06 декабря 2024

СУГЪЗÆРИЙНÆ ЛÆДЗÆГÆЙ БÆГЪАТÆРДЗИЙНАДÆ ХУÆЗДÆР!

29.02.2024 | 15:00

Уотæ зæгъиуонцæ нæ рагфидтæлтæ, æма еци гъуди зундамонæн фæдзæхсти хузи нæ адæми еугур фæлтæртæн лæдæрд адтæй. Æма æнхæстгонд дæр цудæй – алкедæр архайдта, цæмæй æ кæстæртæ, бауæрæй хъаурæгин куд уонцæ, уотæ сæ уодиконд федар, багъæуаги бæгъатæрæй фескъуæлхунгъон дæр куд уонцæ. Уой туххæй советон доги берæ аллихузон ахедгæ мадзæлттæй пайдагонд цудæй. Етæ бæргæ хуарз адтæнцæ, фал советон цардарæзти фехæлди хæццæ, уонæбæл, гъулæггагæн, раустурзæрдæ ’нцæ «нæуæг цардаразгутæ». Уомæй цæйбæрцæбæл æнæраст адтæнцæ, уой балæдæрдтæнцæ, æма еци рæдуд исраст кæнуни туххæй цидæртæ æнхæстгонд цæуй. Зæгъæн, парахат кæнуй кадетон ахурадæ.

Æма Цæгат Иристони еци гъуддаги райрæзти фæдбæл æрæги арæзт æрцудæй сæрмагонд форум.

Нæ республики ахуради æма науки министр Алибегти Эллæ æ радзубандий баханхæ кодта:

– Цалдæр анзей размæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хъæппæресæй скъолати нæмæ фæззиндтæнцæ кадетон кълæстæ. Фиццаг байгон кодтонцæ æхсæрдæс уæхæн къласи, нуриуæнгæ ба сæ нимæдзæ ’й финддæс æма дууинсæй. Еу минемæй фулдæр ахурдзауи цæунцæ уæхæн кълæстæмæ. Ке зæгъун æй гъæуй, етæ исонибони еугурæйдæр æфсæддонтæ нæ исуодзæнæнцæ. Фиццагидæр, е хуарз æй райрæзтæн сувæллæнтти хæццæ кусти. Мах сæрустур ан нæ кадетон ахурадæй, æз уинун, нæ сувæллæнттæн «патриотизм», «Фидибæстæ» хумæтæг дзурдтæ ке нæ ’нцæ æма е хъæбæр æхцæуæн гъуддаг æй.

Форуми архайгутæ æрдзурдтонцæ Цæгат Иристони скъолати кадетон æзмæлди райрæзтбæл, æхцæуæнæй баханхæ кодтонцæ нуриуæнгæ кадетти бæрцæ ке фæффулдæр æй, уой.

Скъолати аци гъуддаги фæдбæл уавæртæ еухузон кæнунцæ, скъоладзаути хуæрзгъæдæ ахурадæн ес фадуæттæ, берæ уæхæн кълæстæ байгон æнцæ республики хумæтæг скъолати.