БИЙНОНТИ ТУХГИНДÆР СЕ ’НГОН ЦАРД КÆНУЙ!..
Нæуæг анз рагæй-æрæгæмæ дæр нæ адæммæ нимад цæуй бийнонти бæрæгбонбæл, сæ еудзийнади цийнадæ æвдесæнбæл. Æцæгæй бийнонти бæрæгбон ба гъæуама исуа нури нæуæганзон бæрæгбон. Уомæн ес заманай рауагæ – нæ бæсти разамонæг Владимир Путини унаффæй 2024 анз Уæрæсей нимад цæудзæнæй куд бийнонти Анз.
Бийнонти ’хсæн карни хабæрттæ аразуни гъуддаги цæйбæрцæбæл ахсгиаг æнцæ сæ зундирахасти æмвæндæдзийнадæ æма еудзийнадæ, уой туххæй амæйразмæ дæр мухур кодтан аллихузон æрмæгутæ, нæ фидтæлтиккон таурæхътæй дæр си испайда кæнианæ, уотемæй. Фал нæ уæддæр бафæндадтæй, уæлдайдæр ба, 2024 анз бийнонти Анзбæл нимад ке цæудзæнæй, уомæ гæсгæ нæ газети абони номери дæр еци æрмæгутæй кæцидæрти кой нæуæгæй ракæнун. Кадæртæ уи уони, æвæдзи, зондзæнæнцæ, кадæртæ ба сæ нур фиццаг хатт фегъосдзæнæнцæ. Фал уæддæр, махмæ гæсгæ, расагъæс кæнунæн ба æнæмæнгæ исбæздзæнæнцæ.
«МÆ УОД МИН БАХУАРДТОНЦÆ СÆ МИНКЪИЙÆЙ АБОНИ УÆНГÆ!..»
Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн зундгин загъд: «Бийнонтæ фæйнердæмæ ку хуæцонцæ, уæд сæбæл цардамонд дæр нæ цæфсуй!..» Æма уой фæдбæл нæ адæмон исфæлдистади иссерæн берæ цæмæдесаг дæнцитæ – етæ расагъæс кæнунæн дессаги бæзгæ фæрзнитæ ’нцæ. Мæнæ си еу.
Еу гъæубæсти цардæй æма адтæй еу курухон лæг, æ ном Дзæрæхмæт. Берæ арфиаг гъуддæгутæй фескъуæлхтæй æма фæсевæд исфæндæ кодтонцæ цитгингæнæг зар ибæл исаразун. Ку син исцæттæ ’й, уæд сæ бафæндадтæй, цæмæй ин муггаги хестæр исаргъ кодтайдæ. Бацудæнцæ æ тургъæмæ æма уоми низзардтонцæ.
Зæронд лæг сæ размæ рацудæй, райарфæ син кодта:
– Арфæ уин кæнун, æгайтима нин нæ муггагæн уæхæн кадæ искодтайтæ, гъе, фал зар айдагъ Дзæрæхмæтбæл кæнун нæ гъудæй. Уобæл кæмидæр абæргутæ исæмбалдæнцæ, æ бæх ин есунмæ гъавтонцæ, æхе ба ин марунвæндæ искодтонцæ, фал е фæттагъддæр æй æма сæ ниццагъта, æхуæдæг дæр знаги нæмугæй фæммард æй, рохсаг уæд… Уæхæн хабæрттæ ма адтæй уой размæ дæр. Фал кæд муггагæй ескæбæл зар кодтайтæ, – дзурдта идарддæр зæронд лæг, – уæд зар мæнбæл кæнун гъудæй, æ авд фуртемæй еу дæр æ коммæ кæмæн нæбал кæсуй…
Тæрегъæддаг куд нæй еци зæронд лæг, æ цæуæтæй ка фæффудевгед æй. Уæхæн уавæри ка бахауидæ, уонæй гъæубæстæ уотæ зæгъиуонцæ: «Хуцау æй ралгъиста: æ берæ бийнонтæй еунæгæй байзадæй…»
Уотæ ци ниййергути хабар рауайуй, уомæй, ка ’й зонуй, етæ сæхуæдтæ дæр фудгин фæуунцæ: сæ цæуæти, куд гъудæй, уотæ нæ гъомбæл кодтонцæ, сæ уодиконди æма сæри зунди син нæ ниффедар кодтонцæ хе даруни æгъдау æма фæткитæ, лæдæрундзийнадæ, бийнонти æма æхсæнади ’хсæн æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ихæстæй сæ исуаргъгин кодтонцæ. Мæнæ уин ци зæронд лæги хабар ракæнуйнаг ан, уой хузæн.
