ӔНОСТӔМӔ ЦАРДГЪОН УӔНТӔ НӔ ФИДИБӔСТИ РАГДОГОН ӔВДЕСӔНТӔ!..
Куд ма игъосун кодтан, уотемӕй Иристон бӕрӕг кӕндзӕнӕй ӕ Киристон исаргъуди 1100 анзей юбилей. Еци бӕрӕгбон цӕмӕдессаг айдагъ ӕмбурдтӕ, фембӕлдтитӕ, равдиститӕ ӕма ӕндӕр мадзӕлттӕй нӕ уодзӕнӕй, фал нӕ республики цӕргутӕ ӕма дуйней алли рауӕнтӕй ӕрцӕуӕг иуазгутӕ банкъардзӕнӕнцӕ рагдзаманти ӕности комиуолӕфт, фӕууиндзӕнӕнцӕ скифтӕ, сарматтӕ ӕма аланти догти арӕзтӕдтӕ, ирон адӕми фидтӕлти цард ӕма культурон хӕзнатӕ.
Иристонӕй гъӕздугдӕр истори ба берӕ адӕмтӕмӕ уогӕ дӕр нӕййес. Мингай ӕнзтӕ ци рагон объекттӕбӕл цӕуй, уонӕн сӕ фулдӕр никкалдӕнцӕ, сӕ дортӕ ниппурхӕ ‘нцӕ. Берӕ ӕнзти дӕргъи реставраци скӕнунӕн фадуӕттӕ ӕма гӕнӕнтӕ нӕ адтӕй. Фал ӕрцудӕй, нӕ бӕсти дӕснидӕр специалисттӕ-реставратортӕ нин нӕ фидтӕлти хӕзнатӕ фӕстӕмӕ раздахунбӕл архайун ку райдӕдтонцӕ, еци рӕстӕг.
Фарӕ реставраторти къуар «Скифос-РСК» бавналдта куститӕмӕ. Анзи дӕргъи сӕ къохи ци бафтудӕй исаразун ӕма аци анз цӕбӕл косдзӕнӕнцӕ, еци гъуддӕгути фӕдбӕл дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕрттӕн бӕлвурд радзурдтонцӕ къуари разамонӕг Петр Павлов ӕма реставраторон куститӕ ӕнхӕстгӕнӕг Байсонгъурти Мухтар.
Петр Павлов куд радзурдта, уотемӕй специалисттӕ архайунцӕ закъони бундорбӕл, куститӕ райдайунцӕ рагон культурон объекттӕ гъӕуай кӕнуни оргӕнти хӕццӕ бадзурд исаразуни ӕма паддзахадон историон-культурон экспертизӕ исаразуни ӕма барлӕвӕрд райсуни фӕсте.
– Аланистонбӕл исаргъуди 1100 анзей бӕрӕгбон агъазиау мадзал уодзӕнӕй. Истори ка уарзуй, дини уогӕй, дуйней цӕрӕг алли конфессити адӕмти хӕццӕ хӕлардзийнади тӕгтӕ ка бӕттуй, еци ӕхсӕнади медӕгӕ дӕр ӕ ахедундзийнадӕ зингӕ-зингӕ фӕббӕрӕг уодзӕнӕй – куд фарнӕхӕссӕг, уотӕ. Ӕма нӕ бӕрӕгбонмӕ ци дзиллитӕ ӕрцӕуонцӕ, – цӕугӕ ба, баруагӕс уи уӕд берӕ ӕркӕндзӕнӕй, уонӕй алли адӕймагӕн дӕр цӕмӕдессаг уодзӕнӕнцӕ алайнаг рагон объекттӕ фӕууинун.
Ӕма мах косӕн, архайӕн сӕ фиццагон хузӕ син раздахунбӕл. Еци гъуддаг ба ӕнӕ бунӕттон дӕсни косгутӕй нӕййес исӕнхӕст кӕнӕн. Бакустан цуппӕрдӕс рагон объектти реставраци скӕнуни фӕдбӕл наукон-проектон сметитӕбӕл. Сӕ еугурей туххӕй дӕр райстан барӕ нӕ куститӕн. Еци обекттӕй нерӕнгӕ дӕсеми куститӕ цӕунцӕ. Дууеми ба си – Дзӕуӕгигъӕуи Мади-Майрӕни аргъауӕни скӕсӕйнаг фарс ӕма Фӕрӕскъӕтти ковӕндони реставрацион куститӕ кӕронмӕ фӕцӕнцӕ евгъуд анзи.
