19 апреля 2024

Ис бирæ, тынг бирæ бынуагъд хæзнатæ цардамондæн…

15.04.2021 | 08:11

УÆГЪДИБАР СОНЕТ

Уæлхохрæбын цъæхнæууæвзæрд уæлвæзы

Дæйы лæппын сычъи йæ къæрцхъус мады дзидзи,

Тæмæнкалгæ, нæзыæрфыг цъæх цъити,

Дзæбидыры цæстау, къæйбын коммæ фæлгæсы.

Тызмæг хæхтæ, фæлладуадзæг бæлццонау,

Сæ цыргъ уæхсчытæ сбыцæу кодтой арвмæ.

Мæнмæ кæсы, цыма къæдзæхцæджындз æрдзон нау

Фæтындзы сабыргай æмбæхст æнусты арфмæ.

Фæлæ мæ хæдбынмæ цъæхуылæн малы ссары

Сызгъæринбуар кæсаг – сырх мæнæргъымæ ‘вналы…

О Иры хæхты номхæссæн фæрныг æрдз!

Æз дæу æрмæст чындздзон чызгимæ сбарин,

Фæлæ ды ‘нусон дæ, – нæ бакомдзæни халын

Дæ сыгъдæгдзинад хъахъхъæнæг хæлынкæрц!

 

ЗАРÆГ ФÆДИСОН ÆНУСЫЛ

Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл,

Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл,

Зæхх йæ хох-къухтæ ивазы арвмæ,

Рахауд стъалы цъæх денджызы арфмæ.

Ирд бæгъæввад æртæхтæ

Зарынц урсриу æврæгътыл.

Зарынц уадсаст бæлæстæ

Систыгъд бархи цæргæстыл.

Змæлы дуне фæндаггоны змæлдæй,

Ризы дуне тырнæг зарды зæлтæй.

Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл,

Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл.

Мысы рох зынтæ амонд,

Згъоры фидæнмæ абон.

Дæттæ фурдтыл æмбæлынц,

Алчи сгары йæ бæллиц…

Алчи рæстæг йæхи барстæй бары:

Чи йæ зæрдæ зæххы фарныл хъары,

Чи зæххон уарзтæн скарста фыдвæндтæ

Æмæ зæрдæтæм кардæй нывнæлдта.

Чи кæйдæр мастыл риссы,

Чи кæйдæр амонд исы…

Цæгæй ратоны баст тых,

Судзы, сгуыппæввонг карз тох, –

Тох – хæрам æмæ уарзты æндзæвдæй.

Зæхх рæмыгъдæввонг ризы æргъæвдæй,

Зонд ын хъахъхъæнæг баззад.

Къæрцхъусæй

 Хъусы дуне фæдисон æнусмæ.

 

РИТОРИКОН ÆМДЗÆВГÆ

Ныхасуарз адæм хъусдзысты лæмбынæг,

 Дзырддзыд поэт намаз кæсæгау зардзæн,

Йæ къухтылдæй, егъау залы рæбынмæ,

Кæйдæр «рæсугъд цъæх чызджы» ном ыссардзæн.

Æмæ йæ кадæн иумæйаг æмдзæгъды

Ныгъуылгæйæ мæ цæстытæй æдзынæг,

Æз бакæсдзынæн ног къухфыст æмдзæвгæ,

Мæ судзаггаг нымд хъуыдытæ зæгъдзынæн.

Зæгъдзынæн æз хуымæтæджы ныхæстæ –

Æрвыл сахат нæ зæрдæтæй кæй хъусæм,

Фæлæ кæй дарæм давæгау æмбæхстæй,

Кæй фæкæнæм нæхи удтæй дæр сусæг…

Нæ райхъуысдзæни къухæмдзæгъд мæ кадæн,

Æнæ дзургæ, сых йе ‘мзæрдæ сыхимæ,

Цæудзысты сабыргай, æфсæрмыгæнгæ, адæм,

Ыздæхдзæн алчи дæр хъуыдыгæнгæ сæхимæ…

 

БАЛЛАДÆ

Цыд салдат йæ райгуырæн хъæубæстæм,

Цыд хæстон лæг тугкалæн фыдхæстæй,

Хъæугæрон дыууæ фæндаджы астæу –

Дурын – хъыг, зæрдылдарыны мастау –

Цырт лæууыд… «Кæй цардхъуаг уд фæхаста,

Сау мæлæт?.. Кæй рухс фæндтæ æрцахста,

Цымæ, кæй, йæ цардвæндаджы балцы?..»

Цыд салдат… Æгомыг цыртмæ бацыд,

Фæлæ циу? – цæй тыххæй фæци сагъдау? –

Æви фаг хъыгдзинæдтыл нæ сахуыр?..