Асæбе æ цæуæти фудуаг æма æнæсæрфат миутæй истухстæй, кæуни уæнгæ ’й æркодтонцæ æма гъарæнги хузи æ синхагæн дзоруй:
– Мæ уод мин бахуардтонцæ сæ минкъийæй абони уæнгæ. Мæхе сабийдоги мæгурдзийнæдтæ гъуди кæнгæй, архайдтон, мадта син е дæр уа, мацæмæй фæццох уонцæ, зæгъгæ. Мæхе феронх дæн – алцидæр уонæн. Æма, уæлæ Æхсарони цæуæти хузæн ахур æма размæ цæунбæл ку ниххуæстайуонцæ, уæд фæсмонгонд бæргæ нæ уайнæ.
– Асæбе, Æхсарон сæ седзæртæй, æнæ фидæй фæгъгъомбæл кодта. Седзæр цæуæт ба царди уæзæ раги бавзарунцæ.
– Гъо, æма нур мæхе рамарон? – еци гъæрзгæй нийнæфтæй Асæбе!
* * *
Дæ зæнæг дин сæринез цæмæй ма уонцæ, уой туххæй ба сæ сабийи карæй ахур кæнун гъæуй хуæрзæгъдаубæл. Ку рабайлæгъ уонцæ, уæдта, нæбæззуйнагæй сæмæ ци рагъæр уй, уомæй ма сæ фендæрхузæн кæндзæнæ? Магъа-магъа, ести ма си рауайа? Уомæ гæсгæ ба дæ сувæллони раст гъомбæладæбæл рагацау байархайæ, мæнæ уин ци лæги хабар ракæнуйнаг ан, уой хузæн.
Еу уосæ, дан, æ сувæллони нæмуй, хуайуй æй, уæд æй æ синхаг фæрсуй:
– Уанæбæрæг ци фудмиуæ ракодта, фурнадæй æй цæмæн марис?
– Тукан мæ ’й æрветун æма цæмæй е ’хца ма фесафа…
– Нурма е ’хца æхемæ ку ’нцæ, уæд æй цæмæн уотæ нæмис?
– Æма сæ ку фесафа, уæд ма æ нæмунæй ци пайда ес? – дзуапп равардта силгоймаг.
* * *
Еци уоси хузæн идæрдтæмæ кæсун гъæуй, рагацау архайун гъæуй, цæмæй дæ цæуæт дин зæрдæнцойнæ хæссæг исуонцæ. Цæмæй си ма рауайа, мæнæ уин идарддæр ци фуртти кой ракæнуйнаг ан, уони хузæнттæ.
Еу мæгур косæг лæгæн адтæй авд фурти. Сæ еуемæй иннæ æнæнездæр, иуонггиндæр, фал æмхузонæй дæр зийнадæгæнагитæ. Зæнхæбæл сæмæ хуссунæй æхцæуæндæр неци кастæй, сæ еу дæр афойнадæбæл некæд фестадæй, сæумон хорискаст некæд фæууидтонцæ. Фидæ сæмæ бæргæ мæстгун кодта æма ма син ци хуасæ исараза, уой нæ зудта. Берæ сагъæсти фæсте сæмæ еу сæумæ сæ хуссæнтæмæ дзоруй:
– Биццеутæ! Дессаги хабар!.. Дæлæ Зæрæмæги къахирти сæумæцъинккæй еу лæг æрбацæйуадæй æма туман иссирдта. Фестетæ еу сæумæ сумах дæр раздæр!..
