26 декабря 2024

АХСГИАГ ФАРСТА

22.10.2022 | 16:08

ÆФСÆДДОНТИ ФÆЛЛОЙНИ БАРТÆМÆ – ЦÆСТДАРД

Фæллойнадæ гъæуайкæнуйнади ведомствити республикон къамиси æмбурди дзубанди цудæй граждæнти фæллойни бартæ гъæуай кæнуни паддзахадон политики фарстатæбæл.

Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æ радзубандий бафæдзахста фæдздзурди архайæг граждæнти фæллойни бартæмæ цæстдаруни мадзæлттæ исаразун.

– Адæймаг гъæуама зона æма федарæй æууæнда, æ фæллойнадон бартæн, е ’нæнездзийнадæн тæссаг ке нецæмæй æй, уобæл.

Цæгат Иристони фæллойнæ æма социалон ирæзти министр Айдарти Алинæ куд фегъосун кодта, уотемæй Уæрæсей Президенти Указмæ гæсгæ хайон фæдздзурди рæстæг æфсадмæ ке байагоронцæ, еци адæймæгутæн сæ кустдæтгутæ æнæмæнгæ гъæуама багъæуай кæнонцæ сæ косæн  бунæттæ. Фæллойнадон бадзурд ба служби рæстæгмæ уорæд æрцæудзæнæй. Аци бардзурди бундорбæл, разамонæг гъæуама косæгæн еугур феддонтæ дæр бафеда. Хайон фæдздзурдæй исуæгъдæ уогæй, еугур косгутæн дæр барæ ес фæстæмæ сæ кусти бунæттæмæ æрæздæхунæн.

Министр ма куд фегъосун кодта, уотемæй нур куст цæуй, цæмæй Уæрæсей Федераций фæллойни Кодексмæ æма æндæр федералон закъонтæмæ хаст æрцæуонцæ гъæугæ æййивддзийнæдтæ фæдздзурди архайæг граждæнтæн сæ социалон-фæллойнадон бартæ æнхæстæй багъæуай кæнуни фæдбæл.