22 декабря 2024

ÆГУСТÆЙ ГЪÆУАМА МАКЕ БАЙЗАЙА!..

28.05.2022 | 15:13

Нури берæ цæмæйдæрти нæхъæртон рæстæгути кустгъон адæмæн сæ сæйрагдæр сагъæс æй кусти ниллæуун. Дзубанди ибæл нæййес, алкедæр гъавуй зæрдæмæдзæугæ æма хуарз улупа ин кæми феддзæнæнцæ, уæхæн куст иссерунмæ.

Фарæ нæ республики кустуæттæ æма организацити рæстæмбес номхигъди нимæдзæ  2021 анзи рауадæй 116,0 мин адæймаги, æма, 2020 анзи хæццæ рабаргæй, фæффулдæр æй 0,6 проценти.

Нæ республики адæмæн куст дæттуни комитети бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2021 анзи декабри кæронмæ кустагорæг граждæнти хигъди ка лæууй æма фæллойнадон архайдбæл хуæст ка нæй, уони еумæйаг нимæдзæ рауадæй 5,4 мин адæймаги. Уонæй 5,3 мин адæймагемæ адтæй æгусти сæрмагонд статус. Е 3,6 хатти минкъийдæр æй иннæ анзи хæццæ рабаргæй.

Евгъуд анзи декабри кæронмæ æгуст адæми æма, пособи ка есуй, уони нимæдзæ, 2020 анзи хæццæ рабаргæй, фæмминкъийдæр æй 46,7 проценти æма рауадæй 2,5 мин адæймаги.

Кустуæттæ æма организацитæ, 2021 анзи декабри кæронмæ цал косæги сæ гъæуй, уой туххæй ци бæрæггæнæнтæ равардтонцæ, етæ ‘нцæ 1168 адæймаги, нихмæ 1389 адæймаги евгъуд анзи аци рæстæгмæ.

Кустагор адæмæн косуни равгитæ исаразуни фæдбæл архайд цæуй аци анз дæр æма фæллойни къабази уавæр фæххузæнондæр  æй къабази уавæр фæннивæбæлдæр кæнунæн, уæлдайдæр ба нерæнгæ ма æгуст ка ’й, еци адæми нимæдзæ минкъийдæр кæнуни мадзæлттæбæл Цæгат Иристони аци анзи кæронмæ харзгонд æрцæудзæнæй 140 миллион сомей бæрцæ.

Уæхæн нимæдзæ журналисттæн фегъосун кодта нæ республики адæмæн куст дæттуни Комитети сæрдар Плати Альбинæ. Æма æ радзубандий уотæ баханхæ кодта:

– Зæгъæн, аци анз  нисанмæ арæзт регионалон программæ «Адæмæн нæуæг косæн бунæттæ дæттун»-и мадзæлттæ æнхæст кæнунæн дехгонд æрцæудзæнæй 19,5 миллион сомей бæрцæ. Фæллойни базари уавæри карздзийнадæ фæмминкъийдæр кæнуни мадзæлттæн ба анзи кæронмæ нисангонд цæуй 120,5 миллион соми (уонæй 119,3 миллион соми радех кодта федералон бюджет), иннæ хай ба сæмæ бафтаудзæнæй республикæ.

ПЛАТИ Альбинæ

Плати Альбини дзубандимæ гæсгæ, уæлдæр амунд регионалон программи фæлгæти еудадзугон æма рæстæгмæ кусти бунæттæ ратдзæнæнцæ 4 мин адæймагемæн. Уæлæнхасæн профессионалон ахуради къурситæмæ ба рарветдзæнæнцæ 1500 адæймагей бæрцæ. Уомæй уæлдай, сæ ахурæй уæгъдæ рæстæг косуни фадуат уодзæнæй 1200 æнагъонемæн. Уæлæнхасæн дæсниадæ райсуни къурсити ка архайа, уонæй 130 адæймагемæн ба исараздзæнæнцæ профессионалон стажировкитæ.

Кустагорæг адæмæн фæййагъаз кæнуни гъуддагмæ еудадзуг цæстдард цæуй. Æрæги нæ республики Хецауади æмбурди адæмæн куст дæттуни Комитети сæрдар Плати Альбини хъæппæресæй æркастæнцæ «Рæстæгмæ кустити архайæг граждæнтæн материалон агъази бæрци» туххæй гæгъæдимæ. Уой фæдбæл рахастонцæ гъæугæ унаффæ, кæцими дзубанди цæуй ахурæй уæгъдæ рæстæг 14-18-анздзудтæн, æгуст адæмæн, профессионалон ахуради фæсте куст фиццаг хатт ка агоруй, уонæбæл. Рæстæгмæ син куст ратгæй, материалон агъази бæрцæ гъæуама мæйæмæ уа 1500 соми.

Дзанайти Барис фæббæрæг кодта гъуддаги социалон бундор. Дзубанди айдагъ миздбæл нæ цæуй, фал æригæнттæн циуавæрдæр уавæртæ исаразунбæл. Ирæзгæ сувæллæнттæн сæ уæгъдæ рæстæг ести куст ку фæууа, уæд сæ зæрдæ фудуаг миутæмæ нæ дзордзæнæй.

Фæллойни базари уавæр фæххузæнондæр кæнуни мадзæлтти архайдзæнæнцæ кустуæттæ æма æндæр юридикон иуонгтæ дæр. Зæгъæн, дæс æма инсæй анзи кæбæл нæма исæнхæст æй, уæхæн æригон адæймаги кустмæ кумæ райсонцæ, еци  организацийæн паддзахадæ агъази хузи радех кæндзæнæй 50 мин сомей бæрцæ. Уæлæнхасæн косгутæ ци организацимæ райсонцæ, уонæн паддзахадæ дæтдзæнæй æндæр финансон зæрдæдарæнтæ дæр.