ЛÆГИ АРФИАГ ФÆЛЛОЙНÆН – АККАГ КАДÆ!..
Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Лæги арфиаг фæллойнæн аккаг кадæгонд гъæуама цæуа!..» Уобæл арази уогæй, хъæбæр æхцæуæн нин адтæй æцæгæй цийнаг хабар: берæ æнзти дæргъи е ’нæзæрдихудт куст æма фæллойнадон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй Уæрæсей Федераций Президенти Указмæ гæсгæ Битарти Зелимхани фурт Вячеслав хуарзæнхæгонд æрцудæй «Кади орден»-æй.
Федарæй ни æруагæс кæнуй, Битари-фурт бæрзонд паддзахадон хуæрзеуæгæй хуарзæнхæгонд ке ’рцудæй, е æхцæуæн æй нæ Иристони еугур дзиллæн дæр, зæрдиагæй ибæл цийнæ кæнунцæ. Уомæн æма ’й нæ еугур дæр зонæн, æ рæстуод фæллойнæй нæ республикæн дæр æма нæ адæмæн дæр цæйбæрцæбæл берæ хуæрзти бацудæй æма цæуй, уой.
Уæлдай зæрдæхцæуæнæй ин арфæ кæнæн мах дæр – газет «Дигорæ»-йи редакций коллектив – мах дæр си хайгин ан æ ауодундзийнадæй. Уомæй си хъæбæр боз ан, æма ин нæ зæрдæ зæгъуй уоди федардзийнадæ, æнæнездзийнадæ, никки агъазиаудæр æскъуæлхтдзийнæдтæ ин бантæсæд нæ Иристони сæрбæлтау, нæ дзилли хуарзæн.
Республикон газет «Дигорæ»-йи редакций коллектив