КЪОРНАТИ Мухарбег
Уарзти фудвӕндаг
Кæрон.
Райдайæн 36-37-аг номерти.
Рӕстӕг цудӕй ӕма Къорнати зӕронд Бегабӕл дӕр байеудагъ ӕй цард, ӕ дууӕ фуртемӕй байевдӕлон ӕй, уотемӕй Аслӕнбег ӕлдӕртти къохӕй бацудӕй мӕрдтӕмӕ, кӕстӕр фурт Салат ба абӕрег фӕллигъдӕй. Рамардӕй абӕрег фӕллигъдӕй ба уӕлдай нӕ адтӕй. Абӕрег-еу ка фӕллигъдӕй, уомӕн берӕ цӕрӕнбон нӕ адтӕй: кенӕ-еу фӕммардӕй, кенӕ ба ‘й ӕнӕмгъудӕй Сибири буйнаг къӕй балӕуун кодтонцӕ.
Цӕйбӕрцӕ рацудӕй Аслӕнбеги зиани фӕсте, ка ‘й зонуй, уотӕ Къорнати муггаги зӕронд лӕгтӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма Хадизӕтӕн тӕрхон кӕнун райдӕдтонцӕ, «Сувӕллон ӕй нурма нӕ киндзӕ. Нӕбал ин цӕгат ес, нӕ ин сувӕллон исӕнтӕстӕй нӕ муггаги. Ӕнӕгъӕнӕй нӕмӕ ӕртӕ мӕйи ‘й, ӕма кӕдмӕ гъӕуама бада?»
Ӕма фӕстагмӕ гъуддаг ралух кодтонцӕ: Аслӕнбеги хестӕр ӕнсувӕр Алиханӕн иснивӕ кодтонцӕ Хадизӕти. Тел равардтонцӕ Алиханмӕ Парижмӕ, цӕмӕй исхъӕрта ӕ фиди къонамӕ.
Къуӕре дӕр нӕма рацудӕй, уотӕ Алихан Киристонгъӕуи ӕрбалӕудтӕй. Ӕрбамбурд бабӕй ӕнцӕ муггаги хестӕртӕ. Алихани сӕ размӕ ӕрбакодтонцӕ, ӕма ин гъуддаг балӕдӕрун кодтонцӕ, Хадизӕти ин бийнойнагӕн ке иснивӕ кодтонцӕ, уой. Алихан хъӕбӕр батухстӕй, уӕдта син загъта:
– Хатир мин бакӕнетӕ, хестӕртӕ айтӕ ӕма, фал мӕхецӕн Парижи кизгӕ ес.
– Ӕгъдау ӕгъдау ӕй, хестӕр ба хестӕр ӕй, ӕма нӕ тӕрхон уотӕ ‘й.
Уотӕ гъӕддух ку фӕллӕудтӕнцӕ Алиханмӕ хестӕртӕ, уӕд ма ин ци гӕнӕн адтӕй? Бӕргӕ ма дзурдта ӕ бийнонтӕмӕ ӕ зӕрдӕ, фал ӕй нӕбал рауагътонцӕ.
Хадизӕтӕн дӕр хуӕздӕр гӕнӕн ци адтӕй. Бавдесӕн кодта Аслӕнбеги туххӕй ӕ бийнонтӕбӕл, куд се ‘нгӕрон дӕр нӕбал ӕрцӕудзӕнӕй… Ӕма нур ба ци фӕууа, нӕ ин цӕуӕт нӕййес, нӕ хеуон– хӕстӕг! Ӕма исарази ‘й ӕ хъисмӕти хӕццӕ. Аслӕнбеги ба уотӕ берӕ уарзта, ӕма ‘й Алихан нӕ исаккаг кодта ӕхецӕн бийнонтӕн, зӕгъгӕ, уӕд имӕ идарддӕр лӕгмӕ цӕуни зӕрдӕ нӕбал адтӕй.
Цӕрун райдӕдтонцӕ Алихани хӕццӕ. Фӕсмойнаг нецӕмӕй адтӕй, уӕлдайдӕр ба син цӕуӕт ку исӕнтӕстӕй, уӕд. «А» ӕма «о»-йӕй цудӕй сӕ цард.
Хадизӕтӕн Алиханӕй райгурдӕй дууӕ кизги ӕма еу биццеу. Хестӕр кизгӕ хундтӕй Калахан, дуккаг ба – Астархан, биццеу – Батрадз. Дзӕбӕх сувӕллӕнттӕ бӕргӕ адтӕнцӕ Хадизӕти байзӕдтаг, фал си адӕми рӕнгъӕмӕ айдагъдӕр еунӕг рацудӕй. Хестӕр кизгӕ Калаханбӕл аст анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕд рамардӕй. Мӕлгӕ ба, мӕгур, ӕхе незӕй нӕ ракодта. Хӕдзари хестӕр Бега сӕумӕраги гъӕдӕмӕ рандӕ ‘й, Хадизӕт ӕма Бесолон ба тургъи цидӕртӕ архайдтонцӕ. Сувӕллӕнттӕ медӕгӕй хӕдзари римӕхсӕнти гъазтонцӕ. Гъазгӕ-гъазгӕй бацудӕнцӕ Алихани уатмӕ. Уоми фарсбӕл горцъебӕл ауигъд адтӕнцӕ ӕхсаргард, дамбаца ӕма фондзӕхстон топп. Бегай биццеу Къорна ӕриста фарсӕй фондзӕхстон ӕма ‘й Калаханмӕ ниддардта.
