30 декабря 2024

ÆНАМОНД КИНДЗÆХСÆВÆР

27.08.2022 | 17:35

Кæрон. Райдайæн 32-аг номери (19 августи).

Еу сæумæ Хъазауати камери æфсæйнаг дуар æртæ ахæстгæси райгон кодтонцæ, æ къохтæбæл ин æфсæйнаг «хъадаматæ» бакодтонцæ æма ’й тæрхонгæнæгмæ бахъæртун кодтонцæ. Тæрхонгæнæг, рацæргæ нæлгоймаг, Сурх Æфсади афицери дарæси. Дæлболкъон. Е дæр, слестгæнгутæ ци фарстатæ лæвардтонцæ, уони нæуæгæй лæвардта ахæстмæ, айдагъдæр ма ‘й сабургай бафарста:

– Уацари ци рауæн бахаудтæ?

– Ригæмæ ку æмпурстан, уæд.

Тæрхонгæнæг тæрегъæдгæнæгау бакастæй Хъазауатмæ. Уæдта:

– Æз дæр еци æмпурстити уæззау цæф фæдтæн. Æрæгиау æрæскъидтæн…

– Ракæнетæ ‘й. Еу сахатти фæсте æй æрбахонетæ, – загъта тæрхонгæнæг ахæстгæстæн. Æмгъуд рæстæгмæ æрбакодтонцæ Хъазауати.

Тæрхонгæнæг имæ бакастæй, уæдта фæсмонгæнæгау исдзурдта:

– Фондз æма инсæй анзи ахæстдони фæббадуни тæрхон дин хаст цæуй Хъазауат, – сагъæссаг хузæй загъта тæрхонгæнæг. Уæлдæр тæрхондонæмæ багъаст кæнуни барæ дæ ес.

…Фондз æма инсæй анзи ахæстдонæ – цуппар æма инсæйанздзуд æвуд тугъдонæн.

Хъазауат æгуппæг лæуд кодта, зир-зир кæнгæй, æ къæхтæ нæбал лæдæрдтæй. Æрæгиау æ кеми æрцудæй. Ахæстгæстæ бабæй æй исмедæг кодтонцæ æ раздæри камери. Æвдуст Хъазауат зиндойнæги тъахтийбæл бакъолæ кодта æхе. Æ зæрди æрæфтудæнцæ, биццеу уогæй æ фиди хæццæ Даргъоми хуасæ куд кæрдиуонцæ, Аргудани коми тæрсæдзауæн, скъолай ахури æнзтæ, ахургæнгутæ, æ цæститæбæл уадæй Мæдинæ, рæсугъдæй-рæсугъддæр куд кодта, е. Уæхæн гъудити фæсте рафунæй æй. Ахæстгæсти æстуфæй Хъазауат райгъал æй. Райгон кодтонцæ камери дуар.

– Дæлæ дæмæ фæууинæн бунати æнгъæлмæ кæсунцæ дæ бийнойнаг æма æнсувæр.

– Рауайæ, – загъта ахæстгæстæй еу æма ’й ракодта уордæмæ.

Хъазауати хæццæ фæйнердигæй цудæй сæ дзубанди. Мæдинæ комкоммæ кастæй Хъазауатмæ æма æ цæстисуг калдта:

– Ма ко, æз ма нур уодæгас дæн. Арв куд фæгъгъæр кæнуй, уотæ нæ цæвуй, – зæрдæ байвардта Хъазауат Мæдинæн. Е баходæзмолæ кодта æма æ фийсæрфæн къохмæрзæнæй æ цæстисугтæ расæрфта.

– Дæ бригади иуонгтæ дин исæрвистонцæ муд, хъуæцдзуд фуси думæг, æртæ къерей, карк, уæдта хизуæфт хæдонæ, гъосгин ходæ, цъоппин цъиндатæ. Балæвардтан сæ. Фæллойнæбонтæ дæр дин финсдзæнæнцæ аци анзи кæронмæ. Тиллæгæрзад уодзæнæй бæрзонд. Æруагæс си кæнуй, дæ æведуйгæ хъаурæ ба аци цаубæл ке фæууæлахез уодзæнæй, е, – загъта кæстæр æнсувæр Салауат.

