ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Цуппаринсӕйанздзуд зӕронд е ‘ртӕ фурти ӕма синхӕнтти хӕццӕ, сӕ цӕвгутӕ сӕ усхъитӕбӕл, уотемӕй хуасгӕрцӕй ӕрцӕунцӕ. Зӕронд си еуцӕйбӕрцӕдӕр ку раразӕй ӕй, уӕд синхӕгтӕй еу еци лӕги хестӕр фуртӕн уотӕ бакодта:
– Нерӕнгӕ ма федар ку ӕй уӕ фидӕ, еунӕгӕй цӕрунӕн тӕрегъӕд ӕй, уосӕ ин ракоретӕ…
– Уанцон нӕй, уӕхӕн зӕрондӕн!.. Ходуйнаг ӕй…
Зӕронд сӕ фегъуста, фӕстӕмӕ фездахтӕй ӕма сӕмӕ дзоруй:
– Гъо, устур уес хӕссунмӕ син зӕронд нӕ дӕн, уосӕ корунмӕ ба – кӕлӕццаг?!.
Раст еци зӕронд лӕги уавӕри ‘нцӕ нӕ нуриккон хестӕртӕ дӕр. Мӕнӕ тагъд пенсиесӕг исуодзӕнӕн, зӕгъгӕ, си ка ӕнгъӕл адтӕй, етӕ фӕффудевгед ӕнцӕ: пенсимӕ рацӕуни кари ӕнзтӕ син хецаудзийнадӕ хевӕндӕй фӕффулдӕр кодта. Мадта хуӕздӕр уавӕри нӕ ‘нцӕ, пенсиесгутӕй ма косгӕ ка кӕнуй, етӕ дӕр: сӕ пенситӕ инфляцимӕ гӕсгӕ индексацигонд, гъома, уӕддӕр еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр фулдӕргонд нӕ цӕунцӕ. Еузагъдӕй, косунмӕ Пенсион фондмӕ феддонтӕ хӕссунмӕ гъӕунцӕ, сӕ пенситӕ исхузӕнон кӕнунӕн ба… Хецауеуӕггӕнгути рӕуонӕ: пенси дӕр ӕма мизд дӕр есетӕ, фагӕ уин ӕй. Ӕма уотемӕй ба «зундгинтӕ» сӕхецӕн ба фагӕбӕл нимайунцӕ, сӕ улупатӕ миллионгай сомтӕй ке иснисан кӕнунцӕ, уӕдта ма уой ӕнӕуой паддзахадон къазнайӕй ци миллионтӕ давунцӕ, уой. Ӕма дин уонӕмӕ мӕгуйраг пенсиесгути сагъӕс ес?
Александр ШЕРИН, Паддзахадон Думи раздӕри депутат: «Е уи баруагӕс уодзӕнӕй, ӕма, зӕгъӕн, ӕ къохбӕл 128 миллионей аргъ сахат кӕмӕн ес, еци сенатор бауадздзӕнӕй, цӕмӕй фӕззинна, фӕсарӕнти ин ӕнӕзмӕлгӕ мулк даруни барӕ ка нӕ дӕттуй, уӕхӕн закъон…»
Уӕхӕн закъон ку фӕззинна, уӕддӕр кӕци сенатор кенӕ депутати бахъор кӕндзӕнӕй фӕсарӕнти ӕ мулкитӕ дарунӕй?! Ес син уоститӕ, цӕуӕт кенӕ хеуӕнттӕ, ӕма сӕ мулкитӕ уони номбӕл искӕндзӕнӕнцӕ. Уӕхӕн «мадзали» нихмӕ ба закъон нӕййес. Ӕма си сенатор, кенӕ депутат ка нӕбал уа, е уайсахат фендӕдуар уодзӕнӕй Уӕрӕсейӕй ӕма мулкгинӕй ӕ бийнонти хӕццӕ цӕрдзӕнӕй фӕсарӕнти.
Александр ПОПОВ, сахар Челябински ӕртиккаг лицейи директор: «Чиновниктӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ, скъолай сувӕллӕнттӕ ке ес, уой…»
Ӕма дин ӕй кутемӕй зононцӕ, кӕд ӕма сӕ фулдӕрей цӕуӕт хумӕтӕг уӕрӕсейаг скъолати некӕд ахур кодтонцӕ – кӕд ахур кодтонцӕ, уӕддӕр сӕрмагонд ахургӕнӕндӕнтти, кенӕ ба фӕсарӕнти. Ӕма син уӕрӕсейаг скъола ӕма нӕ фидибӕстон ахурадӕ иссӕнцӕ сӕ къӕсибадӕг фӕлварӕнти «будур», кӕцими сӕ фӕлварӕнти фудӕй хиццагӕй неци исирӕздзӕнӕй, нӕ си ӕрӕмбурд кӕндзинан фидибӕстӕн пайдайаг тиллӕг.
Кирилл РАЗЛОГОВ, кинокритик: «Силгоймӕгтӕ, уӕлдайдӕр ба Франций, ӕзмӕнтунцӕ, домунцӕ уотид ӕмбарӕдзийнадӕ нӕ, фал хецаудзийнадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр…»
Гъе уӕхӕн иссӕй нӕ дуйне: еуети гъӕуй халифат, иннети матриархат, кенӕ ӕндӕр цидӕр «…хат». Еуемӕй дӕр си, цума, хуарзӕй неци разиндзӕнӕй, уотӕ уӕмӕ нӕ кӕсуй?.. Мӕнӕ бакӕсайтӕ телеуинунадӕмӕ: еугур гъуддӕгутӕ сӕхемӕ есунцӕ силгоймӕгтӕ, уой дӕр кӕми ци къӕсибадгутӕ ес, етӕ. Сӕ гириззаг дзубандитӕ ӕма миутӕй рӕстзӕрдӕ адӕймаг хъӕбӕр искатай уй: Гӕрр, ӕфсӕрми ӕгириддӕр нецибал ӕй ӕма некӕмибал гъӕуй?..