КУСТИ БУНӔТТӔ – ДОНБАССИ ЦӔРГУТӔН
Цӕгат Иристони Хецауадӕ цӕттӕ ‘нцӕ, ку багъӕуа, уӕд Донецки Адӕмон Республикӕ ӕма Лугански Адӕмон Республики ӕнӕбари раледзгутӕн кусти бунӕттӕ байагорунмӕ.
Уой туххӕй республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло загъта: «Мах цӕттӕ ан Донбасси цӕргути исиуазӕг кӕнунмӕ. Нур дӕр сӕ есун райдӕдтан. Косун ке фӕндӕуа, уонӕн дӕр фӕййагъаз кӕндзинан. Махмӕ нуртӕккӕ ес 17 мин уӕгъдӕ бунати, ӕма лигъд адӕм ку ‘рцӕуонцӕ, уӕд фӕууиндзинан, ци кӕнгӕ нин ӕй, уой. Нур ба бал цӕттӕ ан алцӕмӕ дӕр».
Раздӕр куд игъосун кодтан, уотемӕй 17 сувӕллони – спортсменти фиццаг къуар ӕрцудӕй Донбассӕй. Ӕдеугурӕй Донецки ӕма Лугански Адӕмон республикитӕй ӕнӕбари сӕ цӕрӕн бунӕттӕ ка ниууагъта, етӕ 14 рауӕнеми рӕстӕгмӕ ӕрцӕрдзӕнӕнцӕ Цӕгат Иристони. Республикӕ исиуазӕг кӕндзӕнӕй 1 мин адӕймагей бӕрцӕ.