Фурттæ фиди дзубандимæ сæ хуссæни змæлгæ дæр нæ бакодтонцæ. Сæ еу хуссæггъæуагæй æ ком райвазта æма æнæбари дзоруй:
– Цæмæ нæ истун кæнис, нæ фидæ?! Еци туман кæмæй рахаудтæй, е никки раздæр фестадæй…
* * *
чÆносæй-æносмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ адæммæ алкæддæр карз æма федар æвæрд адтæй æнæфæккеугæ æгъдау: хестæри загъдбæл дууæ зæгъæн нæ адтæй. Хестæр дзоруй – ма ’й бахъор кæнæ, мацæмæй æй бафæрсæ, цалинмæ дзурд фæууа, уæдмæ. Мадта имæ фæстæмæ дзорæн дæр нæ адтæй. Адæймаг гъæуама адтайдæ федар иуæнгтæ æма æназун уоди хецау.
Еци æгъдау цæйбæрцæбæл ахсгиаг адтæй нæ фидтæлтæн, уомæн æвдесæн æнцæ, уонæй нæмæ ка ’рбахъæрдтæй, еци хабæрттæ. Сауæнгæ ма цæрæгойти цардиуаги туххæй таурæхъти дæр, цæмæй етæ дæр адтайуонцæ зундамонæг.
БИЙНОНТИ ÆХСÆН ÆГЪДАУ ÆНÆМÆНГÆ ÆНХÆСТГОНД ЦÆУА!..
Фусти дзогæ гъæдрæбун хизтæй. Дзогæй дууæ уæрикки радзæгъæл æнцæ æма хебарæй хизтæнцæ. Зæронд фус сæмæ дзоруй:
– Фудуаг ма кæнетæ, уæриккитæ! Дзогæй идард ма цотæ, кенæдта уæмæ ести фидбилиз æнгъæлмæ кæсуй.
Нур сæмæ берæгъ дæр къотæри рæбунæй æ цæстæ даруй æма сæмæ æ налат цъухæй дзоруй:
– Еци зæрондмæ ма игъосетæ, е уæмæ хицæ кæнуй. Æхуæдæг базæронд æй æма уæ уой туххæй нæ уадзуй хецæнæй хезун. Ма имæ игъосетæ. Уæ фæндон будурти ратæхæ-батæхæ кæнетæ!
Нæбал байгъустонцæ уæриккитæ зæронд фусмæ æма хезгæ-хезгæй раидард æнцæ дзогæй. Берæгъ сæмæ рагæпп ласта къотæри рæбунæй æма сæ райахæста.
* * *
Бийнонти ’хсæн гъæуама алцидæр бæрæг уа æма æнæ уæлдай радзорæ-бадзорæй æнхæстгонд цæуа. Еузагъдæй, алкедæр æ бунат зона, æ ихæстæ лæдæра æма сæ æнхæст кæна. Уотæ ку нæ уа, уæдта сæбæл æрцæудзæнæй, мæнæ цæй туххæй радзоруйнаг ан, еци бæлах.
Хелаги сæр æма æ къæдзелæ хилæ кодтонцæ, разæй си ка гъæуама цæуа, зæгъгæ. Сæр загъта къæдзелæн:
– Ду разæй цæун нæ бафæраздзæнæ, уомæн æма дæбæл нæдæр цæститæ нæййес, нæдæр ба гъостæ.
Къæдзелæ загъта:
– Кæд мæбæл цæститæ æма гъостæ нæййес, уæддæр мæмæ ес хъаурæ, æма цæудзæнæн. Ду ба æнæ мæнæй еу къахдзæф ракæнун дæр нæ бафæраздзæнæ.
Сæ дзурд кæрæдзебæл нæбал бадтæй, æма рахецæн æнцæ. Къæдзелæ сæрæй ку фæххецæн æй, уæд ма еудзæвгарæ рауадæй, уæдта зæнхи скъудмæ бафтудæй æма уоми ниххаудтæй.
