ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Дууӕ ‘рдхуарди, дууӕ лӕвархуари Хъуррой ӕма Хъӕнделӕ кедӕр карк ку радавиуонцӕ. Исфунхтонцӕ ‘й, фал син ӕ радехтӕ кӕнун ба дзурдтаг иссӕй:
– Айӕ ни ке фагӕ уодзӕнӕй, уой бӕсти ‘й нӕ еу ку бахуӕра, уӕд – хуӕздӕр.
Уӕд ин Хъуррой зӕгъуй:
– Ӕма ‘й нӕ дууемӕй ка гъӕуама бахуӕра?
Хъӕнделӕ расагъӕс кодта ӕма ин равардта дзуапп:
– Ахсӕвӕ ни хуӕздӕр фун ка фӕууина, е сӕумӕ карк бахуӕрдзӕнӕй.
Ниххустӕнцӕ. Хъӕнделӕ ку рафунӕй ӕй, уӕд Хъуррой сосӕггай исистадӕй, бахуардта карк ӕма фӕстӕмӕ ниххустӕй. Сӕумӕй ку райистадӕнцӕ, уӕд Хъуррой фӕрсуй Хъӕндели:
– Гъӕйдӕ, циуавӕр фун фӕууидтай?
– Мӕ лимӕн, дессаги фун: цума мӕ изӕдтӕ исистонцӕ ӕма мӕ рохс бунатмӕ исхастонцӕ…
Уӕд Хъуррой загъта:
– Ӕз дӕр дӕ тӕхгӕ фӕууидтон. Ӕма уотӕ бангъалдтон, фӕстӕмӕ нӕбал ӕрӕздӕхдзӕнӕ, уомӕ гӕсгӕ карк бахуардтон…
Махӕн, Уӕрӕсей хъиамӕтгун дзиллӕн дӕр нӕ нуриккон «Хъурройтӕ» уӕхӕн миутӕ нӕ ракодтонцӕ? Советон цардарӕзти фехӕлди хуӕдфӕсте нӕ «рӕсугъд фунтӕй» фӕррасайӕ-басайӕ кодтонцӕ – е дин ӕнӕхайири приватизаци, е дин ӕндӕр уӕхӕн фӕливд «нӕуӕгдзийнӕдтӕ». Сӕ кӕронбӕттӕн ба – еци «нӕуӕг Уӕрӕсе» аразгутӕ бохъ цард кӕнунцӕ сӕ галауанти, хумӕтӕг адӕм ба ӕрхъез тӕгӕнай фарсмӕ равзурдӕнцӕ, тухамӕлттӕ кӕнунцӕ…
Станислав ПОЗДНЯКОВ, Уӕрӕсей Олимпаг комитети сӕргълӕууӕг – фӕсарӕйнаг спортсментӕ Олимпиади сӕхе куд дардтонцӕ, уой туххӕй: «Хъӕбӕр мӕстигӕр кодта, мах дарӕсбӕл ке ес олимпаг цӕгтӕ, кӕцитӕ уонӕми ке нӕ ‘нцӕ, сауӕнгӕ е дӕр…»
– Фӕсарӕйнӕгти барӕ ес – уонӕн мах алли алӕмӕтдзийнадӕ дӕр зӕрдинез ӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба хуӕздӕр уидӕ, нӕ Олимпаг комитет ку багъаридӕ, Уӕрӕсей спортсменти ке фудевгед кӕнунцӕ сӕ Райгурӕн бӕсти Паддзахадон Туруса ӕма Паддзахадон Гимнӕй, уой фӕдбӕл цӕйбӕрцӕбӕл хъӕбӕр маст есунцӕ нӕ дзилли зӕрдитӕ, е. Ӕма гъӕддухдӕрӕй ку байархайиуонцӕ, нӕ бӕстӕ нин фегадӕ кӕнунмӕ цӕмӕй гъавунцӕ, еци ӕдзӕсгон миутӕн искӕрон кӕнунбӕл.
Дмитрий РОГОЗИН, «Роскос-мос»-и сӕргълӕууӕг: «Гъӕуайкӕнуйнади промышленнон комплекси коррупци гъӕуама ӕфхуӕрд цӕуа ахӕстдӕнтти кедӕрти исбадун кӕнунӕй нӕ, фал фехсунтӕй. Уомӕн ӕма давунцӕ нӕ бӕсти гъӕуайкӕнуйнадӕй, е ‘дасдзийнадӕй…»
– Никки хуӕздӕр ба – еци коррупци фӕлдевгути ӕрӕмбурд кӕнун ӕма сӕ космосмӕ рарветун, уой дӕр уӕхӕн космосон науи, кӕци фӕстӕмӕ нӕбал ӕрӕздӕхдзӕнӕй – кӕдимайди ба сӕ фудимелӕй искӕдзос уианӕ. Уӕхӕн наутӕ ба нӕмӕ Рогозини «разамунди» фӕрци ӕгӕр берӕ дӕр ма разиндзӕнӕй. Нӕкӕси, еци фӕлдевгути хӕццӕ ӕхуӕдӕг дӕр ӕрветгӕ ‘й – «Роскосмос»-и дӕр коррупций хъамилӕй цъоппидзаг ӕй.
Александр КАЛЯГИН, Уӕрӕсей театралон архайгути Цӕдеси сӕрдар: «Мӕнӕ рӕстӕгмӕ фӕззинди ӕгъдауи театр», зӕгъгӕ, ке хонун ӕма кӕци косуй хъаугъай туххӕй ӕма уой сӕрбӕлтау, еци алӕмӕттаг фулдӕр арӕзт ӕрцудӕй телеуинунади фӕрци ӕма ӕ цирингӕнӕг дӕр е ӕй…»
Номдзуд финсӕг Максим Горький кӕддӕр, дзӕнгӕрӕги зӕлланги хузӕн хъӕбӕр тухстӕй бафарста: «Ке хӕццӕ айтӕ, культури дӕснитӕ?» Абони ба уотӕ фӕрсун дӕр нӕ гъӕуй, уотемӕй дӕр бӕрӕг ӕй: нӕ культури нуриккон «дӕснитӕ» ‘нцӕ, фулдӕр ӕхца син ка федуй, уони хӕццӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕ кӕддӕри цӕсгонгин ӕма номдзуд театртӕй гириззагдӕнттӕ рауадӕй, нӕ телеуинунадӕй – канализацион хӕтӕлтӕ, нӕ киноаййевадӕй – ӕнӕуагӕдзийнӕдти бардзӕ. Ӕма театралон архайгути Цӕдеси бон нӕй еци ӕдзӕсгондзийнадӕн кӕрон искӕнун, уӕд ма цӕмӕн гъӕунцӕ?..