– Фæууинуни рæстæг фæцæй, – баргунæй загъта ахæстгæс æма ракодта Хъазауати æ зиндонæмæ. Мæдинæ æма Салауат æгæлæнтæ кæнгæй, рæнæхстæр æнцæ сæхемæ. Æрæдони уæнгæ поезди, уордигæй ба фестæгæй сæ ахилмæ æрæхсæвеуат кæнгæй.

Æцæгæйдæр исæмбалдæнцæ Хъазауатбæл æ бригади лæвæрттæ. Æхемеднимæр син зæрдиагæй арфæ ракодта. Æ балæвæрди карки фидæй æма æхцинтæй еуминкъий бакайдта. Иннети ба тезгъомæ рацæуни рæстæг ахæститæн байурста. Етæ куд мондагæй хуардтонцæ, уомæ кæсгæй, Хъазауатæн  æгомуг рист кодта æ зæрдæ.

Еу сæумæ хъæбæрæй-хъæбæрдæр кодта куйти рæйун æма ахæстгæсти дзахъула. Ахæститæй еуæй-еуети æмбурд кæнун райдæдтонцæ тезгъо кæнуни фæзæмæ сæ дзаумæутти хæццæ. Хъазауат дæр сæ хæццæ. Цубур рæстæгмæ сæ исбадун кодтонцæ æфсæнвæндаги товарласæн вагæнтти.

Хъазауатæн райдæдтонцæ нæуæгæй æ гъезæмарæ  æма тæссаг бæнттæ. Цал æма цал ахæстдони бавзурста надбæл, цалинмæ Горькийи æфсæнвæндаги хайади Сухобезная станцæмæ хъæрттæй, уæдмæ. Ами арф мет, бурдæн, бустæги уазал арвигъæдæбæл Хъазауат исæмбалдæй фæззигон уæледарæси. Бакодтонцæ сæ, еу-сæдей бæрцæ политикон ахæститæ кæми адтæнцæ, уæхæн цæрæн бунатмæ. Æртиккаг бон ин равардтонцæ гъардæр косæн хъæппæлтæ æма къахидарæс. Æхеуонтæ дæр ин ниууагътонцæ. Бригади иуонгтæ ин ци фæндаггæгтæ исæрвистонцæ, уони дæр хецæн рауæн бафснайдта.

– Цард тугъд æй æма тох кæнун гъæуй алли гъезæмарæдони дæр, – æхецæн нифс æвардта Хъазауат.

Хъазауати иснисан кодтонцæ гъæдфадæг бригадæмæ. Тар гъæдæмæ сæ ластонцæ сæрмагонд æфсæнвæндагбæл. Дууæкъохгин хирхæй хъан кодтонцæ сæдæанзиккон толдзæ æма сибулдзæ бæлæстæ. Хъазауати хæццæ еу хирхæй куста партий обкоми раздæри фиццаг секретарь. Е адтæй цæстивард, æргъоцгæнагæ. Кодта зæрдарф дзубандитæ.

Тар гъæди арф мет, бурдæн, уæззау куст, мамæлай хуæруйнаг. Уотæ бабæй райдæдтонцæ æвуд Хъазауати æмдзæндаг нади æгæлæнтæ, айдагъдæр ин Мæдини финстæг уидæ уоди хуасæ.

Еци æнамонд над хаста Хъазауати еу гъезæмарæдонæй  иннемæ, Сибири, идард Хорискæсæни тар гъæдæмæ, Урали хуæнхти æрзæткъахæнтæмæ. Алкæми дæр Мæдини финстæгутæмæ æнгъæлмæ кастæй хуасийнау.

Кæмидæриддæр куста, уоми Хъазауатæн аргъ кодтонцæ æ кустæн. Райевгъудæй æ тæрхони æнзтæй дæс.

