26 декабря 2024

ТЕРРОРИЗМИ НИХМÆ – ГЪÆУГÆ МАДЗÆЛТТÆ

30.06.2023 | 23:21

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло ин разамунд лæвардта, уотемæй æрæги арæзт æрцудæй терроризми нихмæ архайди къамиси æмбурд. Дзубанди си ци фарстати фæдбæл цудæй, уонæй еу адтæй, тугъдон цаутæ кæми цæунцæ, уордигæй нæмæ ци сувæллæнтти æрбаласунцæ æма ци бийнонтæ исиуазæг кæнунцæ, уони хæццæ куст аразуни уавæр. Фæллойни æма социалон ирæзти министр Айдарти Алинæ куд фегъосун кодта, уотемæй еугур бийнонтæмæ дæр ес гъæугæ цæстдард, агъазгонд си цæуй.

Æмбурди дзубанди цудæй, бастдзийнади æма конфессионалон организацити объекттæ терроризми фудракæндтитæй багъæуай кæнуни туххæй мадзæлттæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уобæл дæр. Куд рабæрæг æй, уотемæй абони бастдзийнади 187 объектемæй æдасдзийнади паспорти хецæуттæ иссæнцæ 168. Идарддæр дæр куст цæудзæнæй иннæ кустуæтти дæр, уæлдайдæр ба информацион инфраструктури, уæдта дини нисанеуæги объекттæ террорæй багъæуай кæнуни фæдбæл.

Республики национ политикæ æма æндагон бастдзийнæдти министр Бæгъиати Алан куд радзурдта, уотемæй 2020-2022 æнзти дæргъи республики динти организацити номхигъд федаргонд æрцудæй – нуртæккæ си ес 58 объекти, уонæй 53 æнцæ æдасдзийнади паспорти хæццæ.

Разамонæги дзубандимæ гæсгæ, 2022 анзи бацæттæ кодтонцæ республики регистрацигонд 110 дини организаций бæрæггæнæнтæ. Министрадæ сæмæ рарвиста гъæугæ игъосункæнуйнæгтæ, гъæуама исбæрæг кæнонцæ сæ дини организаций категори æма æдасдзийнади паспорттæ райсонцæ.

Сергей Меняйло æ кæронбæттæни радзубандий бафæдзахста хецауадæн, районти, хæдзарадон куст æнхæстгæнæг субъектти разамундæн, цæмæй терроризми нихмæ къамиси еугур унаффитæ афойнадæбæл æма гъæугæ хузи  æнæмæнгæ æнхæст кæнонцæ. Æ еци ихæс ка не ’нхæст кæна, етæ ба гъæуама æййафонцæ æфхуæрд.