– Топмӕ ма ‘вналӕ, ӕ бунати ӕй ӕрауиндзӕ, – тарстхузӕй ма имӕ исдзурдта кизгӕ, фал уӕдмӕ биццеу топпи сампалбӕл ӕрбахуӕстӕй. Топп разиндтӕй ефтигъд ӕма сувӕллон дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕй. Топпи гӕрахмӕ силгоймӕгтӕ фӕффӕдеси ‘нцӕ. Бӕргӕ ма фелваста Хадизӕт ӕ хестӕр хъӕболи зӕнхӕй, ӕ реумӕ ма ‘й бӕргӕ нилхъивта, фал имӕ е нӕбал искастӕй цӕстирохсӕй. Исиста ӕ гъӕбеси ӕ уод.
Банигӕдтонцӕ Калахани, мадта ма ци гӕнӕн адтӕй. Хӕдизӕт ӕхемӕ нӕма ‘рцудӕй, уотӕ бабӕй ибӕл дуккаг бӕлах исӕмбалдӕй: ӕ фурт Батрадз тарнезӕй ӕрбасӕйгӕ ‘й ӕма 1918 анзи рамардӕй. Уобӕл анз дӕр нӕма рацудӕй, уотӕ ба Алихан дӕр тарнезӕй рамардӕй.
Байзадӕй Хадизӕт еунӕг цъӕх кизги номбӕл седзӕргӕсӕй…
Фӕттарстӕнцӕ Къорнатӕ: Алихани мулк – аст хатӕнгин сара ӕма хуарз агоридорӕй ӕмбӕрзт хӕдзарӕ – байзайдзӕнӕнцӕ Хадизӕт ӕма ӕ кизгӕ Астарханӕн. Къорнатӕн еци мулк сӕхердигӕй цӕмӕй фӕцайдӕ, уобӕл архайун райдӕдтонцӕ ӕма ин бакой кодтонцӕ, цӕмӕй лӕгмӕ ӕрцудайдӕ. Неци ком син лӕвардта Хадизӕт, фал, куд фӕззӕгъунцӕ, гӕрзӕ цӕйбӕрцӕ нӕмай, уойбӕрцӕ фӕлмӕндӕр кӕнуй. Ку нӕбал фӕразта алли бон сӕ дзубандимӕ игъосунӕй, уӕд исарази ‘й ӕндӕр хӕдзарӕмӕ рандӕ унбӕл.
Лӕгмӕ ‘й равардтонцӕ Кӕрдзинмӕ, Моргуати Хъаурбегӕн. Агоргутӕ ба ‘й алкӕддӕр адтӕй, уомӕн ӕма ӕ конд ӕма уиндӕн ӕмбал нӕ адтӕй. Моргуатӕмӕ ба ин исӕнтӕстӕй дууӕ биццеуи ӕма еу кизгӕ. Фал бабӕй ин ами дӕр ӕ кизгӕ ӕма хестӕр биццеу рамардӕнцӕ. Амондагор зелуй, фал амонд ӕ разӕй ледзуй, мӕгур, фудӕнхи дзиуарӕвӕрд бацӕй. Байзадӕй хестӕр фурт Леуани хӕццӕ Кӕрдзини гъӕуи.
Хадизӕт Моргуатӕмӕ ку рандӕ й, уӕд ӕ кизги ниууагъта Къорнатӕмӕ. Бӕргӕ ‘й нӕ уагъта, фал ин ӕй нӕ равардтонцӕ, сӕ мулкӕй син ести ку байагора, уомӕй тӕрсгӕй. Кизгӕ адтӕй Хадизӕтӕн ӕхе хузӕн уинд ӕма кондӕй ӕма куд гъомбӕл кодта, уотӕ имӕ гъосдаргутӕ фӕззиндтӕй. Ӕма ибӕл куддӕр ӕстдӕс анзи исӕнхӕст ӕй, уотӕ ибӕл фӕттагъд кодтонцӕ лӕгмӕ раттунбӕл. Равардтонцӕ ‘й Акъотӕмӕ. Мадӕн игъосун дӕр нӕ фӕккодтонцӕ, лӕгмӕ ‘рцудӕй, уой. Фал цъухӕй-цъухмӕ уӕддӕр мади гъостӕбӕл ӕрцудӕй ӕ кизги хабар. Ӕма мадӕ цӕттӕ кӕнун райдӕдта хунӕ. Исфунхта дууӕ дугъосони бӕгӕни, рауагъта фараст аги арахъ, раргавста кӕркитӕ, гогузтӕ. Искодта къеретӕ. Уӕдта ‘й киндздзон дзаумӕуттӕ цидӕриддӕр гъудӕй, хъумацӕй, хуссӕнгарзӕй – кирӕ туххӕй кумдта ӕхгӕнун хуни лӕвӕрттӕй.
