26 декабря 2024

АДÆМИ ЦАРДИУАГИ ХУЗÆНОНДЗИЙНАДÆН

30.06.2023 | 23:33

Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барисæн кустадон балций Мæскуй уогæй, адтæй цалдæр ахсгиаг фембæлди федералон хецаудзийнади бæрнон косгути хæццæ.

Уæрæсей фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг Магомед Абдулхалимови хæццæ фембæлди рæстæг дзубанди цудæй Цæгат Иристони социалон къабази идарддæри райрæзти нисанти, ахсгиаг инфраструктурон объектти райрæзти фæдбæл.  Зæгъæн, æркастæнцæ каргун æма сахъат адæми республикон Хæдзарæ-интернати арæзтади хæццæ баст фарстатæмæ. Е арæзт цæудзæнæй фиццаградон национ проект «Демографи»-й дæлпрограммæ «Хестæр фæлтæр»-и уагæвæрдмæ гæсгæ. Нæ республики Хецауадæ æма федералон министрадæ ци сæрмагонд бадзурд бафинстонцæ, уомæ гæсгæ арæзт ба гъæуама æрцæуа 2024-2026 æнзти.

Дзанай-фурт куд фегъосун кодта, уотемæй республики Хецауадæ фæллойни федералон министрадæмæ ци курдиæдтæ балæвардта, уони бундорбæл цалдæр ахсгиаг республикон социалон объектей арæзтадæ æма райарæзт бахæсдзæнæнцæ нисанмæарæзт федералон инвестицион программæмæ. Уони нимæдзи æнцæ: тугъдон буцæути ветерантæ æма инвалидти бундорон реабилитаций берæкъабазгин центри арæзтадæ, геронтологий республикон центри бундорбæл реабилитацион хайадæ байгон кæнун, санаторитæ «Иристон» æма «Нæзути къох»-и райарæзт æма уотæ идарддæр.