Цыртæй йæм – цыма фæджих фæсулæфт –

Зулмæ каст къæмдзæстыгæй йæ сурæт…

Каст салдат… йæ цæстытæ æрсæрфта…

Лыгъд, фынау, æнæууæнкаг æхсæвтар,

Зылд сындæг хæххон цæргæс йæ сæрмæ…

Ныр, æрмæст ныр æрлæууыд йæ зæрдыл –

Уый кæддæр кæй æрныгæдта хъарм зæхх,

Уый æцæг мæрдтыбæстæй кæй раздæхт…

 

РАЗНЫХАС «НÆРТОН ЦИКЛ»-МÆ

Рох дæ байдыдта кæд де ‘взаг

Скъуыдцъар чингуыты æхсæн,

Кæд дæ фæндты хуымгæнд не ‘рзад,

Æмæ бафæллад дæ сæр,

Уæд фæзын дæ хъæумæ дардæй,

Бабад зест пецы уæлхъус,

Æмæ каухалæнтæй артмæ

Рагон таурæгътæм фæхъус.

Уыдон чингуыты фæфыстой,

Фæлæ ма сфæлмæц уæддæр –

Ам дæм æрдзы цур сæ хъысмæт

Ныр фæкæсдзæни æндæр.

 

НÆРТОН СИДТ

Ныууагътой фæзы фæсивæд сæ хъазын,

Æмæ сæ урссæр хистæртæм ныхъхъуыстой:

Фæдзырдтой Нарт сæ иумæйаг ныхасы,

Æмæ Хуыцаумæ минæвар æрвыстой:

«Хуыцау! Дæуæн мах худайстæй фæкуывтам,

Нывонд дын кодтам не ‘рвылбоны хидæй,

Фæлæ нын ды нæ кодтай аргъ нæ куывдæн,

Ды ма нæм суанг нæ равдыстай дæхи дæр.

Фæнды нæ зонын: ды цы дæ, йе чи дæ,

Зæххон цæрæг йæ хъуыдыты хæдбар у,

Æмæ дæм ныр мæлæтдзаг тохмæ сидæм.

Кæд уа стыр дæ, уæд равдис уым дæ хъару!»

Æмæ сæм уый сæ тохмæ сидты уацæн

Куы ‘рæрвыста: «Куыд уыдзæни уæ кæрон,

Куы хæцæм, уæд – фыдвæд ма уæ ныууадзон,

Æви-иу уæ бынтон æвæд фæкæнон?»

Уæд загътой Нарт: «Кæд сæфгæ кæнæм иугæр,

Нæртон фæлтæр кæд нал цæудзæни стæры,

Уæд нæ фыдтохæй ма рацæуæд иу дæр,

Фыдвæдæй уæд бынтон æвæд хуыздæр у!»

 

***

Ис бирæ,

тынг бирæ бынуагъд хæзнатæ цардамондæн,

Цæмæй æнусæн ма рох кæна йе стыр фарн æнус.

Фæлæ дзы равзæрстон æз

иунæг хæзна – уацамонгæ, –

Нæ фыдæлты рæстадæвзарæн уацамонгæ-къус.

Зын у мæ хæс,

Фæлæ сæркъулæй агуырд номы бæсты

Сыгъдæгуд царды азарæй мæ номыл сбадæд сæг.

Куыдфæнды уæд, фæлæ мæ зарæджы нывгонд

ныхæстæ

Уыдзысты уацамонгæ – раст тæрхон хæссæг.

Æнхъиз, о ме ‘рвон ронг!

Æмæ цæстмæхъус кады аууон

Мæнгдзурæг лæджы ‘фсæст былтыл ды ма

ныууадз дæ фæд.

Фæхæсс дæ нæртон фарн, æлхæнгæ удтыл

макуы баууæнд,

Уæд ныфс – дæ аходæг, рæстдзинад уæд –

дæ фæтк!

 

ЦАРДЫ РÆСТÆГ

«Знон аивгъуыдта, сомбон та не ‘рцыд».

Франциско де Кеведо

Знон уыд – абон,

Райсом та – иннæбон,

Ныртæккæ та – дыууæ цалхы лæгъз сæмæн.

Æмæ дын кæд нывгонд æрцыди амонд,

Уæд ахæм рад уыдзæн дæ бон æмæ æхсæвæн:

Знон уыдзæн – абон,

Райсом та – иннæбон,

Ныртæккæ та – дыууæ цалхы лæгъз сæмæн.

Фæлæ рæвдз лæуу! – мыййаг, æвæд гуыргъахъхъы

Ныртæккæ – сæмæн – къудзийыл фæфидар,

Лæдзæгтылдæй дæ бон нæу галтыл рахъæр, –

Уæд айсæфт де знон, адзæгъæл дæ фидæн.

Æмæ дыууæ цалхы, – дæ сомбон æмæ де знон –

Кæнынц уæгъд мидцоппай,

æрдæгыл банцад се згъорд…

 

МОЛАДЗАН-ХОХ

Йæ сау къæдзæхфæдджи пæлæзы,

Цыма йыл бахæцыд мæрдрох,

Æхсæвтар хъахъхъæнæгау хох

Æлхынцъæрфыгæй дард фæлгæсы.

