ХУӔРЗГӔНӔГӔН АРГЪ КУ НӔ КӔНАЙ…
Мӕнӕ ци украинаг аргъау мухур кӕнӕн, уой ӕримистан, фӕстаг цалдӕр анзей дӕргъи Украини ци цаутӕ цӕуй, ӕма уой разамунд ӕ сӕргъӕн миутӕй ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕ сӕрсӕфӕнмӕ надбӕл еци тӕрӕги куд тӕруй, уомӕ гӕсгӕ. Бакӕсайтӕ ‘й, ӕма уӕд нӕ хӕццӕ исарази уодзинайтӕ, еци разамундӕн куд нӕ фагӕ кӕнуй сӕ фидтӕлти зундирахаст – уотӕ ку нӕ уидӕ, уӕд, ӕвӕдзи, се ‘рра миутӕ дӕр нӕ кӕниуонцӕ…
Адтӕнцӕ ӕма цардӕнцӕ ӕртӕ ӕнсувӕри. Хуӕрзминкъийӕй райзадӕнцӕ седзӕртӕй – нӕ син фидӕ, нӕ мадӕ. Нӕдӕр син адтӕй хӕдзарӕ, нӕдӕр фӕццӕруни равгитӕ. Гъема уӕд зелун байдӕдтонцӕ гъӕутӕбӕл, ескӕми си кустбӕл фӕххуӕст уни зӕрдӕй. Цӕунцӕ ӕма се ‘ртей сагъӕс дӕр адтӕй: «Гъенур, еу дзӕбӕх хецаумӕ ихуӕрсти ку бафтуйанӕ!..»
Уӕд дин уинунцӕ, ӕма баба ӕрбацӕуй, зӕрондӕй-зӕронддӕр, ӕ уорс закъӕ ӕ астӕуи уӕнгӕ. Салам син равардта ӕма сӕ фӕрсуй:
– Цирдӕмӕ ‘й, кӕстӕртӕ, уӕ над?
Етӕ ба ин уӕд зӕгъунцӕ:
– Ихуӕрсти бацӕуйнаг ан.
– Ӕма уин уӕхецӕн хӕдзарӕ нӕййес?
– Нӕййес, – еци мӕтъӕлӕй дзуапп дӕттунцӕ. – Хуарз хецауӕй ку фӕххайгин уианӕ, уӕд имӕ рӕстзӕрдӕй фӕккосианӕ, игъосианӕ имӕ ӕма ‘й фиди хузӕн цитгин кӕнианӕ.
Зӕронд лӕг еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр расагъӕс кодта, уӕдта загъта:
– Цӕй, уотӕ фӕууӕд, ӕма мин сумах уодзинайтӕ мӕ фурттӕ, ӕз ба уин – уӕ фидӕ. Ӕз уи лӕгигъӕдгун лӕгтӕ искӕндзӕнӕн – исахур уӕ кӕндзӕнӕн рӕстзӕрдӕй, ӕфсармӕбӕл цӕрунбӕл, ӕцӕг мӕмӕ игъосгӕ куд кӕнайтӕ, уотӕ.
Исарази ‘нцӕ ӕнсувӕртӕ ӕма зӕронд лӕги фӕдбӕл рараст ӕнцӕ. Цӕунтӕ байдӕдтонцӕ – тар гъӕдтӕбӕл, урух будуртӕбӕл. Цӕунцӕ, цӕунцӕ ӕма уинунцӕ – лӕууй хӕдзарӕ, хуӕрзӕфснайд, ӕ уорс фӕрстӕ хормӕ ӕрттевӕнтӕ кӕнунцӕ аллихузон ирд деденгутӕй фӕлгонцгонд. Ӕ размӕ ба – балидонӕ. Уоми ба – кизгӕ, хуӕрзведауцӕ, игъӕлдзӕг, раст ӕ рази деденгути хузӕн… Уой рауингӕй хестӕр ӕнсувӕр уотӕ ку бабӕллидӕ:
– Гъенур мӕ уӕртӕ уӕхӕн кизгӕ бийнойнагӕн ку уайдӕ!.. Уӕдта ма гъоцитӕ ӕма галтӕ фулдӕр!..