Фæстагмæ ба æстæнæй-æстæнмæ дæр есун райдæдта Мæдинæй финстæгутæ. Еу изæр ба æ хуссæнуатбæл æрбаййафта Мæдини финстæг. Е финста Хъазауатмæ: «Æз æма ду нæбал ан лæг æма уосæ. Райстон томахъ. Мæ цард байеу кодтон дæ кæстæр æнсувæр Салауати хæццæ. Уарзæн кæрæдзей. Ан нивгун, ес нин авданзиккон сувæллон æма авдæйнон, уæдта æвзуруйнаг…»

Аци финстæг тæбар-тубур кодта Хъазауати зæрдæ. Еуцæйбæрцæдæр æдзæмæй лæудтæй, уæдта æхе æруагъта къелабæл.

Хъазауатæн Мæдини уац адтæй арви æрцæфау. Райдæдта «тайун», тагъд уæгæ кæнун. Хор æй нæбал тавта.

– Медицинон санхаййи дохтирæн дæхе фæууинун кæнæ, – загъта ин еу ахæст дохтир, Хъазауати æмбæстон хъогъалухъаг. Лæмбунæг рауинæ-бауинæ фæккодта Хъазауати, уæдта ’й ниввардта сæйгæдони. Рацудæй еу-финддæс боней бæрцæ. Сæйгæ æхемæ ’рцудæй.

– Дæуæн нур нæбал ес уæззау куст æнхæст кæнæн. Æз дæ рæуæгдæр кустмæ раййевун кæнун кæндзæнæн, – загъта фæстагмæ дохтир.

Дуккаг бон Хъазауати иснисан кодтонцæ хуæрæндони агъазгæнæгæй. Æ цард æма е ’нæнездзийнадæ дзæвгарæ фæррæвдзæдæр æнцæ. Фæннифсхастдæр æй.

Фал…

– Гъа… Мæдинæ силгоймаг æй. Уал æма уал анзи мæмæ æнгъæлмæ кастæй. Балæдæрун æй æнгъезуй. Фал ме ’нсувæр уой æхецæн цæмæ исаккаг кодта? – фарста æхе Хъазауат. Сæ дууæ дæр мæхе ‘нцæ, цæрæнтæ сæхе фæндон. Æз дæр кæд ескæд мæ райгурæн къонабæл исæмбæлинæ.

Еу изæр хуæрæндонæ бабæрæг кодта сæрмагонд хаййи косæг æма Хъазауатæн загъта:

– Исон сæумæ æрбацо махмæ.

Хъазауат æнæхуссæг фæцæй. Алли гъудитæ æ сæри зилдæнцæ. Куд ин загътонцæ, уотæ бакодта. Ахæстдони сæрмагонд хаййи хецау исистадæй æма рацудæй æ бунатæй Хъазауати размæ. Æ къох ин райста.

– Зæрдрохс хабар.

Уæрæсей Советон Социалистон Федеративон Республики Сæйраг тæрхондони прокурори нихмæдзурдмæ гæсгæ унаффæ рахаста дæу зулун кæнуни тæрхонисконд раййевуни туххæй, ци фудракæндти фæдбæл дæ зулун кодтонцæ, етæ бæлвурд бæрæггонд ке не ’рцудæнцæ тæрхондони, уой туххæй. Дæ политикон бартæ æздæхт цæунцæ, цæуис реабилитацигонд.

Еци æхсицгон цау ке балæдæрдтæй, уобæл æ къох æрфинста.

– Æз дæн сæребарæ, мæ хор мæбæл нæуæгæй ракастæй, – цийнæ кодта Хъазауат. Минкъий фæстæдæр райста æрзæткъахæги æртæмæйон улупа, фæстаг æртæ анземæн уæгъдон феддонтæ.

Ахæстдони хецау Хъазауати рæуæг хуæдтолги рарвиста æфсæнвæндаги станцæмæ, æ къохи ин паспорт бакæнгæй. Уоми ин бæрæггæгъæдимæ гæсгæ равардтонцæ бæлццони билет, Хъазауатæн æ райгурæн гъæумæ ци æфсæнвæндаги станцæ адтæй, уой уæнгæ.

