27 декабря 2024

Æ РОХС НОМ ÆНОСТÆМÆ ЦÆРДЗÆНÆЙ НÆ ЗÆРДИТИ…

29.10.2022 | 12:50

Уогæ ба цæйбæрцæбæл æгæрон зин æй, хуæрзуагон æмбал æма зæрдхæлар æмкосæг ни ке фæххецæн æй, æ æносон дуйнемæ ке банæхстæр æй, уой фæдбæл дзорун… Зин ба уомæй æй, æма уоййасæбæл игъæлдзæг, цардбæллон, зæрдæй фæлмæн æма уодæй кæдзос, райдзаст æма харакет адæймаги туххæй хъонц кæнгæй аккаг дзурдтæ иссерун… Уогæ уæхæн дзурдтæ æрдзи, æвæдзи, зингæ дæр нæ ракæндзæнæнцæ… Уой мах, газет «Дигорæ»-йи редакций косгутæ нæхебæл бавзурстан, нæ уарзон æмбал æма æмкосæг Баликъоти Мæхæмæти фурт Тотраз æрæги æ уæлзæнхон цардæй ке рахецæн æй, уой зиндзийнадæй.

Алли уодгоймаг дæр æ райгурцæй ба сауæнгæ æ рамæлæти уæнгæ æхецæн фæннимайуй æ номи, æ кади æма æ фарни мæсуг. Амайгæ ба ’й фæккæнуй æ зунд, æ хъаурæ, æ уодиконди гъæздугдзийнадæ æма æ зæрди кæдзосдзийнадæй, æ цардиуаги рæсугъддзийнадæй. Баликъоти Тотрази къохи дæр бафтудæй æхецæн, æ ахилæн, æ бийнонтæн, æ берæ ахургæнуйнæгтæн, махæн, е ’мкосгутæн, сауæнгæ еугур Дигорæн дæр, берæ æнзти дæргъи идæрдтæмæ еугуремæ дæр ка зиндзæнæй, кади уæхæн федауцæ æма æнæфехалгæ мæсуг исамайун.

Баликъоти Мæхæмæти фурт Тотраз райгурдæй 1963 анзи 30 ноябри Ирæфи райони Чиколай гъæуи. Астæуккаг скъола каст фæууни фæсте æ ахур райзолдæр кодта Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети историон факультети. Уой æнтæстгинæй каст фæууогæй, косун райдæдта æ райгурæн гъæуи фиццаг астæуккаг скъолай ахургæнæгæй. Ахургæнæги кустæй уæлдай ма æ зæрдæмæ хæстæг æвæрд адтæй журналисти куст дæр, æма ’й уомæ гæсгæ цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте байагурдтонцæ Ирæфи райони газет «Ирæф»-и редакцимæ сæрмагонд уацхæссæгæй косунмæ. Цæйбæрцæбæл кустуарзон адтæй, уомæн ба æвдесæн æй е дæр, æма æ фæллойнадон ихæстæ кæнунæй уæлдай ма исарæхстæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети аспирантурæ фæсаууонмæ каст фæуунмæ дæр. Фæстæдæр, историон наукити кандидат исуогæй, Баликъой-фурт косун райдæдта аци уæлдæр ахургæнæндони историон факультети хестæр ахургæнæгæй. Адтæй политологий кафедри доцент, разамунд лæвардта социалон-гуманитарон Центрæн. 2010 анзи багъæуай кодта историон наукити доктори диссертаци. Адтæй наукон разамонæг аспиранттæн, етæ æ дæсни разамунди фæрци æнтæстгинæй багъæуай кодтонцæ сæ диссертацитæ. Тотразæн бантæстæй берæ статьятæ æма монографитæ ниффинсун æма сæ мухури рауадзун. Адтæй киунугæ «Чиколай истори»-й автортæй еу.

Баликъоти Тотраз, 2012 анзæй фæстæмæ куста Республикон газет «Дигорæ»-йи хайади редакторæй.

Баликъоти Тотрази уодуæлдай фæллойнæн аккаг аргъгонд æрцудæй нæ республики хецауади ’рдигæй – 2013 анзи ин лæвæрд æрцудæй майдан «Иристони намусæн». Хуарзæнхæгонд ма ’рцудæй Хецауадæ æма Парламенти Кади грамотитæй, берæ æндæр хуæрзеугутæй… Хъæбæр зин æй, уоййасæбæл искурдиадæгин æма рæстзæрдæ адæймаги уæлзæнхон цард, æ тæккæ исфæлдистадон тæмæни бацæугæй, уотæ ке рацубуртæ ’й, е…

Баликъоти Мæхæмæти фурт Тотрази рохс ном, куд хæлар æма рæстуод адæймаг, æ уарзон адæми еузæрдиуон æма æновуд фурти ном некæд феронх уодзæнæй нæ дзиллити зæрдитæй…

Газет «Дигорæ»-йи
редакций коллектив