Ӕма ин зӕронд лӕг загъта:
– Уотӕ фӕууӕд – цӕуӕн имӕ корунмӕ. Уодзӕнӕй дин уосӕ, уодзӕнӕй дин гъоцитӕ дӕр ӕма галтӕ дӕр – цӕрӕ амондгунӕй… Ӕцӕг, рӕстдзийнадӕ ди иронх ма уӕд.
Банӕхстӕр ӕнцӕ еци хӕдзарӕмӕ, сӕ гъуддаг фӕррӕстмӕ ‘й, исаразтонцӕ игъӕлдзӕг киндзӕхсӕвӕр. Ӕма хестӕр ӕнсувӕр байзадӕй еци хӕдзари е ‘ригон уоси хӕццӕ цӕрунмӕ.
Зӕронд лӕг ба иннӕ ӕнсувӕрти хӕццӕ ранӕхстӕр ӕнцӕ сӕ идарддӕри балций. Цӕунтӕ байдӕдтонцӕ тар гъӕдтӕбӕл, урух будуртӕбӕл. Цӕунцӕ ӕма цӕунцӕ, уӕд дин еу рӕстӕги ба уинунцӕ – лӕууй хӕдзарӕ, хуӕрзведауцӕ, райдзастхузӕй. Ӕ рази аузт, уой фарсмӕ ба куройнӕ. Ӕма хӕдзари рӕбунти хуӕрзконд кизгӕ цидӕртӕ архайуй – бӕрӕг ибӕл ӕй – косагӕ, арӕхстгин ӕй. Астӕуккаг ӕнсувӕр имӕ кӕсуй ӕма загъта:
– Гъенур мӕ уӕртӕ уӕхӕн кизгӕ бийнойнагӕн ку уайдӕ!.. Уой хӕццӕ ба ма куройнӕ аузти хӕццӕ. Бадинӕ еци куройни, хуарз инсинӕ – уинӕ ӕфсес ӕма мӕ цардӕй райгонд.
Зӕронд лӕг бабӕй уомӕн дӕр загъта:
– Цӕй, дӕу куд фӕндуй, уотӕ фӕууӕд!..
Бацудӕнцӕ еци хӕдзарӕмӕ, исарази кодтонцӕ еци кизги дӕр ӕма дессаги игъӕлдзӕг киндзӕхсӕвӕр исаразтонцӕ. Нур ба астӕуккаг ӕнсувӕр дӕр байзадӕй еци хӕдзари е ‘ригон уоси хӕццӕ цӕргӕй. Фӕндараст ӕй кӕнгӕй, зӕронд лӕг уомӕн дӕр бафӕдзахста:
– Цӕй, мӕ биццеу, цӕрӕ амондгунӕй… Ӕцӕг, рӕстдзийнадӕ ди иронх ма уӕд!..
Ӕма уотемӕй идарддӕр ранӕхстӕр ӕнцӕ – кӕстӕр ӕнсувӕр ӕма кӕнгӕ фидӕ. Цӕунцӕ, цӕунцӕ ӕма уинунцӕ – лӕууй еу мӕгургомау хӕдзарӕ. Уӕдмӕ си рацудӕй еу кизгӕ, сӕуӕхседти хузӕн хуӕрзведауцӕ, кӕд ӕ уӕледарӕс дӕр мӕгургӕсгӕ адтӕй, ӕмпъузт ӕмпъузти уӕле, уӕддӕр си цидӕр ӕнахур рохсдзийнадӕ цудӕй… Ӕма кӕстӕр ӕнсувӕри бафӕндадтӕй:
– Уӕртӕ еци кизгӕ мӕ бийнойнагӕн ку уайдӕ!.. Еумӕ косианӕ – ӕма, ци бахуӕрӕн, е нӕмӕ уодзӕнӕй. Уӕдта мӕгур адӕм дӕр ни иронх нӕ уиуонцӕ: нӕхуӕдтӕ ци хуӕрӕн, уомӕй сӕ хайгин кӕндзинан…
Ӕма уӕд зӕронд лӕг загъта:
– Хуарз, мӕ биццеу, уотӕ фӕууӕд… Ӕцӕг ди, рӕстдзийнадӕ иронх ма уӕд…
Бакодта бийнонти гъуддаг кӕстӕр ӕнсувӕрӕн дӕр ӕма идарддӕр ӕ нади кой кодта.
