ЦУБУРДЗУРДÆЙ…
– Нæ республики фондз медицинон косæндони хæстæгдæр рæстæг райдайдзæнæнцæ бундорон цалцæги куститæ. Цалцæги куститæ цæудзæнæнцæ Дзæуæгигъæуи 1-аг поликлиникæй (бундорон цалцæги фæсте уоми фæззиндзæнæнцæ стационарон рентген-аппарат æма маммограф), 7-аг поликлиники (нæуæг компьютерон томограф æма маммограф), Рахесфарси райони Центрон сæйгæдонæ (стационарон рентген-аппарат æма флюроограф) æма æндæр медицинон организацити. Дууæ медицинон косæндони æййивд æрцæудзæнæнцæ тауæггурдæттæн системитæ (еци куститæбæл харзгонд æрцæудзæнæй 5,8 миллион сомей бæрцæ).
Уæрæсей Президент Владимир Путин 2022 анзи 15 августи ци Указ бафинста, уомæй нисангонд æрцудæй кадгин ном «Мадæ-бæгъатæр». Унаффæ мухургонд æрцудæй барадон информаций официалон интернет-портали. Укази куд загъд ес, уотемæй, дæс æма уомæй фулдæр сувæллони ка ниййардта æма исгъомбæл кодта (уой хæццæ, сæ еугурдæр гъæуама уонцæ Уæрæсей Федераций граждæнтæ), уомæн лæвæрд цæудзæнæй кадгин ном «Мадæ-бæгъатæр». Уомæй уæлдай, уæхæн кадгин ном кæмæн исаккаг кæнонцæ, еци мадæн еухаттон финансон агъази хузи лæвæрд цæудзæнæй еу миллион соми.
Национ театрти аллианзон еугуруæрæсеуон фестиваль аци хатт арæзт æрцæудзæнæй Цæгат Иристони сæйраг сахари. Аци исфæлдистадон æркаст кадгин уавæри байгон уодзæнæй Петербурги театр «Балтийский дом»-и спектакль «Душечка»-йæй. Фестивали иннæ бæнтти иристойнаг аййевадæуарзгути се ‘сфæлдистади хæццæ зонгæ кæндзæнæнцæ Башкирий, Кæсæг-Балхъари, Дагестан æма иннæ регионти театралон коллективтæ. Кæронбæттæн бон ба равдесдзæнæнцæ театри цæмæдесагдæр спектакльтæй еу «Сотворившая чудо».