21 ноября 2024

ӔМА Ӕ КАРНӔ ИССӔЙ ӔНОСОН КАДӔ…

23.01.2021 | 10:44

Мухарбег (дуккаг рæнгъи галеуæрдигæй) æ тугъдон æмбæлтти хæццæ фронти.

Финддӕс ӕма ӕртинсӕй анзей размӕ 1945 анзи деденӕгкалгӕ майи немуцаг фашизм хорхгонд ӕрцудӕй ӕ сау лӕгӕти – ӕма Берлини сӕрмӕ исфелаудта Уӕлахези советон туруса. Уоййадӕбӕл фӕцӕй Устур Фидибӕстон тугъд. Гъо, тугъдон архӕйдтитӕ фӕцӕнцӕ, фал нӕ адӕмӕн, еци дуйнетӕбӕл уӕди уӕнгӕ ка некӕдма ӕрцудӕй, уоййасӕбӕл тогниккалди тугъди гъезӕмӕрттӕ ӕгӕронӕй ка бавзурста, уонӕн ба нӕма фӕцӕй. Нӕма фӕцӕй – уомӕн ӕма, уӕдӕй абони уӕнгӕ кӕд цалдӕр фӕлтӕри райрӕзтӕй, уӕддӕр содзгӕ ристӕй ресунцӕ, тугъд фӕуунӕй фӕстӕдӕр ка райгурдӕй ӕма ин ӕ хабӕрттӕ еске имисуйнӕгтӕмӕ гӕсгӕ ка зонуй, сауӕнгӕ уони зӕрдитӕ. Еци дӕсгай ӕнзти сӕрти ма нӕмӕ ӕрбайгъусунцӕ, ӕ хъазауатонтӕ ӕма уони ӕхсаргин хъиамӕтти туххӕй нури уӕнгӕ зундгонд ка нӕ адтӕй, еци ӕвдесӕнтӕ. Уӕдта, ӕвӕдзи, идарддӕр ма нӕма игъусдзӕнӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ некӕд фӕууодзӕнӕй нӕ дзилли дзубанди, ӕверхъаудӕр ӕма хъазауатондӕр ка адтӕй, еци тугъди туххӕй. Уомӕн ӕвдесӕн, мӕнӕ уин нур ци цауи кой ракӕнуйнаг ан, е дӕр.

Устур Фидибӕстон тугъди бӕгъатӕртӕй еу адтӕй Тускъати Басай фурт Мухарбег дӕр. Орджоникидзей фестӕгӕфсӕддон тугъдон училищей рауагъдон, е 1942 анзи январи рандӕй фронтмӕ.

Сурхӕфсӕддон Тускъати Басай фурт Мухарбеги Сурх Стъалуй орден лӕвӕрд ӕрцудӕй ӕ фурти фурт Тускъати Тайморазмӕ, республики Хецауади Сӕрдармӕ.

Орджоникидзейаг фестӕгӕфсӕддонти тугъдон училищей рауагъдонмӕ тугъди будурмӕ фӕдздзурдтонцӕ 1942 анзи январи мӕйи. Архайдта Хъирим фудӕзнагӕй исуӕгъдӕ кӕнунбӕл, равдиста лӕгдзийнадӕ ӕма бӕгъатӕрдзийнади ӕууӕлтӕ. Цалдӕр хатти уӕззау цӕфтӕ фӕцӕй, контузи дӕр райста, фал, ӕхе исдзӕбӕх кӕнгӕй, раздахтӕй тугъдмӕ.

Руслан æ фидæ Мухарбегæн циртдзæвæни рази.

Лейтенант Тускъати Мухарбег ци ӕхсгути взводӕн разамунд лӕвардта, е уӕлдай хъӕбӕрдӕр фескъуӕлхтӕй, гъӕу Томашевки размӕ ци тугъд рауадӕй, уоми. Е ‘фсӕддонтӕ ниппурхӕ кодтонцӕ сӕдӕгай знӕгти, уой хӕццӕ ба ма си дууадӕс немуцаги, се ‘хсӕн афицертӕ дӕр, райстонцӕ уацари. Еци ӕнтӕстдзийнади туххӕй Тускъай-фурти бавдистонцӕ, цӕмӕй ин лӕвӕрд ӕрцудайдӕ Сурх Стъалуй орден.

Фал бӕгъатӕрӕн ӕ тугъдон хуӕрзеуӕг райсун нӕ бантӕстӕй, Сапун-Горай бунмӕ карз тугъдтити фӕммард ӕй… Ӕфсӕддон кадӕгӕнӕн мадзӕлттӕ ин исаразгӕй, 1944 анзи 8 майи ӕй байвардтонцӕ Симферопойлаг райони гъӕу Верхний Чоргуни.