Ӕнсувӕртӕ ба цӕрунцӕ, сӕ карни хабӕрттӕ кӕнунцӕ. Сӕ хестӕр уоййасӕбӕл исгъӕздуг ӕй, ӕма хӕдзӕрттӕ дӕр ӕхецӕн аразуй, тумӕнттӕ дӕр ӕмбурд кӕнуй – ӕ сагъӕстӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр уобӕл ӕнцӕ, фулдӕр тумӕнттӕ кутемӕй ӕрӕмбурд кӕна. Мӕгур адӕймагӕн фӕййагъаз кӕна, зӕгъгӕ, е ба имӕ ӕгириддӕр нимади нӕ адтӕй – гъе уоййсӕбӕл исцӕлӕмбуд ӕй.
Мадта астӕуккаг ӕнсувӕр дӕр исбонгин ӕй: ихуӕрститӕ имӕ кустонцӕ, ӕхуӕдӕг ба хуссун, хуӕрун ӕма ниуазунӕй ӕндӕр неци куста – айдагъдӕр фӕндитӕ кодта еугуремӕн дӕр.
Сӕ кӕстӕр ба еци сабурӕй цардӕй: хӕдзари ести ку фӕззиннидӕ, уӕд си нӕхъӕртон адӕймӕгути дӕр фӕххайгин кӕнидӕ, ку неци уидӕ, уӕддӕр бухстӕй – нецӕмӕй гъаст кодта.
Сӕ кӕнгӕ фидӕ ба зилдӕй дуйнетӕбӕл, адӕми цардиуагӕмӕ ӕ цӕстӕ дардта. Уӕд дин ӕй еухатт ӕрфӕндадтӕй, ӕ кӕнгӕ фурттӕ ци бацӕнцӕ ӕма кудтитӕ цӕрунцӕ, рӕстдзийнадӕ сӕмӕ цӕстиварди ӕй ӕви сӕмӕ нимади нӕй, уой базонун. Ӕхе исаразта зӕронд гӕлхуӕрди хузӕн, уотемӕй бацудӕй хестӕр ӕнсувӕрмӕ, рацо-бацо кӕнуй ӕ устур тургъи, ниллӕг ин ӕ сӕрӕй ковуй, коруй:
– Зӕронд гӕлхуӕрдӕн батӕрегъӕд кӕнӕ, ма бавгъау кӕнӕ, ӕма ин дӕ хуӕрзтӕй ести радтӕ комидзагӕн!..
Ӕ кӕнгӕ фурт ба ку фӕтътъӕлланг кӕнидӕ:
– Уоййасӕбӕл зӕронд нӕ дӕ, дӕхе ци ниммӕгуртӕ кодтай!.. Ку дӕ бафӕндӕуа – бакосдзӕнӕ! Ӕз дӕр нерӕнгӕ нур туххӕйфудти ислӕудтӕн мӕ къӕхтӕбӕл. Ӕнтъиргӕ кӕнӕ ардигӕй!..
Ӕхецӕн ба ӕ мулкитӕ ӕ кирити цӕугӕ дӕр нӕбал кодтонцӕ, цалдӕр нӕуӕг хӕдзари исаразта, ӕ тукӕнттӕ аллихузон товартӕй се ‘мидзаг, хуарӕй ӕ гонтӕ цъоппидзаг, е ‘хцатӕн ба банимайӕн дӕр нӕййес. Битир ба уӕддӕр нӕ равардта!..