Дууӕ уӕрдуней хӕццӕ ӕрлӕудтӕй Хадизӕт Къорнати колдуари рази. Фал ин ӕй ку радзурдтонцӕ, Астархан лӕгмӕ ӕрцудӕй, зӕгъгӕ, уӕд ӕ цӕстисугӕй ӕхе ӕхснӕнгӕй загъта:
– Гӕрр, е ба куд адтӕй? Мади ном мӕбӕл нӕййес? Мӕ кизги мин ӕнӕ мӕн бафӕрсгӕй лӕгмӕ куд рарвистайтӕ?
Еци хузӕнӕй Хадизӕт Къорнати дуарӕй дууӕ уӕрдуни фӕстӕмӕ разелун кодта хӕкъурццӕй кӕугӕ. Нӕ бафунӕй ӕй ӕхсӕвӕй бони уӕнгӕ Хадизӕт, ӕ цӕстисугӕй ӕхе фехснадта. Ӕ цард кӕрӕй-кӕронмӕ ӕ цӕститӕбӕл рауадӕй, ӕма си зӕрдӕ цӕмӕй барохс адтайдӕ, еу уӕхӕн нивӕ нӕ рарттивта. Аслӕнбег, Алихан, Калахан, Батрадз, уӕдта, Къуадзихътӕй ӕма Хъарадзаутӕй ке ниццагъта Аслӕнбеги тогмӕ Салат, етӕ исистадӕнцӕ ӕ цӕстити рази.
– Цӕмӕн гъудӕй мӕ райгурд, кенӕдта мӕ цард? – гъуди кодта ӕхенимӕр Хадизӕт. – Фидбилизи хуасӕй уӕлдай ку неци пайда ӕрхастон. Цӕмӕн фесавдӕнцӕ ӕртӕ муггаги мӕн фудӕй?
Ӕма ӕцӕгӕйдӕр Хадизӕти сӕрбӕл фесавдӕнцӕ, сӕ халӕ, сӕ бӕндӕн исӕскъудӕй ӕртӕ муггагемӕн: Къорнатӕн, Хъарадзатӕн ӕма Къуадзихътӕн. Къуадзихъти ӕма Хъарадзаути хуӕздӕрти ниццагъта Салат, абӕрег ку фӕллигъдӕй, уӕд. Дууӕ муггаги ӕгириддӕр фезмӕлун нӕбал уагъта. Балци си ка рандӕуидӕ, уомӕн фӕстӕмӕ ӕ хӕдзарӕбӕл исӕмбӕлӕн нӕбал адтӕй. Нӕ син бӕхӕргъау уагъта, нӕ галӕргъау.
Салати ка фӕууидта, етӕ ‘й уотӕ фӕнзтонцӕ: сатӕгсау даргъ закъӕ рауагъта ӕ астӕуи уӕнгӕ, ӕ сӕрбӕл ходӕ дӕр нӕбал никкодта, Аслӕнбеги марди рази ку басоми кодта, уӕдӕй ардӕмӕ ӕма лӕг – арси хузӕн иссӕй.
Къуадзихътӕ ӕма Хъарадзаутӕ сӕ гъаст Терки бӕсти хецау инӕлармӕ бахастонцӕ – Къорнати Салат нӕ цӕрун нӕбал уадзуй, зӕгъгӕ. Инӕлар рарвиста Салати ӕрахӕссунмӕ ӕфсӕдтӕ, фал – кӕми дӕлзӕнхӕ фӕцӕй. Ӕма амал ку нӕбал адтӕй, уӕд инӕлар уӕхӕн дзурд равардта: «Салати ка ӕрахӕсса, уомӕн – ӕртӕ мин соми. Цъух ибӕл ка бахӕсса, кенӕдта ‘й ка рамара, уомӕн ба мин соми».
Ӕма ибӕл кадӕр бацъух кодта ӕма ‘й 1910 анзи ӕрахӕстонцӕ хецауадӕ ӕма ‘й ӕнӕнгъудӕй Сибирмӕ рарвистонцӕ. Айдагъдӕр си ӕртӕ анзи бафӕразта косун, уӕдта 1913 анзи исигъустӕй ӕ рамӕлӕти хабар.
Уой фӕсте ин е ‘мбӕлттӕй кадӕр ӕ къарӕ дӕр исӕрвиста Къорнатӕмӕ – ӕ къӕхтӕ ӕма ӕ къохтӕбӕл хъадаматӕ, уотемӕй…
РЕДАКЦИЙӔЙ.
Идарддӕр дӕр гъавӕн ауӕхӕн таурӕхътӕ нӕ газети мухур кӕнун. Уӕ бон ӕй, нӕ хъазар газеткӕсгутӕ, ӕма нин фегъосун кӕнетӕ, циуавӕр таурӕхътӕ хуӕздӕр уидӕ ниммухур кӕнун.