Аци анз реставраци кӕнун райдайдзинан Зрукъи Мади-Майрӕни аргъауӕн, Дзӕуӕгигъӕуи ирон литературон музейи раззаг фарс ӕма Нари, Къостай хӕдзарӕ-музей. Зондзинайтӕ, Къостай хӕдзарӕ ӕма Зрукъи аргъауӕн лӕуунцӕ къӕдзӕхти фӕхстӕбӕл, къубурбӕл ӕма бал евгъуд анзи си сӕйрагдӕр еци фӕхстӕ, къубуртӕн сӕ фӕрстӕ ӕфсӕйнаг-бетонӕй ниффедар кодтан, цӕмӕй син ӕрдзон фӕззиндтитӕ сӕ кӕрӕнттӕ ма ихалонцӕ. Аци дууӕ объектебӕл куститӕ нин иннетӕй зиндӕр ӕнцӕ, уомӕн ӕма географион ӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕнцӕ нарӕг, къахнӕдтӕй уӕлдай техникӕн бацӕуӕн кумӕ нӕййес, уӕхӕн рауӕнти арӕзт ӕнцӕ.
Аци анзи ма косдзинан Дагоми ковӕндонӕ, Донисӕр ӕма Луари мӕсгутӕ иснӕуӕг кӕнунбӕл дӕр. Аци рауӕн нин ӕнӕмӕнгӕ агъаз кӕндзӕнӕнцӕ, мӕсгутӕ ци муггӕгтӕмӕ хаунцӕ, уӕдта Къумбултӕ, Дагом ӕма Фӕрӕскъӕтти ковӕндӕнттӕмӕ алли анз дӕр кувдмӕ ци муггӕгти минӕвӕрттӕ ӕрбацӕунцӕ, уони хестӕртӕ. Лӕмбунӕг нин амонунцӕ, федар, гӕнах, кенӕ мӕсуг циуавӕр адтӕнцӕ, куд конд адтӕнцӕ, сӕ арӕзт, еци хабӕрттӕ.
Хестӕрти дзубандимӕ гӕсгӕ нӕ къуари архитектортӕ исаразунцӕ объектти хузтӕ ӕма син уотемӕй базонӕн сӕ рагон хузтӕ. Пайда кӕнӕн рагон ӕрмӕгӕй. Сӕ дортӕ ба бунӕтти ‘нцӕ.
Ӕнцон нӕй реставратори куст. Нӕ нин ес барӕ рӕдуд ӕруадзунӕн дӕр. Гъӕуама объектӕн алли дор, алли минкъий хаййӕн дӕр рагон хузӕ уа, – загъта Петр Павлов.
Реставраторон куститӕ ӕнхӕстгӕнӕг Байсонгъурти Мухтар ба радзурдта, куститӕн сӕ фулдӕр хай Къумбулти ковӕндони ке фӕцӕй, уой фӕдбӕл.
– Бонигъӕдӕ нӕ хъӕбӕр хъор кӕнуй, карз думгитӕ нӕ косун нӕ уадзунцӕ, уомӕ гӕсгӕ нин уалдзӕгмӕ уадзгӕ ӕрцӕунцӕ нӕ куститӕ хуӕнхбӕсти. Специалистти хӕццӕ косунцӕ бунӕттон мастертӕ, дор ӕма гъӕдикуст хуарз ка зонуй, уӕхӕнттӕ. Луар, Донисӕр ӕма Дагоми гъуддӕгутӕ аци анз цӕунцӕ еци-еу рӕстӕг, цӕмӕй ӕмгъудмӕ нӕ куст фӕууӕн. Уомӕй уӕлдай, ӕнхӕст кӕнӕн ӕгъдауи домӕнтӕ дӕр. Беретӕ хуӕнхбӕсти бустӕги хуарз нӕ лӕдӕрунцӕ реставрацион кусти медес ӕма еуӕй-еу муггӕгти минӕвӕрттӕ еудадзуг сӕ цӕстӕ дарунцӕ аразгути кустмӕ. Е раст ӕй, уомӕн ӕма сӕхецӕй хуӕздӕр ка зонуй, бӕрӕг бӕлвурд объектти рагон историон хузӕ циуавӕр адтӕй, уой, – загъта Байсонгъурти Мухтар.
Нӕ уацхӕссӕг.