30 декабря 2024

БАРВӔНДОН, ФАЛ УӔДДӔР ӔНӔМӔНГӔ ИСКӔНУЙНАГ ГЪУДДАГ

10.02.2021 | 16:36

Куд зонӕн, уотемӕй республики райдӕдта нӕуӕг коронавируси нихмӕ вакцинаци. Куд цӕуй еци куст, уой балӕдӕрӕн адтӕй, Дзӕуӕгигъӕуи 7-аг поликлиники ӕрӕги ци берӕ адӕм баййафтан, уомӕй дӕр. Вакцинӕ искӕнуни туххӕй адӕм ради лӕудтӕнцӕ. Укол искӕнуни размӕ ба хецӕн кабинети дохтир-терапевт бӕрӕг кодта алли ӕрбацӕуӕгӕн дӕр е ’нӕнездзийнади уавӕр.

Вакцинаци кӕнуни туххӕй лӕмбунӕгдӕр хабӕрттӕ радзурдта аци медицинон косӕндони дохтир-эпидемиолог Юлия Жирняк:

– Уӕхуӕдтӕ ’й куд уинетӕ, уотемӕй вакцинацимӕ адӕм цӕунцӕ хъӕбӕр разӕнгардӕй. Бонӕй-бонмӕ дӕр адӕм фулдӕр лӕдӕрун райдӕдтонцӕ, незӕй сӕ ка багъӕуай кӕндзӕнӕй, вакцинаци ке ӕй еци ахсгиагдӕр медицинон фӕрӕзнӕ. Гъуддагбӕл хуарзӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг ӕй, дохтиртӕ адӕми хӕццӕ ӕнгомӕй ке косунцӕ, уӕдта, дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ адӕммӕ раст игъосункӕнуйнӕгтӕ ке хъӕртун кӕнунцӕ, е дӕр. Нур цӕйбӕрцӕ адӕм ӕрбаййафтайтӕ, уойбӕрцӕ нӕмӕ ӕрбацӕуй аллибон дӕр вакцинӕ искӕнунмӕ. Дзиллон вакцинаци  райдӕдта.

Уӕдӕй абони уӕнгӕ нӕмӕ еци кусти къулумпидзийнӕдтӕ нӕййес. Абони бонмӕ республикӕ райста «Гам Ковид Вак», зӕгъгӕ, нези нихмӕ ци хуасӕ ес, уомӕй 8 мин ӕма 820 дози. Аци бони уӕнгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, нӕуӕг коронавируси нихмӕ вакцинӕ Цӕгат Иристони искодтонцӕ 2 мини ӕма 369 адӕймаги – етӕ бал искодтонцӕ вакцини фиццаг компонент. Уӕдта, еуминкъий рӕстӕги фӕсте, фӕгъгъӕуй дуккаг компонент искӕнун, ӕма, вакцини дууӕ компоненти дӕр ка искодта, етӕ ба ӕнцӕ 533 адӕймаги.

Дохтир куд загъта, уотемӕй вакцинацимӕ ниффинсуни туххӕй адӕймаги ӕрбацӕун гъӕуй, ӕ цӕрӕнбунатмӕ гӕсгӕ кӕмӕ хауй, еци дохтир-терапевтмӕ, ӕма е байамонуй, идарддӕр ци кӕнгӕй ’й, кенӕ ба ӕнгъезуй поликлиникӕмӕ телефонӕй бадзорун дӕр.

– Фиццагидӕр, вакцинаци кӕнӕн, ӕ куст берӕ адӕми хӕццӕ баст кӕмӕн ӕй, уонӕн – дохтиртӕн ӕма медицинон косгутӕн, ахургӕнгутӕн, социалон къабази косгутӕн, уӕдта 60 анземӕй уӕлӕмӕ кӕбӕл цӕуй, еци кари адӕмӕн, – загъта Юлия Жирняк.

Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, нӕуӕг коронавируси нихмӕ прививкӕ хаст ӕрцудӕй COVID-19 профилактики ӕма си дзӕбӕх кӕнуни методикон амунддзийнӕдти номхигъдмӕ, уӕдта вирусти нихмӕ прививкити къӕлиндармӕ.

Нези нихмӕ прививкӕ кӕнун алкӕмӕн дӕр ӕнгъезуй ӕви нӕ, еци фарстайӕн дзуапп дӕтгӕй, дохтир-эпидемиолог загъта, вакцинаци кӕнун ке не ’нгъезуй: вакцинӕ ци компоненттӕй арӕзт ӕй, уонӕй сӕ еуемӕ дӕр адӕймагмӕ аллергия ку уа уӕд, аллергияй уӕззаудӕр незтӕй сӕйгитӕн, сувӕллони реуи ӕхсирӕй ка хӕссуй, еци силгоймӕгтӕн, 18 анзи кӕбӕл нӕма исӕнхӕст ӕй, еци ӕнагъонтӕн, ахид ка сӕйгӕ кӕнуй, еци сӕйгитӕн – сӕ нез уӕлдай карздӕр ку фӕууй, еци уавӕри. Инфекцион ӕма ӕнӕинфекцион незтӕй сӕйгитӕн, уӕдта, адӕймаг карз респираторон незӕй (ОРЗ-йӕй) сӕйгӕ ку уа, уӕд еци рӕстӕг дӕр.

 

МАЛХЪАРТИ Зӕлинӕ