Ӕ МАДДӔЛОН ӔВЗАГ АЛКӔМӔН ДӔР МАДИ АДӔ КӔНУЙ!..
Ӕрӕги, 21 феврали адтӕй маддӕлон ӕвзаги Ӕхсӕнадӕмон бон. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ махмӕ, Цӕгат Иристони, хузӕнонӕй бӕрӕггонд не ‘рцудӕй. Уотемӕй ба бӕргӕ ӕнгъизтӕй – нӕ республики ци берӕ адӕмихӕттитӕ цӕруй, уонӕй алкӕмӕн дӕр ес ӕхе маддӕлон ӕвзаг ӕма еци бон еумӕйаг бӕрӕгбони фӕрӕзнӕ иссайдӕ, еци адӕмти ‘хсӕн кӕрӕдзей нимайундзийнадӕ ӕма лӕдӕрундзийнади рахастдзийнӕдтӕ фӕййахедгӕдӕр кӕнуни гъуддаги.
Никки хъӕбӕрдӕр аци бӕрӕгбони фӕдбӕл рӕстзӕрдӕй ӕма цӕстуарзон мадзӕлттӕ аразун гъӕуй, уомӕн ӕма нӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕззиннуй уӕхӕн «зундамонгутӕ», кӕцитӕ исдзурдтаг кӕнунцӕ нӕ рагфидтӕлтӕй рӕстӕгути аллихузон бурдӕнтӕн ниффӕразгӕй нӕмӕ ци фӕткӕ ӕрбахъӕрдтӕй, уой райдзастдзийнадӕ, гъома, ирон ӕма дигорон ӕвзӕгти баргъондзийнадӕ. Ӕма гъӕуама цийнӕ кӕнӕн, ӕгайтима догӕй-догӕмӕ ӕмдзӕуинтӕ ‘нцӕ, кӕрӕдзей сӕ федауцӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ.
Уогӕ еци фарста хецӕн дзубандий аккаг ӕй ӕма ибӕл рӕхги ӕнӕмӕнгӕ бӕлвурддӕрӕй ӕрдзубанди кӕндзинан. Абони ба нӕ зӕгъуйнӕгтӕ зӕгъӕн нӕ маддӕлон ӕвзаги туххӕй еумӕйагӕй (кӕсетӕ ӕрмӕг «МАДДӔЛОН ӔВЗАГБӔЛ ЗӔРДӔЙЙЕВӔН НӔЙЙЕС!..»).