АРФИАГ ГЪУДДАГ
Гъосӕй лӕгъуз ка игъосуй, нӕ республики цӕрӕг еци сувӕллӕнттӕн сӕ игъосӕн аппараттӕ баййивтонцӕ нуриккон игъосӕн медицинон фӕрӕзнитӕй – уӕхӕн медицинон лӕггадӕ син бакодтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи медицинон косӕндӕнттӕй еуеми. Арфиаг гъуддаг бантӕстӕй, Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти Цӕгат Иристони регионалон хайади активисттӕ ибӕл ке байархайдтонцӕ, уой фӕрци.
– Дзубанди ци медицинон агъази туххӕй цӕуй, уомӕн ӕ кой Цӕгат Иристони раздӕр некӕд адтӕй, ӕма адӕми цӕун гъудӕй Уӕрӕсей ӕндӕр сахартӕмӕ, – зӕгъуй Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти регионалон штаби ӕмсӕрдар, Ӕхсӕнадон организаци «Мурти дуйне»-йи разамонӕг Роман Кудренко.
Уӕхӕн хӕрзтӕ алке къох, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ амудта. Уотемӕй ба, «Сурдологи-оториноларингологи»-й къабази адӕмӕн медицинон агъази уагӕвӕрд исфедар кӕнуни туххӕй» Уӕрӕсей Федераций Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министради 178-аг бардзурдмӕ гӕсгӕ уӕхӕн медицинон лӕггадӕ Цӕгат Иристони дӕр гъӕуама кодтайуонцӕ.
Аци медицинон лӕггадӕ цӕмӕй адтайдӕ республики, уой туххӕй бунӕттон профилон министрадӕ гъӕуама нормативтӕбӕл ӕма лӕггӕдтӕн исфедар кодтайдӕ тарифтӕ федералон нормативтӕбӕл ӕма лӕггӕдтӕн исфедар кодтайдӕ тарифтӕ федералон фӕткити бундорбӕл. Фал фарста лухгонд нӕ цудӕй, уомӕ гӕсгӕ имӕ Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти минӕвӕрттӕ се ‘ргом раздахтонцӕ, дзурдтонцӕ ибӕл аллихузон фембӕлдтитӕ ӕма ӕхсӕнадон мадзӕлтти рӕстӕг.
Уотӕ, ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади фарстатӕ лух кӕнуни фӕдбӕл фондз анзей размӕ ци Еугуруӕрӕсеуон форум адтӕй, уоми Адӕмон фронти минӕвӕрттӕ сӕхе бахадтонцӕ Уӕрӕсей Федераций ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади Министрадӕмӕ, медицинон къабазӕ «сурдологи-оториноларингологи»-й фӕлгӕти адӕмӕн ци агъазгонд гъӕуама цӕуа, уомӕн гъӕугӕ фӕткӕ исӕвӕруни фӕдбӕл. Еци фӕткӕ рахъӕрдтӕй, гъосӕй ка нӕ игъосуй, еци сӕйгитӕн лӕггадӕ кӕнунбӕл, игъосгӕ цӕй фӕрци кӕнунцӕ, еци процессортӕ син хуӕздӕртӕй ӕййевун ӕма сӕ цалцӕг кӕнунбӕл. Дзубанди цудӕй ранимад медицинон лӕггӕдтӕн финансон агъази фӕрӕзнитӕ исамал кӕнунбӕл дӕр. Уомӕн ӕма, форум ци рӕстӕг цудӕй, еци рӕстӕг уӕхӕн лӕггӕдтӕ кӕнунӕн ӕхца дехгонд нӕ цудӕй нӕдӕр федералон бюджетӕй, нӕдӕр ӕнӕбюджетон ӕндӕр фадуӕттӕй.
Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти хъӕппӕрестӕ уӕд банимадтонцӕ хуарзбӕл, ӕма федералон ӕмвӕзадӕбӕл федаргонд ӕрцудӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай, Уӕрӕсей ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министрадӕ байархайдтонцӕ, цӕмӕй еци медицинон лӕггӕдтӕ ӕнхӕстгонд цӕуонцӕ, уомӕн регионти дӕр гӕнӕнтӕ исмадзал кӕнонцӕ.
Дууӕ анзей размӕ фарста хаст ӕрцудӕй, регионалон хецауади оргӕнтӕмӕ ке рарвистонцӕ, ӕхсӕнадон хъӕппӕрести еци номхигъдмӕ.
– Хъӕппӕрес хуарзбӕл банимадта республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло, – зӕгъуй Роман Кудренко. – Ӕ аразидзийнадӕй специалисттӕ бакустонцӕ аци медицинон лӕггӕдтӕн финансон агъази мадзӕлттӕ исамал кӕнунбӕл. Еци агъаз уодзӕнӕй ӕнӕмӕнгӕ медицинон фӕдзӕхстади территорион Фонди, уӕдта, республикон бюджети агъазӕй ка архайуй, еци ӕхсӕнадон организаци «Мурти дуйне»-й финансти фӕрци. Уотемӕй, аци анзи кӕронмӕ нӕ республики цӕрӕг 14 адӕймагемӕн баййевдзӕнӕнцӕ, игъосгӕ цӕмӕй кӕнунцӕ, еци процессортӕ нуриккондӕр медицинон фӕрӕзнитӕй.
Аци медицинон агъаз кӕмӕ бахъӕрдтӕй, уонӕн сӕ фиццӕгтӕй еу ӕй еуӕндӕсанздзуд Гудиати Миленӕ. Минкъий кизгӕн ӕ игъосӕн аппарат баййивтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи клиникӕ «Эксперт»-и.
– Махӕн ка фӕййагъаз кодта, уонӕн устур арфӕ кӕнӕн, Иристонӕй нӕ ӕндӕр рауӕнмӕ цӕун ке нӕ багъудӕй, уотемӕй нӕ гъуддаг къохи ке бафтудӕй, уой туххӕй. Нӕ бийнонтӕ ӕнцӕ цубуркъох, ӕма ӕндӕр сахармӕ рандӕ ун нӕ бон нӕ бацайдӕ, – зӕгъуй сувӕллони мадӕ Гудиати Мӕдинӕ.
Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти эксперттӕ фарстамӕ сӕ цӕстӕ дардзӕнӕнцӕ идарддӕр дӕр ӕма архайдзӕнӕнцӕ, цӕмӕй, дзубанди ци медицинон лӕггадӕбӕл цӕуй, е афойнадӕбӕл хъӕрта, агъазмӕ ӕнгъӕлмӕ ка кӕсуй, уонӕй алкӕмӕ дӕр.
Нӕ уацхӕссӕг