САБУРДЗИЙНАДӔМӔ НАД – АЙЙЕВАДИ ХЕДБӔЛ!..
Нури, берӕ цӕмӕйдӕрти тухстаг уавӕрти уӕлдай хъӕбӕрдӕр ни ӕруагӕс кӕнуй, адӕмтӕ ӕнсувӕрти хузӕн, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма нимайгӕй ку цӕронцӕ, ӕмзунд-ӕмвӕндӕй ку архайуонцӕ, уӕд е цӕйбӕрцӕбӕл ахсгиаг ӕй сӕ еугуремӕн дӕр сӕ карни хабӕрттӕ ӕнтӕстгинӕй аразунӕн. Уой ка лӕдӕруй, етӕ уой сӕрбӕлтау рӕстзӕрдӕй архайгӕ дӕр кӕнунцӕ. Ӕма уомӕй кӕрӕдземӕн зӕрдрохсдзийнадӕ хӕссунцӕ. Уомӕн ирд ӕвдесӕн иссӕй, ӕрӕги Ирон театри ци зӕрдӕмӕдзӕугӕ мадзал арӕзт ӕрцудӕй, е дӕр. Уой туххӕй ӕрмӕг кӕсетӕ 2-аг фарсбӕл.
Кӕддӕри фӕрнӕйдзаг ӕма алли адӕмихӕттити минӕвӕртти хӕлардзийнадӕй райдзаст Украинӕй ецирдигон националисттӕ зиндонӕ ке исаразтонцӕ, уой фудӕй си фӕлледзӕги ‘нцӕ хъӕбӕр берӕ дзиллӕ – уӕлдайдӕр ба силгоймӕгтӕ сӕ сабийти хӕццӕ. Куд ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей, уотӕ уони зӕрдиагӕй исиуазӕг кодта Цӕгат Иристон дӕр.
Еци тухст адӕмӕн агъазгонд цӕуй. Уӕхӕн арфиаг гъуддагӕй еуварс нӕ ‘нцӕ аййевади архайгутӕ дӕр, сӕ исфӕлдистадӕй сӕ барӕвдаунцӕ, сӕ рист зӕрдити син нифси рохс бауадзунцӕ, цӕмӕй сӕмӕ фӕззинна нифс, исонибони сӕ уавӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр ке фӕууодзӕнӕй, уой туххӕй ӕууӕнкӕ.
Ӕрӕги ба арӕзт ӕрцудӕй ахсгиаг мадзал: иссудӕнцӕ нӕ республикӕмӕ Донецки адӕмон республики кафт ӕма зари паддзахадон академион ансамбль «Донбасс»-и искурдиадӕгин артисттӕ ӕма Цӕгат Иристони кафти паддзахадон академион ансамбль «Алан»-и кафгути хӕццӕ еумӕ Тӕбӕхсаути Балой номбӕл Ирон академион театри равардтонцӕ хуӕрзауодӕн концерт. Ӕнсувӕрон республикити зундгонд аййевадон коллективӕн, уой фӕдбӕл арфӕ ракӕнунмӕ ӕма син сӕ аййевадӕ фӕууинунмӕ театрмӕ ӕрбацудӕй берӕ адӕм. Се ‘хсӕн адтӕнцӕ, Украини сахартӕй ӕма гъӕутӕй Иристонмӕ рӕстӕгмӕ ка ‘рцудӕй, еци лигъд адӕм.
Концерти рӕстӕг иуазӕг аййевадон коллективи кафгутӕ равдистонцӕ хореографион композицитӕ «Донецкаг биццеутӕ», «Азови флоти денгизонтӕ», «Бӕрзӕбӕласӕ». Сӕ зартӕгӕнгутӕ ба адӕми зӕрдитӕ барохс кодтонцӕ сӕ адӕмон, уӕрӕсейаг ӕма советон зундгонд поэтти ӕма композиторти финст зартӕй – «Рацӕудзӕнӕн гъӕунгӕмӕ», «Донбасси туххӕй ракувд», «Калинка», «Бубенцы», «Е мӕ зӕрдӕмӕ цӕуй».
Нӕ фидтӕлти намус, нӕ кизгутти хуӕрзӕгъдаудзийнадӕ, ездондзийнадӕ, нӕ лӕхъуӕнти ӕхсарӕ ӕма лӕгдзийнадӕ ци кӕфтити зиннуй, уони ракодтонцӕ нӕ номдзуд хореографион ансамбль «Алан»-и артисттӕ. Концертмӕ ‘рбацӕугутӕ хъӕбӕр бацийнӕ кодтонцӕ «Симд», «Хонгӕ», «Алантӕ», «Хуӕнхаг кафт», «Кизгутти кафт» ӕма ӕндӕр кӕфтитӕбӕл.
Концерти кӕронбӕттӕни нӕ хъазар иуазгутӕн зӕрдиагӕй райарфӕ кодта нӕ республики культури министр Галазти Эдуард:
– Зӕрдиагӕй уин арфӕ кӕнӕн, нӕ хъазар иуазгутӕ! Нури уӕззау рӕстӕгути дӕр уӕ бӕрзонд, зӕрдӕскъӕфгӕ хореографион ӕма вокалон композицитӕй адӕми зӕрдитӕ ке рохс кӕнетӕ ӕма, нӕ республикӕ хъӕбӕр сӕрустур кӕмӕй ӕй, нӕ аййевади тӕккӕ зундгонддӕр аййевадон коллектив – академион ансамбль «Алан»-и хӕццӕ уе ‘сфӕлдистадон бастдзийнӕдтӕ ке федар кӕнетӕ, е нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Сабур арви буни уӕ аййевади артӕй исонибони дӕр мингай адӕми зӕрдитӕ куд рохс кӕнайтӕ, еци амонд уӕ уӕд!.. Мах ан Уӕрӕсей еу хай ӕма ӕнӕдузӕрдугӕй алкӕддӕр уӕлахезон уодзинан!..
Кафти ӕма зари академион ӕскъуӕлхт ансамбль «Донбасс»-и генералон директор ӕма аййевадон разамонӕг Ольгӕ Горячева ба нин куд радзурдта, уотемӕй ма уӕхӕн хуӕрзауодӕн концерттӕ ӕвдесдзӕнӕнцӕ Цӕгат Кавкази иннӕ респубикити ӕма нӕ бӕсти ӕндӕр крайти профессионалон аййевадон коллективти хӕццӕ дӕр. Ци ӕхца си ӕрӕмбурд кӕнонцӕ, уомӕй ба байагъаз кӕндзӕнӕнцӕ Украини сабур цӕрӕг адӕмӕн.
Хуӕрзауодӕн проект царди рауадзуни хъӕппӕрес фӕззиндтӕй паддзахадон федералон кустуат «Росконцерт»-мӕ.
ГАСАНТИ Валерий