26 декабря 2024

ТЕРРОРИЗМИ НИХМÆ ТОХИ ЕУМÆЙАГÆЙ АРХАЙУН ГЪÆУЙ…

19.08.2022 | 14:39

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло ин разамунд лæвардта, уотемæй æрæги адтæй терроризми нихмæ Къамиси æма Оперативон штаби еугонд æмбурд.

Республики Сæргълæууæги агъазгæнæг Олег Баранов æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй терроризмæй бустæги тæссаг кæми æй, уотемæй ба æ нихмæ мадзæлттæй æнхæстæй пайдагонд кæми нæ цæуй, еци рауæнти дзуапдæттæг бæрнон косгути хæццæ дзубанди рауадæй.

– Æма уомæй етæ бæлвурд хатдзæгтæ искодтонцæ, – загъта О. Баранов. – Нуртæккæ цæттæгонд цæунцæ æдасдзийнади паспорттæ дини косæндæнттæн. Етæ хаунцæ Дзæуæгигъæуи епархимæ. Байзадæй ма  дини цуппар косæндони, кæнунцæ си реконструкци кенæ сæ нæуæгæй аразунцæ. Аци анзи фиццаг июли уæнгæ сæ объекттæн паспортизаци ка не ‘скодта, еци астемæй нуртæккæ цуппар цæттæ кæнунцæ се ‘дасдзийнади паспорттæ.

Сергей Меняйло æмбурди æ радзубандий бауайдзæф кодта, объектти разамонгутæ терроризми фудракæндтитæй багъæуай кæнуни туххæй домæнтæ ке не ‘нхæст кæнунцæ, уой фæдбæл:

– Закъонмæ гæсгæ ци æнгъезуй, уомæ гæсгæ си гъæуй дзуапп агорун, карздæрæй домун, сауæнгæ административон бæрнондзийнади уæнгæ. Суагъæ куд амонуй, уотемæй гъæуама республики еугур сæйраг объекттæн дæр исцæттæ кæнæн æдасдзийнади паспорттæ.

Ахури нæуæг анзи рæстæг ахуради косæндæнттæ терроризмæй багъæуай кæнуни фарстабæл дæр рауадæй лæмбунæг дзубанди. Æдасдзийнади домæнтæн дзуапп куд дæттунцæ, уой туххæй радзурдта Национ гвардий республикон управлений хецау Валерий Голота.
Æ дзубандимæ гæсгæ, аййепдзийнæдтæ исбæрæг кодтонцæ Мæздæги æма Рахесфарси районти:

– Нуртæккæ сæ райеуварс кодтонцæ, тæссагдзийнади кънопкитæ сæмæ фæззиндтæй. Еугур косæндæнттæ терроризми нихмæ мадзæлттæй цæттæ ‘нцæ, гъæугæ домæнтæн дзуапп дæттунцæ. Фегъосун кæнуни хизæгтæ, видеоцæстдарди равналæнтæ сæмæ косунцæ, гъæуайгæнгутæ еудадзугдæр æнцæ сæ бунæтти.

Устур æргом раздахтонцæ, рæхги  æвзурстити гъæлæс кæнуни Еумæйаг бæнтти адæми æдасдзийнади фарстатæмæ, уæдта Беслæни бæлахбæл æстдæс анзи ке æнхæст кæнуй, уой фæдбæл æма Аланибæл Исаргъуди бæрæгбони рæстæг ци мадзæлттæ арæзт цæудзæнæй, уонæми æдасдзийнади гъуддагмæ. Валерий Голота куд фæббæрæг кодта, уотемæй медгъуддæгути Министради хæццæ еумæ фæффулдæр кæндзæнæнцæ патрулон-пости къуæртти бæрцæ:

– Етæ дзиллон мадзæлтти рæстæг æхсæнадон фæткæмæ сæ гъос дардзæнæнцæ. Фæдздзордзинан ма хецæн адæймæгути гъæуайгæнæн кустуæттæмæ, адæмон дружинитæмæ, Терки хъазахъаг æфсадмæ. Кинологти агъазæй рæмодзæн æрмæг исбæрæг кæнуни мадзæлттæ аллирауæн дæр искæндзинан…  Цидæриддæр гъæуй, еци мадзæлттæ уотæ арæзт æрцæудзæнæнцæ, æвзурститæ дæр, Имисæн бæнттæ дæр æма Аланибæл исаргъуди бæрæгбон дæр æнæ бæлæхтæй конд æрцæудзæнæй.