Уӕдӕй ардӕмӕ цӕйбӕрцӕ ӕнзтӕ рацудӕй, фал ӕдзард бӕгъатӕр тугъдони ном иронх нӕй, ӕ хуӕрзеуӕг дӕр нӕ фӕдздзӕгъӕл ӕй, исӕмбалдӕй ӕ райгурӕн зӕнхӕбӕл. Ӕрӕги республики ӕфсӕддон комиссар Абрил Абдуллаев, ветеранти республикон Совети сӕрдар Фриати Хъазбег ӕма архивон служби разамонӕг Тебиати Еленӕ Тускъати Мухарбеги еци тугъдон хуӕрзеуӕг цитгин уавӕри равардтонцӕ ӕ фурт Руслани (гъулӕггагӕн, е дӕр абони цардӕгас нӕбал ӕй…) фурт Тайморазӕн. Е син зӕрдиагӕй райарфӕ кодта, ӕ фиди фиди тугъдон карни хабӕрттӕ исбӕлвурд кӕнунбӕл уоййасӕбӕл лӕмбунӕгӕй ке байархайдтонцӕ, Фидибӕсти сӕрбӕлтау хъазауатонӕй тохгӕнгути хъиамӕттӕ исцитгин кӕнун ӕма Устур Фидибӕстон тугъди историон рӕстдзийнадӕ багъӕуай кӕнуни туххӕй цӕйбӕрцӕбӕл ӕновудӕй фӕллойнӕ кӕнунцӕ, уой фӕдбӕл.

Тускъати Мухарбеги тугъдон цардвӕндаги хабӕрттӕ нерӕнгӕ ӕнхӕстӕй бӕлвурдгонд нӕма ӕрцудӕнцӕ, фал си уӕддӕр цидӕртӕ ба зундгонд ӕнцӕ, ӕма сӕ радзоруйнаг ан…

Цудӕнцӕ тугъдмӕ Тускъати ӕнсувӕртӕ…

Æдзард тугъдон ТУСКЪАТИ Басай фурт Мухарбеги тугъдон хуæрзеуæг æ фурти фурт Тайморазмæ равардта нæ республики æфсæддон комиссар Абрил АБДУЛЛАЕВ

Тускъати Басай фурт Мухарбег айдагъ гъӕубӕсти ’хсӕн нимади лӕг нӕ адтӕй, фал ӕй ӕнӕгъӕнӕ Дигори дӕр хуарз зудтонцӕ. Чиколай фӕсевӕдӕй советон доги тӕккӕ райдайӕни фиццагидӕр устур ахургонддзийнадӕ ка райста, уонӕй еу е адтӕй. Фӕстӕдӕр ӕнтӕстгинӕй фӕккуста берӕ бӕрнон рауӕнти. Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд Тускъати Басай фондз фуртемӕй ӕртемӕн – Дзахо, Гӕмӕти (Мӕхӕмӕт) ӕма Омарӕн – фронтмӕ ӕрветӕн сӕ карӕмӕ гӕсгӕ нӕбал адтӕй, фал сӕ дууӕ кӕстӕри – Тазӕрет ӕма Мухарбег – ба фиццӕгти хӕццӕ, 1941 анзи рандӕ ‘нцӕ фронтмӕ, ӕнауӕрдонӕй тох кодтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ. Сӕ дууӕ дӕр бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕнцӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау. Уони туххӕй, гӕнӕн куд исуа, уомӕ гӕсгӕ иссердзинан фадуат бӕлвурддӕрӕй радзорунӕн.

Мухарбег, ка ’й зудта, етӕ куд дзорунцӕ, уотемӕй адтӕй ездон ӕма ӕгъдаубӕлхуӕст лӕг, адӕми размӕ ихӕслӕдӕрӕг. Фронти уогӕй уӕхӕн уӕззау цӕфтӕ фӕцӕй, ӕма ’й сӕхемӕ рарвистонцӕ, гъома, тугъди уни аккаг нӕбал дӕ, зӕгъгӕ. Фал сӕхемӕ цанӕбӕрӕг фӕцӕй, уӕдта бабӕй ӕхе барвӕндонӕй нӕуӕгӕй тугъдмӕ рарветун кодта – гъӕуи уогӕй уотӕ ӕнгъалдта, цума, уӕд знаги нихмӕ ка тох кодта, уони хеуӕнттӕ имӕ уайдзӕфи каст кодтонцӕ. Ӕма бабӕй фронти нӕуӕгӕй уӕззау цӕфтӕ фӕцӕй, уонӕй ӕй бадзӕбӕхтӕ кӕнуни туххӕй ӕй исластонцӕ Грознамӕ. Уордӕмӕ имӕ, еци уӕззау ӕма тасдзийнӕдтӕй ӕ тӕккӕ идзаг рӕстӕгути, бабӕрӕг кӕнунмӕ нихъхъӕрдтӕй ӕ цардӕмбал Дебӕ (Цорити Сабей кизгӕ), сӕ дзедзедай фурт Руслан дӕр ӕ хӕццӕ, уотемӕй.

