21 ноября 2024

ХУÆРЗÆГЪДАУБÆЛ ДЗОРÆГ ФИЦЦАГИДÆР ÆХУÆДÆГ ÆГЪДАУГИН УА!..

08.09.2020 | 12:53

ЗУНДГОНД куд æй, уотемæй гъæлæс кæнуни Еугуруæрæсеуон бон – 13 сентябри æвзурст цæудзæнæнцæ нæ республики цалдæр гъæуи бунæттон хеунаффæйади разамонгутæ æма минæвæртти Æмбурдти иуонгтæ.
Еци ахсгиаг æхсæнадон-политикон мадзалмæ цæттæгæнæн куститæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæн рагацауи хатдзæгтæ кæнгæй Цæгат Иристони Центрон æвзарæн къамиси сæрдар Моргуати Жаннæ куд зæгъуй, уотемæй, 13 сентябри æвзурстити ка архайдзæнæй, еци канди-даттæ зæрдæ байвардтонцæ, агитацион кампани сабур уагæбæл ке араздзæнæнцæ æма сæ политикон нихмæлæугутæн аргъ ке кæндзæнæнцæ, уомæй.
«Махæй алкæци кандидатæн дæр ес æхе программæ æма нисантæ, æма уонæмæ гæсгæ араздзинан нæ куст, уæхæн хузи, цæмæй нæбæл адæм баууæндонцæ. Нæхемæ ихæс есæн, æвзарæн кампаний рæстæг æргомæй, æма закъони уагæвæрдтитæбæл æнцойнæ кæнгæй, ке архайдзинан, уой фæдбæл», – загъд ес, кандидаттæ ци еумæйаг седт бафинстонцæ, уоми.
Кæронбæттæни ба ма уин еума хатт уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан уой, æма гъæлæс кæнуни Еугуруæрæсеуон бон – 13 сентябри æвзурститæ цæудзæнæнцæ цуппар гъæууон цæрæн бунати – Алагири райони – Мизур æма Майрæмадаги, Ирæфи райони – Будури Дæргъæвси æма Горæтгæрон райони – Æрхонки.