18 апреля 2024

ХУАСТӔ УӔЙӔГӔНӔН ПУНКТТӔ – ИДӔРДДЗӔФ ЦӔРӔН РАУӔНТИ

15.04.2022 | 13:33

Афтектӕ кӕми нӕййес, еци идӕрддзӕф цӕгат-иристойнаг цӕрӕн рауӕнти, уӕлдайдӕр ба хуӕнхбӕстон гъӕути, хӕстӕгдӕр рӕстӕг байгон кӕндзӕнӕнцӕ хуастӕ уӕйӕгӕнӕн пункттӕ. Уой туххӕй фегъосун кодта республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министр Тебиати Сослан.

Уой загъдмӕ гӕсгӕ уӕхӕн цӕрӕн  рауӕнти косдзӕнӕнцӕ сӕрмагонд киосктӕ. Уордӕмӕ хуастӕ ӕма ӕндӕр медицинон ефтонггӕрзтӕ заказ искӕнӕн уодзӕнӕй дистанцион фӕткӕмӕ гӕсгӕ дӕр.

Куд зонӕн, уотемӕй анзи райдайӕни Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло профилон ведомствитӕн баихӕс кодта, цӕмӕй хуастӕ уӕйӕгӕнӕн пункттӕ байгон уонцӕ, афтектӕ кӕми нӕййес, уӕхӕн идӕрддзӕф цӕрӕн рауӕнти. Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министради бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, уӕхӕн гъӕутӕ ӕнцӕ инсӕйей бӕрцӕ.