26 декабря 2024

КÆСТÆРИ Æ БÆЛЛУЙНАГÆЙ БАРÆВДАУН ЗÆРДИРАЙ ÆЙ!..

30.12.2023 | 17:18

Куд алли анз дæр, уотæ нур дæр Нæуæг анзи хуæдразмæ Цæгат Иристони бабæй арæзт æрцудæй хуæрзауодæн мадзал «Бæллецти заз бæласæ». Уой рæстæги нæ республики разамунди æма хецаудзийнади минæвæрттæ заз бæласæй æресунцæ, уобæл сувæллæнтти курдиæдти хæццæ ци финстæгутæ фæуунцæ, уони. Æма си алкедæр æхемæ райсуй еци кæстæрти бæлдитæ исæнхæст кæнуни ихæс.

 

«Бæлдити заз бæласæ», зæгъгæ, Еугуруæрæсеуон мадзали нисан æй, цæмæй Нæуæг анзи рæстæг фулдæр адæм, растдæр зæгъгæй ба, кæстæртæ баууæндонцæ дессæгтæбæл æма исæнхæст уонцæ сæ зæрдтагон бæлдитæ, зæрдæхцæуæнæй исæмбæлонцæ бæрæгбонбæл.

Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин 2018 анзи исарази æй мадзал «Бæлдити заз бæласæ» аразунбæл, æма уæдæй нуриуæнгæ иссæй хуæрзвæткон æма аллианзон. Устурæй-минкъийæй алли адæймаг дæр цæмæдæр фæббæллуй, фæууй имæ цидæр нисантæ, æма ’й феруагæс кæнуй Нæуæг анзи ин æнæмæнгæ ке исæнхæст уодзæнæнцæ. Уæхæн дессаги рæстæг æй Нæуæг анз. Алкедæр гъæуама архайа кæдзосзæрдæ ун æма фулдæр арфиаг гъуддæгутæ аразунбæл. Дæ алливарс ка ес, агъазгъæуагæ ка ’й, уонæн фæййагъаз кæнун, балæггадæ кæнун.

Аци нæуæганзон мадзал арæзт æрцæуй Цæгат Иристони дæр. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æма хецаудзийнади иннæ бæрнон косгутæ, аци мадзали архайгæй,  исæнхæст кодтонцæ фæккæсунгъæуагæ сувæллæнтти бæлдитæ. Уогæ барæвдудтонцæ айдагъ цæгатиристойнаг кæстæрти нæ, фал Луганск æма Донецки сабийти дæр.

Сувæллæнттæмæ адтæй аллихузон бæлдитæ. Æма сæ еугуремæн дæр, æнæмæнгæй, Нæуæг анзи къæсæрбæл етæ исæнхæст уодзæнæнцæ. Зæгъæн, Алагири цæрæг 17-анздзуд Ксения бæллуй хуйæн машинæмæ. Азнаури бæлдæ ба ’й – микроскоп, дзæуæгигъæуккаг дæсанздзуд Арсени æхсицгæ гъæуй синтезатор. Запорожьей облæсти Чернигови райони цæрæг цуппаранздзуд Назари дæр бафæндадтæй циуавæрдæр дессаги лæвар райсун.

Мадзали архайдта нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ æма загъта:

– Уадзæ æма Нæуæг анзи алли сувæллони бæлдæ дæр исæнхæст уа.

* * *

Цæгат Кавкази федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Юрий Чайка аллианзон акци «Бæлдити заз бæласæ»-йи мадзали архайгæй, кæстæртæй ке бæлдæ исæнхæст кодта, уонæй еу иссæй Цæгат Иристони минкъий цæрæг Гогати Аланæ.

Аланæбæл дууæ анзи ку цудæй, уæд фæссæйгæ ’й сæкæрнези фиццаг хузæй. Сувæллони зæрдæмæ цæуй музыкæ æма ’й гъæуй синтезатор. Æ мадæ Къудухти Оксани хæццæ сæ курдиадæ ниууагътонцæ мадзали официалон сайти. Юрий Чайки номæй кизгæн синтезатор, планшет æма æндæр лæвæрттæ ’рбаласта Цæгат Иристони сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров. Еума хатт æй зæгъæн, хуæрзауодæн проект «Бæлдити заз бæласæ» Уæрæсей æнхæст кæнунцæ æхсæз анзей дæргъи. Архайунцæ си, царди зин уавæри ци сувæллæнттæ æма рацæргæ адæм бахаудтæнцæ, етæ. Сæ курдиæттæ ’рвистонцæ 10 ноябрæй 10 декабри уæнгæ. Исæнхæст син сæ кæндзæнæнцæ 2024 анзи 28 феврали уæнгæ.