14 ноября 2024

АГЪАЗГОНД ЦÆУЙ АМАЛГЪОНАДИ РАЙРÆЗТÆН

09.11.2024 | 20:39

Цæгат Кавкази федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвари размæ косæг Координацион советæн бабæй æрæги ци æмбурд арæзт æрцудæй, уоми æркастæнцæ  Цæгат Кавкази райрæзти паддзахадон программæ æнхæст кæнуни, минкъий æма рæстæмбес амалгъонадæн паддзахадон агъази, уæдта æндæр ахсгиаг социалон-экономикон фарстатæмæ.

Æмбурди архайдта æма си радзубанди кодта Цæгат Иристони Хецауади сæрдар Дзанайти Барис дæр. Æма бæлвурдæй рахабар кодта, республикæ минкъий æма рæстæмбес амалгъонади ирæзтбæл куд косуй, уæдта къабази гъомусадæн ци федералон æма регионалон программитæ нисангонд æнцæ, уонæй куд пайдагонд цæуй, уобæл. Æ загъдмæ гæсгæ, бизнеси райрæзтæн агъазгæнæг мадзæлтти фæрци аци анзи дæргъи республики минкъий æма рæстæмбес амалгъонади субъектти нимæдзæбæл бафтудæй аст проценти. Уотемæй къабази косæг адæми нимæдзæ æстдæс минемæй фæффулдæр æй.

– Цæгат Иристони еудадзугдæр лæмбунæг æргом æздæхт цæуй амалгъонади райрæзти фарстатæмæ, – загъта Дзанайти Барис. – Еци архайди æнцойнæ кæнæн, регионалон центр «Мæ бизнес»-и размæ ци стурктуритæ косуй, уонæбæл (центри дæлхайæдтæ байгон кодтан еугур районти дæр). Уомæй уæлдай æнхæстгонд цæунцæ национ проект «Минкъий æма рæстæмбес амалгъонадæ æма бизнесæн агъаз» æма æндæр программитæ.

Еци кусти ахедгæ æй минкъий æма рæстæмбес амалгъонади кустуæттæн æфстæуттæ дæттуни æма кредитон зæрдæдарæнти фондти архайд дæр. Уони фæрци ахедгæ амалгъонадон проекттæ æнхæст кæнуни нисанеуæгæй республики экономикæмæ кредити хузи æрбафтудæй 1,8 миллиард сомей бæрцæ.

Дзанай-фурт ма куд фæббæрæг кодта, уотемæй минкъий æма рæстæмбес амалгъонади идарддæри райрæзтæн фæййагъаз уодзæнæй нæуæг национ проект «Пайдайаг æма гъомусгин экономикæ» дæр. Æ дзубандимæ гæсгæ, республикæ еугур равгитæ æма гæнæнтæй дæр æнæмæнгæ архайдзæнæй аци проекти.

Æмбурди дзуаппон докладтæ искодтонцæ Цæгат Кавкази федералон зилди иннæ субъектти хецаудзийнади æнхæстгæнæг оргæнти разамонгутæ æма профилон федералон ведомствити бæрнон косгутæ дæр. Етæ лæмбунæг æркастæнцæ, Цæгат Кавкази федералон зилди райрæзти паддзахадон программи уагæвæрдтæ 2024 анзи фараст мæйемæ куд æнхæстгонд æрцудæнцæ, уобæл.

Аци хабар нин фегъосун кодта нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