21 ноября 2024

ÆНТÆСТИТИ ФАРНÆ – ХУÆЗДÆР КУСТМÆ РАЗÆНГАРДГÆНÆГ!..

31.03.2021 | 21:18

Нæ республики Хецауади Сæрдар ТУСКЪАТИ Тайморазæн видеобастдзийнади фæрци косæг фембæлд адтæй Ирæфи райони бунæттон хеунаффæйади сæргълæууæг ЛАГКУТИ Омари хæццæ.

Фембæлди рæстæг бæлвурд дзубанди рацудæй райони абониккон социалон-экономикон уавæрбæл, уæдта уой гъомусгиндæр кæнуни туххæй нерæнгæ арæзт ци ‘рцудæй æма ма æрцæудзæнæй идарддæр, уой фæдбæл.

Аци фембæлди туххæй æрмæг нæ газети фиццаг фарсбæл хумæтæги нæ мухур кæнæн. Ирæфи райони дзæвгарæ рæстæгути дæргъи бамбурд æнцæ хъæбæр берæ сагъæссаг фарстатæ, гъæугæ архайд ба сæбæл æнхæстæй нæ цудæй. Хуарз æма райони нæуæг разамунд республики разамунди æмархайди фæрци уавæр фæстаг цалдæр анземæ зингæ фæррæвдзæдæр кодтонцæ. Еци æхцæуæн хабар Тускъати Таймораз баханхæ кодта æ радзубандий тæккæ райдайæни.

Хецауади Сæрдар хуарз аргъ искодта райони социалон-экономикон ирæзтæн.

– Муниципалон искондти размæцуди 2019 анзи Ирæфи район адтæй фиццаг бунати, æ идарддæри ирæзтæн райста 10 миллион соми. Ци бæрнон гъуддæгутæ исаразтайтæ, уони багъæуай кæнун æма ма сæбæл бафтаун, æй ахсгиаг, – загъта Тускъай-фурт.

Лагкути Омар куд радзурдта, уотемæй фарæ национ проект «Ахурадæ»-йи фæлгæти æртæ скъолайеми байгон кодтонцæ нуриккон центртæ «Ирæзти тæлмитæ». Æхсæз рæвдауæндонеми искуста полилингвалон ахурадæ, скъолати фиццаг æма цуппæрæймаг кълæсти ахурдзаутæн гъар сехуар дæттунцæ. Будури Дæргъæвси, Секери, Толдзгуни, Хæзнидони хуæруйнаггæнæнти бæстихæйттæ исцалцæг кодтонцæ. Базилдæнцæ муниципалон нæдтæмæ, гъæути исфæлгонц кодтонцæ фондз æхсæнадон бунати.

Фарæ райони фæззиндтæй промышленность, гъæууон хæдзарадæ, туристон-рекреацион къабази агъаззаг ирæзти бунат. Республики Хецауадæ æма райони разамунди ‘хсæн бафинстонцæ аразий гæгъæди. Тускъати Тайморази дзубандимæ гæсгæ, етæ Цæгат Иристонæн æнцæ ахсгиаг гъуддæгутæ, уæхæн бунæттæ гъæуама фæззиннонцæ иннæ районти дæр. Уæд зингæ фæббæрæг уодзæнæнцæ сæ социалон-экономикон ирæзти гъуддæгутæбæл, еумæйагæй – республики уавæрбæл.

Ирæзти нисантæбæл дзоргæй, Лагкути Омар е ‘ргом раздахта барст æма ахедгæ бюджетон политикæмæ, хе хъалонти æма æнæхъалонти æфтуйæггæгтæмæ, райони размæ ци гъуддæгутæ лæууй, уони æдухстæй лух кæнуни фарстатæмæ. Район идарддæр дæр архайдзæнæй паддзахадон, регионалон æма национ проекттæ æнхæст кæнуни. Кæронбæттæни Тускъати Таймораз райарфæ кодта Лагкути Омарæн æ ахедгæ кусти туххæй.

 

Республикæ Цæгат-Иристон Аланий Сæргълæууæги

æма Хецауади пресс-службæ