* * *
Нæ фидтæлтæмæ бийнонти ’хсæн ци гъомбæладон æгъдæуттæ адтæй, уонæй беретæ абони дæр æнцæ ахсгиаг. Етæ ’нцæ, мах адæми зундирахасти фæткитæмæ гæсгæ адæймагмæ ци менеугутæ гъæуама уа, уæхæнттæ. Зæгъæн, хестæрæн æ загъдмæ игъосун, æ фæдзæхститæ ин æнхæст кæнун, кадæ кæнун, хуæдæфсармæ ун, кустуарзондзийнадæй æскъуæлхун æма æндæртæ. Хуарз уидæ, еци рæсугъд æгъдæуттæ федарæй-федардæр ку кæниуонцæ, уæд.
Бийнонти цардарæзт ка бахъор кæна, уæхæн тæссагдзийнæдтæ берæ ’нцæ. Уонæй еу – мулк син æгæр унаффæгæнæг ку исуй. Дзубанди дæр ибæл нæййес, мулк дæр гъæуй – фал бæрцæй, гъæуама æ цагъайраг ма исуай. Æма уотæ ку рауайа, уæд бийнонти карнæ додойаг исуй.
Цардæнцæ æма адтæнцæ дууæ синхаги. Сæ еу бонгин – фонсæй сæудегергæнæг, иннæ мæгур – зæнхкосæг. Гъæздуги хæдзарæ адтæй æддæгуæле, мæгурæн ба – минкъий къæс. Агъазиау тургъæ еудадзуг адтæй мæтъæл, игъæлдзæг адæймаги унæр си некæд райгъустæй. Мæгури тургъæй ба игъустæй царди гъæр. Бийнонтæ еудадзугдæр цидæртæ архайдтонцæ, хæдзари зилдтитæ кодтонцæ, цудæй сæмæ иуазгутæ, хæстæгутæ, æма сæ игъæлдзæгдзийнади хæлхъой сæ синхонтæмæ дæр игъустæй.
Бонгини уосæ сæмæ сæ уæлдзарæй, æхе къæлæтгинбæл рауадзгæй, уæллæй бунмæ ахид кастæй, æма сæ игъæлдзæгдзийнадæй æ зæрдæ рохс адтæй, хицæ сæмæ кодта. Гъудити ранигъулидæ, мах гъæздуг ку ан, алцæмæй æнхæст, уотемæй æрхун, сагъæсхуз, царди адæ ку не ’нкъарæн; етæ фургуст ку ’нцæ, марамæлай къæбæрæй ку цæрунцæ, уæд сæмæ еци цæруни нифс æма разæнгарддзийнадæ кæцæй цæуй? Еууæхæни еци фарста равардта æ лæгмæ, æма ин е уотæ зæгъуй:
– Етæ игъæлдзæг уомæн æнцæ æма мæгур æнцæ. Мулки уæзæ æнцон хæссæн нæй. Фæндуй дæ, æма син æз сæ игъæлдзæгдзийнадæ фæссорон?
– Куд? Лæгъуздзийнадæ син маци бакæнæ! – фæттарстæй уосæ.
– Нæ. Анзи æмгъудмæ син инсæй сугъзæрийнæ соми æфстау ратдзæнæн, уæхецæн си ести фæппайда кæнетæ, зæгъгæ, æндæр неци.
Лæг куд загъта, уотæ бакодта. Æма уайтæкки мæгур лæги тургъæ æнкъард кæнун райдæдта. Бийнонти катай æма сагъæс иссæнцæ еци инсæй сугъзæрийнæ соми. Еуемæй си куд фæппайда кæнонцæ, уобæл гъуди кодтонцæ, иннемæй ба син радавунæй тарстæнцæ æма мæти бацудæнцæ…
* * *
Аци хабар уобæл дзорæг æй, æма дæ цард зæрдæмæдзæугæй аразунæн дæ мулкæй цæйбæрцæ гъæуй, уомæй фулдæрмæ ку бæллай, уæд уомæй уæлдай амондгундæр нæ исуодзæнæ. Уомæ гæсгæ ба расагъæс кæнуни аккаг æй, мæнæ уин ци таурæхъ ракæнуйнаг ан, е дæр.