Мухарбег ӕ цӕфтӕй ку бадзӕбӕхтӕ й, уӕд бабӕй тугъдмӕ рандӕй… Уоййадӕбӕл ӕ райгурӕн хӕдзарӕбӕл нӕбал исӕмбалдӕй – 1944 анзи 8 майи бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй Севастополь знагӕй уӕгъдӕ кӕнуни тугъдтити, Сапун-Гора ке хонунцӕ, уой рӕбунти… Фӕстӕдӕр Руслан, ӕхе зӕрди фӕндонӕй ӕма ӕ мади фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнгӕй, ӕ фурт Тайморази хӕццӕ бабӕрӕг кодтонцӕ, ӕ фидӕ Мухарбег кӕми тох кодта, кӕми фӕммард ӕй, еци рауӕнтӕ, кӕми нигӕд ӕй ӕ тугъдон ӕмтохгӕнгути хӕццӕ, уоми ин циртдзӕвӕн дӕр ниввардтонцӕ (уинетӕ сӕ, мӕнӕ абони ци къартӕ мухур кӕнӕн, уонӕми).

ТУСКЪАТИ–ЦОРИТИ Дебæ æ фурт Руслани хæццæ.

Дебӕ, ӕригон бийнойнаг уогӕй, седзӕргӕсӕй райзадӕй ӕ дзедзедай сувӕллони хӕццӕ. Фал имӕ уоди уӕхӕн хъаурӕ разиндтӕй, ӕма ӕ нифс нӕ расастӕй, ци зинтӕ ӕма тухститӕ ӕвзаргӕ ин рауадӕй, уонӕн уотид ниббухсун нӕ, фал си фӕхъхъаурӕгиндӕр ун бафӕразта. Ӕ еунӕг фуртӕн ӕ цард иснивонд кӕнгӕй, уодуӕлдайӕй архайдта, цӕмӕй ин е ӕ седзӕрдзийнадӕ ӕгириддӕр мацӕмӕй бавзара, маци гъӕуагӕ уа, ӕ царди надбӕл ӕнӕкъулумпийӕй ӕ зӕрди фӕндитӕ ӕнхӕст кӕнун ин ӕнтӕса. Ӕма ӕ еци фӕндӕ ӕнхӕст кӕнун ӕ къохи ӕфтудӕй.

Еугур еци хабӕрттӕ нимайгӕй, уотӕ зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма Дебӕ уомӕй арфиаг разиндтӕй куд мадӕ, уотӕ тӕккӕ хуӕздӕр хузи кӕрӕй-кӕронмӕ банхӕст кодта ӕ ихӕстӕ. Фал уӕлдай арфиаг ба уомӕй адтӕй, ӕма ӕ фуртӕн хуарз цӕйбӕрцӕ кодта, уомӕй фулдӕр ба си агоргӕ кодта – адӕми ‘хсӕн федауцӕй цӕрунӕй, ӕмгӕртти хӕццӕ уарзонӕй ӕма кӕрӕдзей нимайгӕй, агъаз ке багъӕуа, уомӕ фӕккӕсун ӕма берӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттӕй. Тарстӕй ин, ӕвӕдзи, ӕгӕр боцхаст си куд нӕ рауайа, адӕми ‘хсӕн естӕмӕй ку нӕ исфедауа, уомӕй. Ӕма Руслан дӕр, куд фӕззӕгъунцӕ, е ’дзард фидӕ, ӕ уарзон мадӕн аккаг фуртӕй райрӕзтӕй. Адӕми ’хсӕн хӕларзӕрдӕй цардӕй, рӕстуодӕй ӕ карни хабӕрттӕ кодта.

***

…Руслан, гъулӕггагӕн, абони цардӕгас кӕд нӕбал ӕй (цалдӕр анзей размӕ банӕхстӕр ӕй е ‘носон дуйнемӕ, рохсаг уӕд…), уӕддӕр ӕ фидиуӕзӕги цардвӕндаг нӕ банидӕн ӕй, федауцӕй раидарддӕр ӕй ӕ цӕуӕти, ӕ фурт Таймораз ӕма ӕ кизгуттӕ Зӕлинӕ ӕма Мӕдини арфиаг гъуддӕгутӕй… Уогӕ е ӕй хецӕн дзубандий аккаг ӕма ‘й, ӕвӕдзи, ракӕндзинан ӕндӕр хатт… Абони ба ма уой зӕгъуйнаг ан, ӕма ӕцӕгӕй раст ӕй курухон загъд: «Неке ӕй иронх, неци ӕй иронх…» Ӕма нӕ дзиллӕй ӕностӕмӕ иронх нӕ уодзӕнӕнцӕ нӕ Фидибӕсти бӕгъатӕрти рохс нӕмттӕ…