕцӕг хуӕдӕфсармӕ ирон лӕг, уотӕ ӕстауӕн дзубандитӕбӕл ӕгириддӕр ӕхцул дӕр нӕй, уӕдта си ӕхе хъӕбӕр еуварс ласуй. Фал ӕй уӕддӕр нӕхецӕн ихӕсбӕл нимайӕн – куд не ‘мгустгӕнӕг, нӕ хуӕрзӕрдхуард, адӕмуарзон ӕма зӕрдхӕлар, рӕстуодӕй нӕ дзилли хуарзӕн ӕма нӕ Иристони сӕрбӕлтау архайӕг адӕймаг, уотӕ ин зӕрдиагӕй райарфӕ кӕнӕн, не ‘Сфӕлдесӕгӕй ин ракорун, цӕмӕй ӕнӕнез ӕма зӕрдрохс уа, ӕ бийнонтӕ уонцӕ фӕрнӕйдзаг, ӕ амонд ӕма ӕнтӕстдзийнӕдтӕй райдзаст уа!..