27 декабря 2024

РАЙДЗАСТ КАРНИ ФАРНÆЙ ХАЙГИН УÆН ЕУГУРÆЙДÆР!..

10.06.2022 | 16:20

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой арфæ нæ республики дзиллæн Уæрæсей Бони фæдбæл.

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий хъазар цæргутæ!

Арфæ уин кæнун Уæрæсей Бони фæдбæл – ахсгиаг паддзахадон бæрæгбон æй, нæ Райгурæн бæсти, æ берæносон историй, нæ фидтæлти æма не ‘мдогонти бæгъатæр æскъуæлхтити, нæ царди алли къабæзти бæрзонд æнтæстити, æма нæ нифсгунæй нæ исонибонмæ цæрæццагæй ка кæсун кæнуй, еци еугур гъуддæгути нисанеуæг.

Нæ бæсти гъæздуг анзæрфинсти дзæвгарæ адтæй уæззау æма намусæйдзаг сифтæ. Уæрæсе еу æма дууæ хатти нæ исæмбæлидæ аллихузон цæлхдортæбæл, фал тæккæ уæззаудæр рæстæгути дæр нæ адæм тухæ иссеридæ, айдагъ нихмæ фæллæуунмæ нæ, фал фæууæлахез унæн дæр.

Истори цæстуингæ хузи бавдиста, нæ паддзахади хъаурæ ‘й æ берæ адæмихæттити еудзийнади, цæмæй исонибони фæлтæрти цард деденæг кала, уой фæххуæздæр кæнунмæ тундзундзийнади. Мæнæ нур дæр, аци тухст рæстæгути дæр федарæй æууæндæн, нæ арми ке бафтуйдзæнæй еугур æвзарæнти сæрти дæр сæрустурæй рахезун, уобæл. Иристони адæми карнæ æнгом баст æй Уæрæсей хæццæ. Фæрсæй-фарсмæ еумæ рацудан намуси нæдтæбæл, æвæллайгæй æма лæгæмдухæй нæ паддзахади экономикæ æма хуæдбарæдзийнадæ ирæзун æма федардæр кæнгæй. Нуртæккæ дæр мах, Уæрæсей еугур адæмти дæр еу кæнуй еу нисан – Фидибæсти тухгин, цардгъон æма идарддæри ирæзт.

Аци бæрæгбони мæ зæрдæ зæгъуй нæ республики еугур цæргутæн дæр федар æнæнездзийнадæ, фæллойни – æнтæститæ, фарнæ æма амондæй хайгин ун, нæ цитгин паддзахади идрддæри ирæзти хуæрзагадæн.