26 декабря 2024

АГЪАЗИАУДÆР КÆНУНЦÆ РАВГИТÆ ÆМА ГÆНÆНТÆ

03.02.2024 | 16:31

Хæстæгдæр æнзти нæ республики гъæууон хæдзаради, туризм æма транспорти къабæзти ци ахсгиаг проекттæбæл цæудзæнæй куст,  уони фæрци 2030 анзи уæнгæ республики уæлæнхасæн байгон уодзæнæй авд минемæй фулдæр нæуæг косæн бунати. Уой туххæй фегъосун кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ.

Фиццагидæр дзубанди цæуй, Цæгат Иристони идарддæри экономикон райрæзти программæмæ ци фондз агъазиау проекти æма еуæндæс дæлпроекти (сæ еумæйаг аргъ æй 65 миллиард  соми) хаст æрцудæй, уонæбæл. Нерæнгæ  куст цæуй еци проекттæн сæ зингæ хайбæл æма инвестортæ бал исхарз кодтонцæ 29 миллиард сомей бæрцæ. Уой фæрци республики фæззиндтæй уæлæнхасæн 800 косæн бунати.

Пресс-служби игъосункæнуйнагмæ  гæсгæ, исаразуйнаг гъуддæгути ’хсæн сæрмагонд бунат ахæссунцæ туристон инфраструктури райрæзти проекттæ. Зæгъæн, паддзахадæ æма инвестортæ косунцæ комплекс «Мамисон», туристон кластер «Хуæнхон Дигорæ», фæлладуадзæн центртæ «Къæхтисæр» æма «Алани парк»-и. Еци æма иннæ проектти фæрци зингæ райрæздзæнæй Цæгат Иристони туризми къабази гъомусадæ.

Уомæн агъаз кæнуй республики транспортон инфраструктури ирæзт дæр. Зæгъæн, фарæ байгон æй аэропорт «Дзæуæгигъæу»-и нæуæг терминал (къари ’й æ бакаст). Уомæн æ гæнæн æй еу анзмæ 800 мин бæлццонемæн балæггадæ кæнун. Идарддæр куст цæудзæнæй аэропорт æма республики иннæ транспортон кустуæтти райарæзтбæл.