РÆСТБÆЛДЗОРÆГ ДЗУРДÆЙ – КОРРУПЦИЙ НИХМÆ!..
Коррупций нихмæ тохи рæстбæлдзорæг дзурд дæр тухгин мадзал æй. Уомæн æвдесæн – Цæгат Иристони фæндзæймаг хатт арæзт æрцудæй аллианзон конкурс «Дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ – коррупций нихмæ». Фæййархайунцæ си нæ республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити исфæлдистадон косгутæ. Уони ’хсæнæй исбæрæг кæнунцæ æртæ уæлахезони.
Æрæги бæрæггонд æрцудæнцæ аци анзи ериси хуæздæртæ.
Уой фæдбæл æрæги ци цитгин мадзал арæзт æрцудæй, уоми син нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади Администраций разамонæг Гобети Ибрагим исаккаг кодта кадгин дипломтæ.
Исфæлдистадон ериси фиццаг бунат байахæста Национ телекомпани «Осетия-Иристон»-и уацхæссæг Валерия Левченко, дуккаг бунат райста паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йи журналист Хетæгкати Зæлинæ æма æртиккаг бунат аккаггонд æрцудæй республикон газет «Северная Осетия»-й уацхæссæг Гогати Нателлæн.
Мадзали рæстæг æ радзубандий Гобети Ибрагим зæрдиаг арфитæ ракодта уæлахезонтæн æма загъта, коррупций нихмæ фарста кæддæриддæр ахсгиаг ке æй, уой:
– Аци конкурс нæ республики æхсæнадæн цæмæдесаг иссæй. Арфæ кæнун, анзи дæргъи уе ’рмæгутæ ке хъæртун кодтайтæ æма æхсæнади æргом ке раздахтайтæ аци ахсгиаг фарстамæ, уой фæдбæл. Уæ фæрци адæм зонунцæ, коррупций нихмæ циуавæр мадзæлттæ арæзт цæуй, еци хабæрттæ. Фарста бахузæнон кæнуни архайди хуарз бæрæггæнæнтæ дæр ес, æма абони дуйней геополитикон фæзи æдзæстуарзон паддзахæдтæ нæ нихмæ ци экономикон æма политикон тугъд иситинг кодтонцæ, е устур цæлхдортæ æвæруй нæ царди уавæртæн, нæ размæцудæн. Фал ни уæддæр федарæй æруагæс кæнуй, е, æма сæ фудвæндитæй ке неци рауайдзæнæй, сæ фудмиутæн син ке ниффæраздзинан, тагъд рæстæги нин нæ бæстæн ке ралæудзæнæй зæрдæмæдзæугæдæр догæ, æма бабæй нæ будурти бæркæдти центнертæ раздæри хузæн сæрустурæй нимайдзинан, нæ демографи æма экономикæ бæрзонд æмвæзадæбæл ислæудзæнæнцæ. Коррупци дæр сабургай æ бундзарæй кунæггонд æрцæудзæнæй.