Фидæ æма фурттæ фæббуцæу æнцæ сæ мулкбæл. Фурттæ фæстауæрцæ нецæбæл кодтонцæ, зæронд фидæ син уой нæ хатир кодта, сæ цæстæмæ син æй дардта. Дзурдта син:
– Ци нæмæ ес, етæ еугурæй дæр сумах æнцæ, æз си мæрдтæмæ мæ хæццæ неци фæххæсдзæнæн, æма сæбæл ауæрдетæ! Фæстауæрцæ кæнун зонетæ! Абони уæ ци гъæуй, е уæ исон дæр гъæудзæнæй.
Фурттæ имæ нæ игъустонцæ, æма фидæ æрсæйгæ ’й. Æ уод есгæй æ синхæгтæн ниффæдзахста:
– Кири мæ ку ниввæрайтæ, уæд мин мæ къохтæ мæ реубæл ма исæвæретæ, фал сæ радаргъ кæнетæ, мæ армитъæпæнтæ игон куд уонцæ, уотæ.
Рацох æй лæг, æма ин æ синхæгтæ æ фæндæ исæнхæст кодтонцæ. Æрцæуæг хеуæнттæмæ, мард кири куд æвæрд адтæй, е раст нæ фæккастæй, æма синхи хестæртæн сæ феппайуйнаг загътонцæ. Æма син етæ ба загътонцæ:
– Æ къохтæ уотæ æвæрд æнцæ æ уосиатмæ гæсгæ.
– Уотемæй æй уадзетæ, уотемæй, – дзоруй сæмæ хестæр фурт дæр, – ревæд армитъæпæнтæ е махмæ æвдесуй, гъома, мæрдтæмæ мæ хæццæ мулкитæй æгириддæр неци хæссун… Цардбæл нæ ахур кæнуй, цардбæл…
«БИЙНОНТÆ ДÆР – КИНДЗИ ЦÆРА, КИНДЗÆ ÆХУÆДÆГ ДÆР – ÆХЕ ЦÆРА…»
Еугæр нæ дзубанди рацудæй бийнонти цард амондгунæй аразуни гъуддаги силгоймаги ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау æй, уæд, æвæдзи, зæгъун гъæуй æндæр бийнонтæй сæмæ ка æрбакъахдзæф кæнуй, уони туххæй дæр, гъома, киндзити туххæй дæр. Уой фæдбæл дæр æримисдзинан еуцалдæр таурæхъи.
Еу нæуæг киндзæ косуни æгъдауæй æ къох дони дæр некæд ниттулдта: хæдзарæ не ’фснайдта, хуæруйнаг дæр нæ кодта, сæумæй афойнадæбæл некæд исистадæй. Уæд хæдзари хестæртæ – зæронд лæг æма зæронд уосæ – исфæндæ кодтонцæ сæ киндзи бавзарун. Еубон тургъи гъæрæй хилæ кæнунцæ. Сæ хъæлхъоймæ нæуæг киндзæ къæразгæй ракастæй æма сæ фæрсуй:
– Цæбæл гъæр кæнетæ, ци ’рцудæй?
– Мæнæ нæ федауæн, нæ еу дæр «дон æз исдавдзæнæн», нæ иннæ дæр «нæ, æз æй исдавдзæнæн», зæгъуй.
– Гъома, уобæл хилæ кæнун цæмæн гъæуй: раздæр уи æй уæ еу исдавæд, уæдта уе ’ннæ, – загъта син киндзæ.