Ӕнӕ нецӕмӕй рандӕ ‘й зӕронд лӕг уордигӕй. Цанӕбӕрӕг рацудӕй, ӕвӕдзи, верстамӕ хӕстӕг, уотемӕй еу къулдунбӕл ӕрлӕудтӕй, фӕстӕмӕ ракастӕй еци цӕрӕнуати хӕдзӕрттӕ ӕма уонӕми мулкитӕмӕ – содзгӕ артӕй ниггур-гур кодтонцӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр.
Рараст ӕй зӕронд лӕг астӕуккаг ӕнсувӕрмӕ. Бацудӕй имӕ – уомӕ ба куройнӕ дӕр, аузт дӕр, уӕдта агъазиау хӕдзарӕ дӕр. Ӕхуӕдӕг ба куройни фарсмӕ бадуй.
Ракувта ин зӕронд лӕг ӕ сӕрӕй, салам ин равардта ӕма си коруй:
– Радтай мин, хуарз лӕг, инсади еу тӕпп. Зӕронд гӕлхуӕрд дӕн, ци бахуӕрон, е мин нӕййес…
– Кунӕг, – дзуапп дӕттуй куройни хецау. – Мӕхецӕн дӕр ку нецима нинсадтон. Цал ӕма цалемӕй ами разелӕ-базелӕ кӕнетӕ, уӕ еугурей фагӕ ка исуодзӕнӕй?..
Ӕнӕ нецӕмӕй рацудӕй уордигӕй дӕр зӕронд лӕг. Еуцӕйбӕрцӕдӕр си ку райеуварс ӕй, уӕд къулдунбӕл ӕрлӕудтӕй, фӕстӕмӕ ракастӕй – цъӕх артӕй ниггур-гур кодта еци куройнӕ.
Бахъӕрдтӕй зӕронд лӕг кӕстӕр ӕнсувӕри цӕрӕн рауӕнмӕ дӕр. Уинуй, мӕгургомау цӕрунцӕ бийнонтӕ, сӕ хӕдзарӕ дӕр хуӕрзминкъий, раст зӕгъгӕй, хъӕбӕр хуӕрзӕфснайд.
– Радтайтӕ мин, хуарз адӕм, – дзоруй иуазӕг хӕдзаронтӕмӕ, – уӕддӕр къӕбӕри еу карст!..
Фусун ба ин зӕгъуй:
– Медӕмӕ бацо, баба. Уоми дин бахуӕрун кӕндзӕнӕнцӕ ӕма дин дӕ хӕццӕ фӕндаггаг ратдзӕнӕнцӕ.
Бацудӕй хӕдзарӕмӕ. Ӕфсийнӕ имӕ ӕркӕститӕ кодта, фӕууидта ин ӕ дивилтӕ ӕма ин ӕртӕрегъӕд кодта. Медӕггаг куатӕй ин рахаста даргъ хӕдонӕ, хӕлаф ӕма ин сӕ равардта. Иуазӕг сӕ ӕхебӕл искодта. Ӕ хӕдонӕ куд ӕййивта, уотемӕй ба ӕфсийнӕ ин ӕ реубӕл рауидта агъазиау гъӕнӕ. Неци исдзурдта, уотемӕй ӕй исбадун кодта финги уӕлгъос, бахуӕрун-баниуазун ин кодта. Уӕдта ‘й хӕдзари хецау фӕрсуй:
– Уӕд дин, баба, дӕ реубӕл еци гъӕнӕ ба цӕмӕй ӕй?
– Гъо,– загъта иуазӕг, – ес мӕбӕл уӕхӕн гъӕнӕ, кӕций фудӕй тагъд рамӕлдзӕнӕн… Цӕрунӕн ма мин еунӕг бон байзадӕй…
– Е дин бӕлахи бӕлах! – тӕрегъӕдгӕнгӕй загъта уосӕ. – Ӕма нур еци гъӕнӕн неци хуасӕ ес?
