21 ноября 2024

ЦИ ЗОНУН ГЪӔУЙ ВАКЦИНАЦИЙ ТУХХӔЙ…

23.01.2021 | 16:56

Нӕ республики идарддӕр цӕуй хуӕцгӕ нез коронавируси нихмӕ дзиллон вакцинаци. Прививкитӕ конд цӕунцӕ Дзӕуӕгигъӕуи 1-аг, 4-аг, 7-аг поликлиникити. Вакцинӕ барвӕндонӕй ка кӕнуй, уӕхӕн адӕймӕгути нимӕдзӕ дӕр ирӕзуй.

Вакцинаци искӕнуни мадзӕлтти ӕма ӕ фӕстеугути туххӕй ӕрӕги, журналистти хӕццӕ фембӕлгӕй, радзурдта Дзӕуӕгигъӕуи 1-аг поликлиники дохтир Къорнати Замирӕ. Е загъта:

– Поликлиникӕ прививкитӕ кӕнун ке райдӕдта, уой базонгӕй, беретӕ ӕрбадзорунцӕ телефонӕй ӕма сӕхе прививкӕ искӕнунмӕ ниффинсунцӕ. Кӕд раздӕр аци гъуддаг сабургай цудӕй, уӕд нур вакцинаци искӕнуни мадзал фӕррӕвдзӕдӕр ӕй. Нӕ республики цӕргутӕн сӕ фулдӕр не ‘ууӕндунцӕ вакцинацибӕл, тасдзийнадӕ ма сӕмӕ ес. Аллихузон дзубандитӕ ӕхсӕнади парахат кӕнунцӕ. «Гам Ковид Кав» кенӕ ба хумӕтӕгдӕр загъдӕй – «Спутник V» ӕй нӕхе уӕрӕсейаг вакцинӕ ӕма си неци ес тӕссагӕй. Нӕхе дохтиртӕ дӕр цалдӕремӕй искодтонцӕ прививкӕ «Гам Ковид Кав», гъома, «Спутник V», ӕма абони уӕнгӕ дӕр сӕхе хъӕбӕр дзӕбӕх ӕнкъарунцӕ. Ка нӕмӕ ниффинсуй ӕхе прививкӕмӕ, уонӕй къуӕрттӕ искӕнӕн, алли къуари дӕр – фондз адӕймаги. Вакцинаци ку райдӕдта, уӕдӕй абони уӕнгӕ прививкитӕ нӕ поликлиники искодтонцӕ – 232 адӕймаги. Сӕ еугур дӕр сӕхе дзӕбӕх ӕнкъарунцӕ. Сӕ хӕццӕ бастдзийнадӕ еудадзугдӕр дарӕн. Адӕймаги иммунитетӕн агъаз ӕй аци вакцинӕ.

Вакцинӕ конд цӕуй адӕймагӕн дууӕ хаййемӕй. Фиццаги фӕсте дуккаг дозӕ кӕнгӕ ‘й 21 боней фӕсте. Еци рӕстӕг адӕймаги бауӕри вакцини фӕрци фӕззиннунцӕ «антитела» ке хонунцӕ, еци гъӕуайгӕнӕн иуонгтӕ. Прививкӕ кӕнӕн ес 18 анземӕй уӕлӕмӕ кари адӕмӕн. Абони дӕр нӕмӕ фондз адӕймаги ӕрбацӕудзӕнӕй прививкӕ кӕнунмӕ. Вакцинӕ нӕ республикӕмӕ ӕрвист цӕуй фӕлтӕргай. Вакцини еу ампулӕ ӕй фондз адӕймагемӕн искӕнуни дозӕ.

Журналисттӕн вакцини туххӕй ӕхе гъудитӕ радзурдта дохтир-гинеколог Иринӕ Путина. Силгоймаг куд загъта, уотемӕй прививкӕ искодта, вакцини фиццаг уолӕн ку райдӕдта, уӕд, фарӕ октябри.

– Мӕхе хъӕппӕресӕй, мӕхе фӕндӕй искодтон прививкӕ, туххӕй мӕ неке бакодта, уотемӕй. Прививки фӕсте мӕхе уӕлдай ӕндӕрхузи нӕ банкъардтон, фӕстеугутӕ дӕр мӕмӕ нӕ адтӕй. Вакцини фӕсте ме ‘нӕнездзийнадӕ исбӕрӕг кодтон ӕма мӕ тоги разиндтӕй «иммуноглобулин антитела», зӕгъгӕ, иуонгтӕ, адтӕнцӕ – 11. Е хуарз бӕрӕггӕнӕн ӕй. Беретӕ не ‘ууӕндунцӕ вакцинӕбӕл, ӕз ба ӕууӕндун, уомӕн ӕма нӕ бӕсти аци промышленность рагӕйдӕр ӕнтӕстгин адтӕй. Зӕгъунцӕ, гъома, цубур рӕстӕгмӕ куд ес гӕнӕн вакцинӕ иссерун? Фал, абони медицинӕ размӕ агъазиау къахдзӕфтӕ ке ракодта, техникон процесс ке ирӕзуй, уой дӕр уинӕн. Алли рӕстӕги дӕр нӕ бӕсти прививкитӕ кодтонцӕ, нӕуӕгигурд сувӕллӕнттӕй райдайӕ, ӕма хестӕр кари адӕмӕн алли тӕссаг хуӕцгӕ незтӕй, ӕма уотемӕй гъӕуайгонд ӕрцудӕй адӕми нимӕдзӕ. Прививкӕ искӕнун мӕхе уомӕн бафӕндадтӕй, ӕма коронавирусӕй адӕймаг мӕлгӕ ке кӕнуй, уой фегъустон, прививкӕй ба ке нӕ рамӕлдзӕнӕн, уой бӕлвурд зонун, – загъта Иринӕ Путина.