Уæгъдæ рæстæг ма адтæй Хъазауатæн æма еци станций тукани балхæдта æхецæн къахидарæс æма уæледарæс.

Цубур нæ адтæй Хъазауатæн æ над Цæгат Уралæй æ хæдзарæмæ. Фал æрхун ци сæребарæбæл кодта, е ин æ нифс федарæй-федардæр кодта.

– Ка мæмæ æнгъæлмæ кæсуй, ке ма гъæун, – гъуди кодта Хъазауат.

Фæцæй ин ездон æма æгъдаугин æмвæндагонтæ.

Еу цазæ бони Хъазауат рахизтæй фæстаг станций, æ хæссуйнæгтæ æ къохи, уотемæй. Берæ фæрразелæ-базелæ кодта, уæдта товарон станцæмæ нифтудæй. Уордæмæ Хъазауати райгурæн гъæуи гъæдикустгæнæг заводæй ластонцæ тæрсæ лухтæ. Гъæдласæн хуæдтолгæ ку исуæгъдæ ‘й, уæд шофер барæ равардта Хъазауатæн гуфи исбадунæн.

Куд хæстæгдæр кодта Хъазауати гъæу, уотæ лæг мæтъæлдæр кодта. Сæхе рази бауорæдта хуæдтолгæ, райарфæ кодта шоферæн æма рахизтæй.

Дзæвгарæ рæстæг лæмбунæг фæккастæй се ‘дзæрæг кæлæдздзаг бæрзонд хæдзарæмæ. Нæ си цудæй рохси цъита. Къæлиткæ фæйнæгæй худ. Бахезунмæ æ нифс нæ бахаста. Хуарзæй си неци уидта. Уæдта бахуаста сæ синхон Азийхани дуар. Е ибæл хъæбæр фæццийнæ кодта, ратæфирфæс ин кодта, ке нæбал исæййафта, уони зиани фæдбæл.

– Дæу исонибони сагъæс фæххæстæгдæр кодта дæ мадæ æма фиди мæлæт. Де ’нсувæртæй ма уæлæбæл ес дууæ æма цæрунцæ аллирауæнти. Дæ хуæрæ дæр нæбал æй. Салауати хабар ба, æвæдзи, зондзæнæ. Е æрцардæй дæ бийнойнаг Мæдинæбæл. Ес син цæуæт. Еци æверхъау гъуддаг, ка дæ уарзуй, ка дæ зонуй, уонæн хъæбæр маст искодта. Фал уонæн гæнæн нæбал ес. Дæхебæл фæххуæцæ. Ду ма нур æригон дæ, – загъта Азийхан. Æхсæвæри фæсте хæдзари æфсийнæ ниууат кодта Хъазауатæн хецæн уати. Сæумæ æфсийнæ фингæбæл ниввардта æртæ къерей æма дигорон арахъи графийнæ.

Азийхан ракувта, уæдта загъта:

– Хъазауат, мах еугурæй дæр гузавæ кодтан, дæу æвудæй ке бафхуардтонцæ, уобæл. Дæ агъæ нин адтæй зæрди нез. Хуцауæй боз, æгайтима уодæгасæй, æнæсахъаттæй ке райервазтæ еци гъезæмарæдонæй.

– Мæн  исуæгъдæ кодта нæ бæсти Сæйраг тæрхондонæ, мæ политикон бартæ дæр мин раздахтонцæ, æртæ мæйемæн мин бафистонцæ улупа, уæдта æртæ анземæн уагъдон феддонтæ, дæн реабилитацигонд, – загъта Хъазауат.

– Е ба уæлдай хуæздæр. Уодзæнæ æмсæр иннæ тугъдонти хæццæ.

Фæцæнцæ аргъонцгæнæг æзгæ, цæстивард, тæнзæрдæ, алдзæн, Хъазауатæн æ изол, тæссаг нæдтæ.

Социалистон закъондзийнадæ фæддардта дæс анземæй фулдæр гъезæмарæдони исуйнаг, берæ зинтæ бавзарæг, Устур Фидибæстон тугъди барвæндонæй архайæг Хъазауати æвудæй.

