08 майя 2024

АМОНДИ АРТ АДÆМИ ЗÆРДИТÆ ТАВУЙ…

27.01.2024 | 14:01

Фегъустайтæ, æвæдзи, уой, æма Мæскуй равдист-форум «Уæрæсе»-й Цæгат Иристони Бон арæзт ку ’рцудæй, уæд еци мадзали рæстæг сæ цард байеу кодтонцæ Хетæгкати Константин æма Хъарданти Анжеликæ. Æма æрæги ба ма аци æригон бийнонти царди æрцудæй еума ахсгиаг цау – етæ Цæгат Иристонмæ исластонцæ бийнонти Еугуруæрæсеуон къонай нисанеуæгон арт. Уой иссугътонцæ Мæскуй «Нæ зæрдити арт», зæгъгæ, мадзали, кæци арæзт æрцудæй форум «Хеуæнттæ-Уарзæнттæ»-йи. Уордæмæ еци арт ласт ба æрцудæй, бийнонтæ æма æмкъайадæбæл уозæлæг сугъдæг Петр æма Февроний æстæгдартæ кæми ’нцæ, еци Сугъдæг-Троицкаг моладзанæй.

Хетæгкати бийнонтæн Беслæни аэропорти æгасцæуай загъта нæ республики фæллойни æма социалон ирæзти министри хуæдæйевæг Мамати Анжелæ. Æма æ радзубандйи уотæ баханхæ кодта:

– Бийнонти нисанеуæггон арт Мæскуй форуми иссугътонцæ устур кадæ æма ради хæццæ. Е адтæй Президент Владимир Путини фæндæ. Архайдтонцæ си нæ бæсти еугур регионтæй уæлдай ма нæуæг регионтæ дæр. Нæ республикæй ба – Хетæгкати æригон бийнонтæ. Æма хъæбæр зæрдæмæдзæугæ рауадæй, форуми нæ адæми киндзæхсæвæри æгъдæуттæ æма фæткитæ æнхæст кæнгæй, киндзæхсæвæр ке исаразтонцæ, е. Адтæй  си аллихузон адæмихæттити минæвæрттæ æма сæ еугуремæн дæр хъæбæр цæмæдесаг адтæй еци гъуддаг. Бийнонти арт Цæгат Иристонæй идарддæр хъæртдзæнæй Стъараполи краймæ, Цæгат Кавкази æма Уæрæсей федералон зилдтити иннæ регионтæмæ.