22 декабря 2024

ТУГЪДОН ГЪУДДÆГУТИ – НОМДЗУД, ЦЪУХИ УАГÆЙ – ДЗУРДАРÆХСТ!..

21.09.2024 | 22:28

Зундгонд куд æй, уотемæй нæ бæсти гъæуайкæнуйнади министради æрцудæй зингæ æййивддзийнæдтæ. Нæ зæрдæ дарæн, кæдимайди уой фæрци еци къабазæ фæгъгъомусгиндæр уа. Уотæ цæмæй рауайа, уой туххæй ба нæуæг разамонгутæ, æвæдзи, гъæуама испайда кæнонцæ нæ Фидибæсти номдзуд æфсæддон архайгути фæлтæрддзийнадæй. Цæмæй сæ бафæнзонцæ, е ба сæмæ адтæй – се ’фсæддон гъуддаги куд алæмæти искурдиадæгин адтæнцæ, уотæ арæхстгин адтæнцæ зундирахастæй дæр. Уомæн æвдесæн – номдзуд балхон Александр Суворови царди хабæрттæ, уонæй кæцидæрти мухур кæнæн.

 

ГЪАСТ

Еу афицери уосæ æ лæгбæл Суворовмæ багъаст кодта:

– Мæ сæрихецау мæ еудадзугдæр æфхуæргæ кæнуй.

– Е мæн гъуддаг нæй, – дзуапп ин равардта Суворов.

– Гъо, фал дæ фæсаууонмæ дæ фудкой дæр фæккæнуй.

– Е ба дæу гъуддаг нæй, хуарз уосæ.

 

ОРДЕНТИ УÆЗÆ

Суворов официалон хундтитæмæ ку цæуидæ, уæд æ ордентæ еугурейдæр æ реубæл бакæнидæ. Еууæхæни бабæй æй паддзахи галауанмæ байагурдтонцæ. Паддзахи æмдзæуинтти уоститæ цалдæремæй æ размæ бацудæнцæ æма ин сæ еу тæрегъæдгæнгæй ку зæгъидæ:

– Александр Васильевич! Уæхæн къæсхур уогæй уойбæрцæ уæргътæ куд фæразис? Уæззау дин нæ ’нцæ?

– Уæхæн уæззау æнцæ уæхæн, æма сæ уæ лæгтæй еу дæр не ’сфæраздзæнæй! – дзуапп равардта Суворов.

 

ТÆССАГ ЗНАГ

Еууæхæни Суворов фæдздзурдта, æ цъухбæл хуæцун ка нæ зудта, уæхæн афицермæ.

– Еу тæссаг знаг дин ес, – загъта Суворов, цума ин устур сосæггаг хабар игъосун кодта, еци хузи. – Гъема дин дæ размæ устур цæлхдортæ æвæруй, еудадзуг дæ хъор кæнуй.

Афицер берæ фæссагъæстæ кодта, фал циуавæр знагбæл цæуй дзубанди, уой балæдæрун æ бон не ’ссæй. Уæд Суворов æ къахи фийтæбæл уæд еу къæразгæмæ бацæуидæ, уæд иннемæ. Фæйнердæмæ фегъуститæ кодта, уæдта афицермæ дæр уотæ гъузгæ æхе байста, æ фарсмæ æрлæудтæй æма ин æ гъоси дзоруй:

– Де ’взаг раласай! Мæнæ! Мæнæ айæ æй дæ цифуддæр знаг!..

 

ÆНАРАЗИ АДÆЙМÆГУТИ ТУХХÆЙ

Еу хатт Суворовæн арази си ка нæ адтæй, уæхæн адæймаги кой кодтонцæ. Суворов дæр загъта:

– Ес уæхæн адæмихатт, æма син хуарз ка ракæнуй, е се ’знаг фестуй, уомæн æма уой хузæн исун æ бон нæ фæууй. Арв дæр зæнхæн устур хуæрзти бацæуй – æ хорæй æй батавуй, æ уаруни æртæхтæ ин цæрæн хуасæ фестунцæ. Зæнхæ ба ин цæмæй бафедуй æ дзæбæхтæ? Ругæй!..

 

*  *  *

Суворов дзубанди кодта Уæрæсей фæсарæйнаг гъуддæгути министр Ростопчини хæццæ. Министр æгæр дзурдмондаг разиндтæй, Суворов си истухстæй æма уасæнги уаст никкодта. Ростопчин æвваст фæккуддæр æй, фæгъгъос æй. Уæд ин Суворов уотæ:

– Неци кæнуй, мæн уавæри ку уисæ, уæд ду ба ма хъуæдат кæнун дæр райдайисæ!..

 

КОЗБАУГÆНÆГИ КУСТ

Сехуари рæстæг еу фæсарæйнаг инæлар Суворовæн цæстæмæ миутæ кæнунæй не ’нцадæй. Еугурдæр си истухстæнцæ. Исистунмæ куд гъавтонцæ, уотæ ма фингæмæ рахастонцæ, æгæр ка расугъдæй, уæхæн цихтгун. Хуæрун си неке бакумдта. Суворов си еу карст исиста æма загъта:

– Козбаугæнæги куст æнцонтæй нæй. Цихтгун фицун æма козбау кæнун еухузон æнцæ: къеребæл алцидæр гъæуама бæрцæй уа, уæдта фицгæ-фицун дæр имæ гъос дарун гъæуй, кенæ ба басодздзæнæй. Мæхе хуæруйнаггæнæг Мишкæн си æмбал нæййес – цæстæмæ миутæ кæнунмæ æгириддæр нæ арæхсуй.

