26 декабря 2024

НАМУСÆН ИГУРД АДТÆЙ, НАМУСГИНÆЙ ЦАРДÆЙ…

22.07.2022 | 17:29

Номдзуд немуцаг финсæг Иоганн Гете уотæ финста: «Хе базонæн кутемæй ес? Æнцад косгæй нæ, фал архайди фæрци. Дæ ихæс исæнхæст кæнунмæ бавналæ æма базондзæнæ, ци дæмæ ес, ци æй дæ бон, уой…» Аци зундгин фæдзæхст лескейнаг лæхъуæн Хайти Моисейи фурт Лазæр фегъустайдæ æви нæ, уой нæ зонæн, фал нæ бон æй уой зæгъун, æма æ царди хабæрттæ аразта раст еци гъудимæ гæсгæ. Æма абони кæд не ‘хсæн нæбал æй, уæддæр ин æ рохс ном дзиллæ имисунцæ, æ карни хабæрттæ ин ракæнунцæ кæстæртæн, цæмæй æй етæ дæр фæнзонцæ, рæстзæрдæй æма æнтæстгинæй аразонцæ сæ цардиуагæ.

Абони мах дæр имисæн нæ адæми номдзуд лæгтæй еу, Хайти Лазæри – уой туххæй æрмæг кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.