ЕУГУР ТУГЪДОНТÆН ДÆР – ÆМХУЗОН АГЪАЗ
Сæрмагонд æфсæддон операций фарстати фæдбæл косæг къуари сæргълæууæг, парти «Еугонд Уæрæсе»-й Генсовети нимæрдар Андрей Турчакæн æрæги ци фембæлд адтæй Уæрæсей Президент Владимир Путини хæццæ, уоми дзубанди цудæй сæрмагонд операций архайгутæн агъаз кæнуни уавæртæ исæмхузон кæнунбæл. Нуртæккæ еци гъуддаги ес еуцæйбæрцæдæр æнæрастдзийнæдтæ, уæлдайдæр ба æхцай фæрæзнитæ федуни гъуддаги. Кæд æма фæдздзурди бархеуон есуй 195 мин соми – карз тугъдтити æви фæскъилдуни ку архайа, уæддæр, – уæд контрактник ба феддонтæ есуй, айдагъдæр карз тугъдтити ку архайа, уæд. Зæгъæн, æфсæддон авиаций полк æй фронтмæ хæстæг региони, æнхæст кæнуй сæрмагонд операций ихæстæ, уотемæй ба полкки штаби хецауæн федунцæ, сæрмагонд операций сауæнгæ фæскъилдуни ка архайуй, уомæй дæр цалдæр хатти минкъийдæр. Уомæ гæсгæ растдæр уодзæнæй, конд ку ’рцæуа закъонæвæрунади бæлвурд куст æма æмхузонгонд æрцæуонцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути еугурей уавæртæ дæр.
Æма Владимир Путин еци фæндæбæл исарази æй:
– Уæрæсей сæрбæлтау тохæнгарзи хæццæ ка тох кæнуй, уонæн сæ еугуремæн дæр исаразун гъæуй æмхузон уавæртæ. Махæн уæлдай нæй, адæймаг кæци къуармæ хаст цæуй, е. Сæйрагдæр æй, æ Райгурæн бæстæмæ ци зæрдихатт даруй, е. Æма гъуддаг гъæуама арæзт æрцæуа, тугъдон циуавæр æфсæддон хузи службæ кæнуй, æ бийнонтæ, æхуæдæг кæми, циуавæр региони цæрунцæ, уонæмæ нæ кæсгæй.
Косæг къуари иннæ фæндæ ’й, цæмæй сувæллæнттæн феддонтæ нисангæнгæй нимад ма цæуонцæ хуæрзеугутæ æма тугъдонти туххæй феддонтæ.
– Контрактниктæ æма бархеуонтæн еци феддонтæ нимад цæунцæ. Цæмæй растдæр уа, уой туххæй пайдатæ нимайгæй, уордигæй еуварсгонд æрцæуæд хуæрзеугутæ æма тугъдонти туххæй феддонтæ, – загъта Андрей Турчак.
Никки ма фæндæ бахаста, цæмæй тугъдонти отпуски æма сæ сæйги рæстæг нæуæггонд æрцæуа æнæмæнгæ медицинон фæдзæхстади полиси архайд. Е фадуат ратдзæнæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн граждайнаг медицинон уагдæнтти хе дзæбæх кæнунæн æма операцитæмæ минкъийдæр рæстæг æнгъæлмæ кæсунæн. Уомæй уæлдай ма косæг къуари разамонæг бахаста æфсæддон ипотеки ци гæрæнæвæрдтæ ес, уони райеуварс кæнуни фæндæ.
Кæронбæттæни Андрей Турчак ма фæндæ бахаста, цæмæй 1 июль нисангонд æрцæуа куд æфсæддон архайди ветеранти Бон.