– Ес, – загъта зӕронд лӕг, – еунӕг хуасӕ… Ӕцӕг мин ӕй неке ратдзӕнӕй, уогӕ ба алке бон дӕр ӕй.
Ӕма уӕд фусун фӕрсуй:
– Цӕмӕннӕ ин ес раттӕн? Зӕгъай, циуавӕр ӕй еци хуасӕ?
– Хъӕбӕр зин раттӕн ӕй… Хӕдзари хецау ку исарази уа ӕма ӕ хӕдзарӕбӕл ӕ еугур мулкити хӕццӕ ку бандзара, уӕдта еци сугъди фунукӕй мин мӕ гъӕнӕбӕл калд ку ӕрцӕуа, уӕд гъӕнӕ дӕр бадзӕбӕх уодзӕнӕй.
Ниссагъӕс ӕй кӕстӕр ӕнсувӕр. Еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕррагъуди-багъуди кодта, уӕдта ӕ уосӕн зӕгъуй:
– Ду ба куд гъуди кӕнис?
– Уотӕ ӕнгъӕл дӕн, – загъта е, – ӕма нӕ бон исуодзӕнӕй нӕуӕгӕй хӕдзарӕ исаразун, мӕгур лӕг ба ку рамӕла, уӕд нӕуӕгӕй некӕдбал райгурдзӕнӕй.
Рацудӕнцӕ ӕндӕмӕ сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ. Еухатт ма бакастӕй лӕг ӕ хӕдзарӕмӕ – цидӕр ӕй, уӕддӕр куд нӕ тухсун кодтайдӕ, уотӕ тухамӕлттӕй ци есбонадӕ бамбурд кодта, уобӕл куд бандзарӕ. Фал зӕрондӕн ба никки хъӕбӕрдӕр тӕрегъӕд кодта. Ӕма бандзарста ӕ хӕдзарӕбӕл. Хӕдзарӕ уайтӕккӕ дӕр ниггур-гур кодта ӕма… Ӕрбайсавдӕй. Ӕ бунати ба февзурдӕй ӕндӕр – уорсцагъд, бӕрзонд, хуӕрзфӕлуст…
Зӕронд лӕг ба лӕууй, ӕ медзакъи буни идзулуй.
– Уинун ӕй, – зӕгъуй, – ӕртӕ ӕнсувӕремӕй еунӕг ду рӕстдзийнадӕй дӕхе нӕ райеуварс кодтай. Амондгунӕй цӕрӕ!..
Уӕд дин кӕстӕр ӕнсувӕр ку бафӕсмӕридӕ ӕ кӕнгӕ фиди, бӕргӕ имӕ багӕлста ӕхе, фал е уайтӕккӕ фӕддунд ӕй… Ӕцӕг ма бийнонтӕн ниууагъта цидӕр нифсдӕттӕг уодӕнцойнӕ…
Аци аргъау ку зӕгъӕн, ӕримистан, Украини фӕстаг ӕнзти сӕ нуриккон разамунди фудӕй си ци ӕверхъаудзийнӕдтӕ цӕуй, уомӕ гӕсгӕ. Етӕ ӕма сӕ хъозӕнттӕ историй цийфӕнди ку рахатӕ-бахатӕ кӕнонцӕ, уӕддӕр рӕстдзийнадӕн ба нецихузи баримӕхсӕн ес ӕримисгӕ хабӕртти аууони, уа нӕ уа, уӕддӕр ӕцӕгдзийнадӕ рабӕрӕг уодзӕнӕй.