Йæ былтыл – иунæг дзырд:

«Ныууадз уал…»

Цин, монцæй – цæстытæ æмбæхст…

Хуыцау! Кæд искуы уыд моладзан,

Уæд уый у – ацы хох æрмæст!

 

ЗАРÆГ ХОРЗ ÆМÆ ФЫДРАКОНДЫЛ

Зæххыл цыфæнды стыр фыдраконд дæр

Рæстырдæм агуры æвдисæн.

Иу райсы бардзырд, иннæ рагондæр

Фыдæлтæй баззайгæ æмбисонд…

Æмæ туг бандзыг вæййы, – уазалæй,

Цыфæнды къус сисæгау цадæй –

«Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай!..» –

Куы скæнынц фидар хатдзæг цардæй!

 

ИЗÆР УÆТÆРЫ

Æмбæхсы хуры хæхты тар рагъ,

Къæрцц-судзгæ арт кæны фæйлауæн,

Фæлдахы дон æвзонг фыййауæн

Йæ æнæдамгъæ чиныг – таурæгъ…

Фæстаг тын комрæбын æрхуысдзæн,

Æрбаддзæн рæгътыл сау сæрбæттæн.

Уæддæр фыййауы зарæг хъуысдзæн

Нæууæмбæрзт улæфгæ сæрвæтыл.

Æмæ кæмæдæр сиддзæн уадындз,

Зæл фæлмы базырыл фæтæхдзæн,

Сæ фæллад хъæубæстæ кæм уадзынц,

Уым уарзты ирд æртæх æрцæгъддзæн…

Æмæ хъуымбылдзыкку чызг фендзæн

Йæ фыны саубазыр тыгъд нымæт,

Йæ цуры зилгæ суадон фестдзæн

Фыййауы хурмæсыгъд ныхы мæт!..

 

* * *

Æрдзæй стыр лæгтæн чи райгуырд,

Уыдонæй бирæтæ не сыстыр.

Цард сæ йæхи уынгтыл арвыста

Æмæ сæ ауагъта ног джиппы.

Чи дзы йæ курдйат нæ базыдта,

Чи та зæрондмæ,

Хъынцъымгæнгæ,

Кодта йæ тыхстæй æндæр хъуыддаг.

Цард рæстæгæй домы йæхионтæ:

Курдйат куы хъæуа, уæд – радомдзæн,

Курдйат нæ хъæуы, уæд – ахст кæсаг

Сурыл куыд цæгъды йæ гæндзæхтæ,

Афтæ дзыххæлиуæй баззайдзæн.

Амонд, æвæццæгæн, уый хонынц –

Æрдзæй æргом курдйат чи райсы

Æмæ йæ царды фæзылдимæ

Зонгæйæ афоныл чи сбæтты.

Амондджын – афоныл чи райгуырд!

 

ФÆСТАГ САХАТ

Хуыссы æрдæгцъындæй…

Йæ хъæдæй саст сыфау ма

Фæстаг цардныв йæ цæсты къуырфы ризы…

Цымæ цæуыл тыхсы, –

Йæ сыхаг усы фауыл?

Йæ бафхæрд лæджы рисыл?

Тæккæ дысон дæр ма

Кæйдæр дзæгъæл кæрчыты

Сæстытæ базыртæй сæ кауы сæрты рахста,

Тæккæ дысон дæр ма

Йæ алыварс цæрджытæ

Сæ фыны стъæлфтысты

Йæ æлгъысты хъæрахстмæ.

Ныр бандзыг хуыссæны…

Зæрдæхæлар сыхбæстæ

Æнæхин цæссыгтæ сæ дæлтъыфыл æмбæхсынц.

Кæсы сæм дисхуызæй…

Фæлæ фæстаг ныхæстæ

Æдзæм былтыл ныхæсынц.

Бæргæ, куы ма цæрид!..

Æрæджиау фæсмонæй

Æрдæгсалд мидбылхудт йæ бур уадултыл бахус.

Уарзт сысты гагуыты, æнæхотых хæстонау,

Фæлæ йæ бон нæу баххуыс!

ЦЬИТИ

Æнусты йæ риумæ

Нæ ныххызти рухс таг,

Йæ цъæх былтыл баззад

Æрдæгдзырдæй – «Рухса-а-аг…»

Фæлæ сыл хæрдгæ-хъарм

Фæлмæн тынтæй кафы,

Æрмæст ын сæ ихбаст

Рæмудзын нæ комы.

Æнæзагъд дзырды хъыг

Ныууынæргъы комы!

Уынгæг хъæрзтæй цъити

Йæ тыппыртæ халы,

Æхсæрдзæн-æвзистæй

Йæ цæссыгтæ згъалы!

 

РЕДАКЦИЙÆЙ: Дзаболати Хазбийи аци æмдзæвгитæ рамухур кодтан æ киунугæ «Уацамонгæ»-й, мухури рацудæй 1974 анзи.