21 ноября 2024

ÆХСАРГИН «КИРОВОНТИ» НАМУС ÆНОСОНГОНД ÆРЦУДÆЙ…

04.06.2021 | 22:15

Дзæуæгигъæуи С.М. Кирови номбæл уæлдæр æфсæддон раздæри училищей курсантти номерæн фæйнæг хуцаубони кадгин уавæри байгон кодтонцæ. Зæрдæбæлдарæн фæйнæг фæззиндтæй Дзæуæгигъæуи Курсанттæ – «кировæгти» гъæунги 29-аг хæдзари фарсбæл.

Кадгин æмбурди архайдтонцæ Сергей Меняйло, Национ гвардий æфсæдти федералон служби директори фиццаг хуæдæййевæг , инæлар-болкъон Виктор Стригунов, æхсæнадон организаци «Кировæгтæ»-йи президент Анатолий Додин, æфсади инæлар Анатолий Куликов, æфсæддон служби ветерантæ æма æхсæнади минæвæрттæ.

Фембæлди архайгутæ радзурдтонцæ С.М. Кирови номбæл училищей гъæздуг историй хабæрттæ, фæннисан кодтонцæ, аци æфсæддон ахургæнæндони гъомбæлкæнуйнæгтæ бæсти гъæуайкæнуйнадæ æма æхсæнади хузæнон царди гъуддагмæ ци устур æвæрæн бахастонцæ, уой. Зундгонд куд æй, уотемæй училище байгон æй 1938 анзи. Æ ахсгиаг ихæстæ æнхæст кодта 2011 анзи уæнгæ – уæд унаффæ хаст æрцудæй училище исæхгæнуни фæдбæл. Æмбурди архайгутæ куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй училищей раздæри рауагъдонтæй беретæ нур дæр ма службæ кæнунцæ Уæрæсей Гæрзефтонг тухти.

Инæлар Анатолий Куликов æмбурди архайгути зæрдæбæл æрлæуун кодта, Устур Фидибæстон тугъди æнзти училищей курсанттæ цифуддæр знаги нихмæ куд бæгъатæрæй тох кодтонцæ, уой. Æ дзубандимæ гæсгæ, æ кусти æнзти дæргъи училищей рауагъдонти нимæдзæ 30 минемæй фæффулдæр æй. Уони нимæдзи – Советон Цæдеси 7 Бæгъатæри æма Уæрæсей 13 Бæгъатæри. Анатолий Куликов республики разамундæн арфæ ракодта, курсанттæ-«кировæгти» ном исæносон кæнуни туххæй фæнзуйнаг хъæппæрес ке равдистонцæ, уой фæдбæл. Курсантти ном равардтонцæ Дзæуæгигъæуи гъæунгтæй еуемæн, нур ба си фæззиндтæй зæрдæбæлдарæн фæйнæг.

Æмбурди радзубанди кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг дæр.

– Аци æфсæддон училищей гъомбæлкæнуйнæгтæ тугъди рæстæг ци лæгдзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ равдистонцæ, е хуарз зундгонд æй. Тугъди æнзти фæсте дæр училищей рауагъдонтæ аккаг æвæрæн хастонцæ æма хæссунцæ бæсти гъæуайкæнуйнадон уарт федар кæнуни гъуддагмæ. Аци номерæн фæйнæг исæвæруни хъæппæрес равдиста еугуруæрæсеуон æхсæнадон организаци «Кировæгтæ» æма ‘й нур царди рауагътан, – бафеппайдта Сергей Меняйло.

Фембæлди радзубанди кодтонцæ иннæ кадгин иуазгутæ дæр.