* * *
…Еу хæдзарæмæ фæд-фæди æрцудæнцæ дууæ киндзи. Цанæбæрæг рæстæг си рацардæнцæ, уотемæй си еу гъаст кæнуй иннемæн:
– Айæ циуавæр хæдзарæ ’й, циуавæр? Адæймаг си æхе сор хесæрфæнæй нæ ниссæрфдзæнæй.
– Сæумæй раздæр исистисæ æма сор хесæрфæнæй дæхе сæрфай, – адтæй инней дзуапп.
Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Бийнонтæ дæр киндзи цæра, киндзæ æхуæдæг дæр – æхе цæра…» Уæхæн киндзæ, æ зундирахаст хуæздæрмæ раййевунмæ ку нæ исарæхса, уæд æхецæн дæр æма бийнонтæн дæр сæринез исуодзæнæй. Уой хæццæ ба ма æхебæл ку ’нвæрса æма æхе раст ку æнгъæла…
Æма уæхæн фæтки фудæй ба – цитæ æрцæуй, уомæн ба æвдесæн мæнæ аци таурæхъ.
Цæветтонгæ, уæди уæнгæ еумæ ка цардæй, еци æнсувæртæй дууæ сæ еумæйаг цæрæн бунатмæ æрбахудтонцæ иуазгути сæ хестæр æнсувæри рахецæн кæнуни туххæй.
Иуаргутæ ку рабадтæнцæ, уæд хестæр æ кæстæр æнсувæрти фæрсуй:
– Гъæйдæ, зæгъетæ мин: цæй туххæй мæ иуаретæ?
Етæ имæ дзорунцæ:
– Мах дæуæй нæ байуарианæ, фал нæ дæ уосæ æнæгъæнæ бийнонтæй бахуардта.
Е сæмæ дзоруй:
– Хуцау уин ма уа, æма кæд сумах æнæгъæнæ бийнонтæй бахуардта, уæд мæн еунæгæй нæ бахуæрдзæнæй?
* * *
Нæ абони радзубандий кæронбæттæни ба ма уин ракæнуйнаг ан мæнæ ауæхæн таурæхъ дæр.
Цардæнцæ еу бийнонтæ, адтæй сæмæ зæронд дæр, фал сæмæ æгъдау ба нæ адтæй.
Еу æхсæвæ мет рауардта. Сæумæй зæронд лæг исистадæй æма кæсуй: нæуæгуард метбæл фæдтæ.
– А ба цæй фæд æй, мæнæй уæлдай ку некема исистадæй?
Рандæ ’й еци фæдбæл æма гъæдæмæ иссудæй. Лæг деси бацудæй:
– А ци хабар æй!
Уæд имæ къотæри фæстейæй кадæр радзурдта:
– Е мæн фæд æй, уæ хæдзари амонд дæн æма уæ ци гъæуй, ци корис, уой мин зæгъæ.
Зæронд лæг уотæ:
– Æз нæхемæ рафæрсон.
Сæхемæ фæрсæг фендæ ’й æма фæрсуй бийнонти:
– Нæ амонд нæ фæрсуй, ци уæ гъæуй, зæгъгæ, æма ци ракорон? Биццеутæ загътонцæ: «Хуар, зæнхæ».
Уæд кæстæр киндзæ дуарæй æрбакастæй æма загъта:
– Æгъдау, уарзондзийнадæ.
Зæронд лæг бацийнæ кодта:
– Гъе, е хуарз загъта: æгъдау, уарзондзийнадæ.
Зæронд лæг раздахтæй гъæдæмæ, сæ амондмæ, æма уæдæй фæстæмæ дзæбæхæй цардæнцæ.
* * *
Æма уин Нæуæг анзи хуæдразмæ зæрдиагæй арфæ кæнæн: «Уæ бийнонтæ амондæй хайгин уæнтæ, уæ кæстæртæ зæрдрохс уæнтæ, сæ карни сæ зæрдтагон хабæрттæ, сæ бæлдитæ исæнхæст уæнтæ, амондхæссæг син исуогæй, уотемæй!..»
Æрмæг бацæттæ кодта САКЪИТИ Эльбрус