22 декабря 2024

«ТУГЪД НА ’ДТÆЙ ÆНÆ АДÆМ…»

06.04.2024 | 14:25

Æрхæстæг кæнуй нæ Фидибæстæн тæккæ зингæдæр бæрæгбæнттæй еу – нæ Цитгин Уæлахези Бон. Аци анз æй бæрæг кæндзинан 79-аг хатт. Æма цæмæй бæрæггонд æрцæуа тæккæ нимаддæр хузи, уой фæдбæл æрæги цудæй дзубанди республикон организацион комитет «Уæлахези»-и æмбурди. Разамунд ин лæвардта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

 

Нæ номдзуд поэт, Устур Фидибæстон тугъди архайæг Тетцойти Таймораз æ тугъдон æмдзæвгитæй еуеми уотæ ниффинста: «Тугъд н ’адтæй æнæ адæм æ хъонци, нæ уодзæй æнæ они æцæг…»

Нæ  разагъди балхон Георгий Жуков æ зундгонд киунугæ «Имисуйнæгтæ æма сагъæстæ»-йи хумæтæги сæрмагондæй нæ баханхæ кодта: «Я посвятил свою книгу советскому солдату. Его кровью  и потом добыта победа над сильным врагом. Он умел прямо смотреть в глаза смертельной опасности, проявил высшую воинскую доблесть и героизм. Нет границ величию его подвига во имя Родины. Советский солдат заслужил памятник на века от благодарного человечества…»

Æма æмбурди архайгутæ дæр Уæлахези 79-аг анзей кадæн исаразуйнаг гъуддæгутæн сæ сæйрагдæртæбæл банимадтонцæ тугъди хъазауатонтæбæл зæрдиагæй байауодун, тугъдон мемориалтæ æма бæгъатæртæн циртдзæвæнтæмæ базелун. Профилон ведомствити разамонгутæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй еци гъуддæгутæ арæзт æрцæуонцæ бæрæгбони размæ.

Уæлахези 79-аг анзей кадæн бæрæгбонмæ цæттæ кæнуни гъуддаги хæццæ баст фарстатæбæл дзоргæй, Сергей Меняйло загъта:

– Уæлахези бонмæ ци дзиллон номерæн æма цитгингæнæг  мадзæлттæбæл куст цæуй, етæ гъæуама уонцæ лæдæрд æма лæмбунæг уагæбæл  æнхæстгонд. Уой хæццæ ба ма, зæрдæбæл дарун гъæуй нуртæкки æхсæнадон-политикон уавæр. Уæлдай бæрнон æргом гъæуама æздæхт æрцæуа бæрæгбони мадзæлтти æдасдзийнади фарстамæ. Нæ республики Уæлахези бон сæрмагонд нисанеуæги бæрæгбон æй. Ахсгиаг æй, цæмæй еци бæрæгбони кадæн мадзæлттæ арæзт æрцæуонцæ, куд Дзæуæгигъæуи, уотæ республики еугур районти дæр, куд хуæздæр гæнæн æма амал ес, уотемæй.

Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ ба æ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемæй бæрæгбони программи уодзæнæй дæс æма цуппаринсæй аллихузон номерæн, наукон,  информацион, культурон-рохсадон  æма æндæр зæрдæбæлдарæн мадзали. Æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ «Æнæмæлгæ полк», «Бæгъатæрти цæсгæнттæмæ бакæсæ» æма æндæр уæхæн традицион дзиллон акцитæ дæр.

Сæйраг радзубандигæнæги доклад сæ игъосункæнуйнæгтæй банхæст кодтонцæ министрадтæ æма ведомствити, уæдта æхсæнадон организацити минæвæрттæ. Сæ фæндитæ хаст æрцудæнцæ бæрæгбони мадзæлтти программæмæ. Еугур еци фæндитæ æма гъудитæ нимад æрцæудзæнæнцæ, бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæй архайди рæстæг.

Сергей Меняйло ма аци æмбурди уой дæр бафæдзахста, цæмæй 9 Майи республики базартæ сæ куст бауорамонцæ.