Ӕма еци ӕцӕгдзийнади ӕвдесӕнтӕй ба абони ӕрхӕсдзинан еу цау. Украинаг номдзуд финсӕг Микола Бажан кӕддӕр финста: «Украинаг адӕмӕн сауӕнгӕ астӕуккаг ӕностӕй фӕстӕмӕ дӕр хъӕбӕр тӕссаг адтӕй литвайаг къниӕзтӕй, польшаг гъӕздугутӕй, венгриаг хъалтӕй, турккаг ӕма тӕтӕйраг ӕстегъгутӕй. Уони нихмӕ Украини феодалтӕ кенӕ ӕгириддӕр нӕ тох кодтонцӕ, кенӕ ба уотид рӕуонӕн ӕма цубур ӕмгъудмӕ истохиуонцӕ. Фал зӕнхкосгутӕ ӕма хумӕтӕг хъазахъӕгтӕ ба мӕлӕтдзаг тох кодтонцӕ сӕ зӕнхӕ ӕма сӕ цард, се ‘гъӕудттӕ ӕма культурӕ багъӕуай кӕнунбӕл… Польшаг феодалтӕ дӕр ӕма украинаг феодалтӕ дӕр уидтонцӕ, исистӕг зӕнхкосгутӕ ӕма хъазахъӕгтӕ сӕ нихмӕ ке хуӕцунцӕ, уой, ӕма сӕ ӕфхуӕргӕ дӕр кодтонцӕ ӕверхъау хузи. Тохгӕнӕг адӕми раздзӕугути къабазгай кодтонцӕ.
Еци фудӕвзарӕнтӕмӕ уруссаг адӕми бон цийфӕндий цӕстӕй кӕсун нӕ адтӕй. Лигъд зӕнхкогутӕ, Дони билгӕрӕнтти хъазахъӕгтӕ, сауӕнгӕ паддзахи ӕфсади тугъдонтӕ дӕр сӕдӕгӕйттӕй бахизтӕнцӕ арӕнбӕл ӕма байеу ӕнцӕ исистӕг адӕми хӕццӕ. Уӕрӕсей Украинӕн кодтан айдагъ материалон нӕ, фал культурон агъаз дӕр…»
Микола Бажани загъдмӕ гӕсгӕ, еци агъаз уӕлдай фӕгъгъомусгиндӕр ӕй советон доги – территориалон, экономикон, культурон, наукон ӕма ма берӕ ахсгиаг гъуддӕгути хузи. Ӕма Украинӕ уомӕй боз адтӕй. Фал уӕдмӕ Советон Цӕдес фехалдӕй ӕма Украинӕ ку «расӕребарӕ» ӕй, уӕд еугур еци хуарздзийнӕдтӕ феронх ӕнцӕ, ӕ сӕргъи ка ‘рлӕудтӕй ӕма си зӕранхӕссӕг политикӕмӕ гӕсгӕ цардиуагӕ аразун ка байдӕдта, уони фудӕй.
Махмӕ гӕсгӕ, Укранини дзилли кӕцидӕр хаййӕн, мӕнӕ аргъауи ци дууӕ хестӕр ӕнсувӕрей кой цӕуй, уони хузӕн сӕ сӕр разилдӕй «нигулӕйнаг хӕзнати» уиндӕй ӕма фӕффудевгед ӕнцӕ. Украини дзилли зингӕдӕр хай ба, еци кӕстӕр ӕнсувӕри хузӕн, рӕстзӕрдӕдӕр ӕма зундгиндӕр разиндзӕнӕнцӕ ӕма уони уодти кӕдзосдзийнади фӕрци сӕ бӕсти исонибон зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр уодзӕнӕй. Уӕдта уоми балӕдӕрдзӕнӕнцӕ ӕцӕг ӕнсувӕр син Уӕрӕсе ке ‘й ӕма айдагъдӕр уой хӕццӕ ӕмцӕдесон-ӕмзунд уогӕй, сӕ цард фӕрнгун ке уодзӕнӕй, уой. Мах ба нӕ зӕрдӕ дарӕн: кӕдимайди ба си адӕм нацистон зундирахастбӕл хуӕцӕг «разамундӕй» фӕййервӕзиуонцӕ ӕма сӕ уавӕр исхузӕнон уидӕ…