АЛКЕДÆР НИ ÆХЕ АМОНДÆЙ ЦÆРУЙ
Нæ адæми нæуæганзон ракувдтити уотæ загъд ес: «О, зæлдагæ закъæгин уæларвон Уасгерги! Зæнхæмæ нæ адæммæ Хуцауи разæй æртæхис, æма де ’рбадæн бунæттæ алли рауæн дæр кувддонтæ иссæнцæ!.. Нæ адæммæ цитгин дæ, сæхе дæбæл фæдзæхсунцæ, æма сæ дæ хуарзæнхæ уæд!..»
Уотæ раковгæй ни алкедæр æнгъæл æй, нæуæг анзи алли бон дæр ин зæрдæмæдзæугæдæр ке уодзæнæй, æруагæс ни кæнуй, нæ зæрдтагон бæлдитæ тæккæ æхцæуæндæр хузи ке исæцæг уодзæнæнцæ, е. Æма уæддæр адæм цæмæ æнгъæлмæ кæсунцæ нæуæг, 2023 анзи? Еци фарста социалон æрфæрститæ аразгутæй уæрæсейæгтæй кæмæ равардтонцæ, уони дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн (проценттæй нимайгæй).
Бийнонти æма хе царди
Æнгъæл æнцæ, 2023 анз амондгундæр ке уодзæнæй 2022 анзæй – 56%
Федарæй æруагæс хуæздæр ке уодзæнæй – 12%
Нимайунцæ, лæгъуздæр ке уодзæнæй – 5%
Кæсунцæ исонибонмæ
Зæрдæдаргæй – 67%
Гузавæгæнгæй – 9%
Тæрсгæ-резгæй – 22%
Экономикон царди
Аци анз нæ экономики райрæзт тухгиндæр уодзæнæй – 70%
Нæ экономикæ уодзæнæй сæрбонзонгæй – 21%
Политикон царди
Уодзæнæй итинггонд – 70%
Уодзæнæй сæрбонзонгæй – 19%
Бæлвурд дзуапп раттун мæ бон нæй – 11%
Аци бæрæггæнæнтæ исбæлвурд кодта Левада-центр, кæци Уæрæсей нимад цæуй фæсарæйнаг агентбæл.