Азийханетæй бацудæй, къæлитки фæйнæг рафтаугæй, сæ тургъæмæ. Уордигæй ба – æдзæрæг хæдзарæмæ. Сæ тумугъ бийнонтæй некебал исæййафта.

Дуæрттæбæл  ауигъд къуматæ. Байгон сæ кодта æма æхецæн хуссæнуат барæвдзитæ кодта.

Еу сæумæ Азийхани хæццæ Хъазауат фæццудæй уæлмæрдтæмæ æма æ цæстисугтæй бафиста æ мадæ æма фиди, æнсувæрти, хуæри размæ æ ихæстæ. Зæрдхъурмæй фæллæудтæй æ фиди мадæ æма фиди фиди циртити уæлгъос.

– Цард идарддæр цæуй, – гъуди кодта Хъазауат.

Цалдæр боней фæсте райони æфсæддон комиссариатмæ фæххаста æ бæлвурдгæнæн гæгъæдитæ æма ’й бахастонцæ тугъдонти номхигъдмæ, равардтонцæ ин тугъдони æвдесæндар. Иннæ рауæни ба ин иснисан кодтонцæ тугъдони пенси. Æ бæрцæ адтæй цæруни фагæ. Зуймон мæйти райдайæнмæ бауагъта æрдзон газ. Зæронд хускъæ бæлæстæ ракалдта, басугъта сæ, сæ фунук ба син бафснайдта гъæцæнтæн. Сæ бæсти ба син ниййаразта уазал æма хорæнфæразон фæткъуй, кæрдтуй, æхсинцъий, абрикъоси, балий, гурдзиаг балий, сау хъæлæрдзий, дзæдури æма муркъи нæуæг бæлæстæ æма къотæртæ. Дуккаг анз райдæдтонцæ зайун. Рæзæ уæйæ дæр кодта, фал фулдæр иурста синхæнттæн, хеуæнттæн, зонгитæн, æгудзæг адæмæн. Æ тургъæ ба байдзаг кодта аллихузон деденгутæй.

Еу хатт Хъазауат тургъи деденгути хæццæ архайдта, уотемæй æ рæзти иссудæнцæ Мæдинæ æма Салауат. Мæдинæ къæндзæстугæй кастæй, фал Салауат ба кауæй райдæдта Хъазауати хæццæ æнæуинон дзубанди кæнун:

– Нæ ниййергути хæдзарæ æд цæрæн дæхе бакодтай.

– Мæн си берæ нæ гъæуй, райсæ ’й.

– Мæнæн политикон ахæсти хæццæ неци кустаг ес.

– Æз политикон ахæст нæ дæн. Уæрæсей Федераций Сæйраг тæрхондонæ мæ аллирдигæй дæр исраст кодта. Реабилитацигонд æрцудтæн. Салауат, æз дæу размæ нецæмæй фудгин дæн. Уой бæсти мæнæ дæ сувæллæнттæн деденгути садзæнтæ райсæ.

– Мæн сувæллæнттæ деденгутæ нæ хуæрунцæ.

– Дæ къахбæл ба, Салауат, къулух цæмæн цæуис?

– Цауæни фæццæф дæн. Куй къулухæй нæ мæлуй. Неци кæнуй.

Уой фæсте Салауат фæннæхстæр æй Мæдини фæдбæл.

Еу бон уæллаг синхæй фестæгæй цудæй Хъазауат. Надбæл ма адтæй, уотемæй райдæдта сахуарун карз дунги хæццæ. Æ цуд фæттагъддæр кодта. Еци рæстæг æй хуæдтолгæ мæлæтдзаг цæф никкодта. Æ марæг дæр не ’сбæрæг æй.

Хеуæнттæ, синхбæстæ, æцæгæлон адæм æй е ’носон бунати æ мадæ æма фиди фарсмæ бийвардтонцæ.

Уотæ фæцæй æ зæнхон цард гъæздуг зæрди хецау, аргъонцгæнагæ, кустæдахсæ, уæлæбæл зиндони дæс анземæй фулдæр æвудæй ка фæцæй, еци Хъазауат.