30 апреля 2024

ХУАРЗÆЙ ХУАРЗ ЗÆГЪУН ГЪÆУЙ

30.06.2023 | 23:32

БИЧИЛТИ Алетæн (Малити Валодий кизгæн) аци бæнттæ ’нцæ уæлдай цийнаг – бæрæггонд цæуй æ юбилейи устур бæрæгбон. Никки устурдæр æма зæрдæхцæуæндæр бæрæгбон ба е æй  махæн – не ’хсæн ацал-ауал анзи ке косуй æнæхийнæ æма рæстуодæй, æ царди фулдæр æмбес газет «Дигорæн» ке иснивонд кодта, уомæй. Редакци адæймаги мулкитæй исгъæздуггæнæн фæрæзнæ некæд адтæй, уæдта, æвæдзи, некæд уодзæнæй. Кæд ести бакосæн ес, уæд айдагъдæр адæми арфæ æма нимайундзийнадæ. Уой дæр – рæстуод фæллойнæй. Уомæ гæсгæ ба си æстæнтæ фæразунцæ хъазауат кæнун уотæ дæргъвæтийнæ рæстæг. Етæ ’нцæ, нæ маддæлон æвзагбæл еузæрдиуон ка æй, æ хуарзæн æновудæй ка архайуй, зæрдиагæй ка тухсуй нæ адæмихатти уодварнон æма культурон ирæзти исонибонбæл.

Устур хъаурæ æма нифс, бухсондзийнадæ æма фæразондзийнадæ кæмæ ес, еци æнæарфиаг, фал æнæмæнгæ гъæугæ кусти, уонæй ба еу æй Алетæ дæр. Адæймагон хуæрзаййев æууæлтæй цидæриддæр ес, уонæй хуæрзæнхæст æй. Алетæ æй, сæр бæрзонд хæссун кæмæй æмбæлуй, уæхæн адæймаг.