 

МУЗЫКИ ХÆЦЦÆ

Еу инæлар Суворовæн æ зæрдæ ралхæнуни фæндæй ку зæгъидæ, нæ музыкантти нимæдзæ, дан, фæмминкъийдæр кæнæн, æфсадбæл ба, дан, бафтауæн.

– Нæ!.. – еци цæхгæрæй загъта фельдмаршæл. – Музыкæ гъæугæ кæнуй, пайда æй: æфсæддони зæрдæ си барохс уй, æ къахдзæф ин фæффедардæр, фæрразæнгарддæр кæнуй. Музыкæмæ игъосгæй тугъди нæ нифсбæл бафтуйуй. Зæронд лæг мæлæти дзæмбутæмæ æхе багæлдзуй, биццеу æ билтæй хъумуз расæрфуй æма зæронди фæсте рандæуй. Музыки фæрци, æфсад ци адтæй, дууæ-æртæ уæхæни фестуй! Æз Измаили федар музыки хæццæ байстон!..

 

ÆГЪДАУ – ГЪУДДАГИ РАХУÆЦÆН

Суворов æфсади исæвардта федар æгъдау æма е ’мцæдесонтæй дæр уой агурдта. Гъема ин е ’мцæдесонтæй еу, австриаг æфсади командæгæнæг инæлар Мелас гъаст кодта, æфсæддонти зæрдæмæ, дан, нæ цæуй уæхæн карз æгъдау.

Суворов ин равардта дзуапп:

– Гъуди дæр сæ ма кæнæ!.. Испаний паддзах Филиппæн, цæмæй æ адæмбæл рунæ ма бафтудайдæ, уой туххæй бардзурд равардта, цæмæй Мадриди медæгæ цидæриддæр бугъæ æма хъилма ес, уони уордигæй æнæгъæнæй дæр раласонцæ. Сахари адæм исмæстгун æнцæ, æма уæд паддзах загъта: «Атæ, æртайгæ ке фæккæнунцæ, æма сæ цъæхахстæй ка байдзаг кæнуй дуйне, уæхæн сабийтæй уæлдай нæ ’нцæ. Фал сæ ку ниртайунцæ, уæдта адгинæй фæффунæй кæнунцæ!..»

 

АТАКИ

Еу хатт Суворов гусарти полкмæ бацудæй. Еу æригон гусар æ лолæ думдта æма тамакуй хъуæцæ æ сæрмæ цæгтæ-цæгтæй накæ кодта. Еци «кусти» уотæ арф ранигъулдæй, æма командæгæнæги æрбацуд не ’рæстæфтæй. Е ’мбæлттæ имæ исдзорунмæ гъавтонцæ, фал сæ Суворов нæ бауагъта, сабургæй син загъта:

– Ма ’й хъор кæнетæ… Уомæн нуртæккæ æ цæститæбæл ци гъазуй, уой зонетæ? Цума æ полк дзармадзанти хъуæци ранигъулдæй, æхуæдæг ба цума разæй атаки фæттæхуй.

 

ФÆСТАГ ФÆДЗÆХСТ

Суворов мæлæти къахбæл ку ниллæудтæй, раст еци рæстæг имæ бабæрæг кæнунмæ æрбацудæй æ хуæрифурти лæг – æнæкелбет поэт граф Хвостов. Суворов ин уотæ:

– Митя, хуарз лæг ку дæ, байгъосай мæмæ. Æмдзæвгитæ ма финсæ… Кæд дин æнæ финсгæ нæййес, уæдта сæ ма уадзæ мухури. Хуцауæй корæгау ди корун…

 

«ÆГÆР ХЪАЗАРБÆЛ МИН НИЛЛÆУДТÆЙ СУВОРОВ!..»

Къниаз Потемкин ниццæггаг æй Суворовбæл, цæмæй æй е сæхемæ бахудтайдæ æма ’й фæххинцтайдæ. Суворов си аллихузон ходæги дзубандитæй æхе тиллеф кодта, фал, адтæй нæ адтæй, уæддæр ин æхемæ хонгæ рауадæй, уой дæр æ берæнимæдзон фæсдзæуинтти хæццæ.

Суворов фæдздзурдта хуæрзарæхст метрдотель (æлдарон хæдзари хæдзаради фæткæдар) Матонемæ, кæци куста къниаз Потемкинмæ, æма ин баихæс кодта фургъæздуг фингæ бацæттæ кæнун, æхцабæл æгириддæр нæ ауæрдгæй. Æхецæн ба ин гъæуама æрцæттæ кодтайдæ цидæр къапеккити аргъ мархуайаг дууæ хуæруйнаги.

Фингæ, æцæгæйдæр, заманай хæппол рауадæй æма деси бафтудта Потемкинæн сауæнгæ æхе дæр ма. Еу иннемæй хъазардæр сæнтæ, экзотикон хуæруйнæгтæ, гъæцæнтæ, хуæрзрæсугъд адгийнæгтæ… Суворов æхуæдæг, нæфæразгæ дæн, зæгъгæ, исрæуонæ кæнгæй си еци хæппол хуæруйнæгтæй еунæгемæ дæр нæ бавналдта, æма æнæгъæнæ изæр «мийнасæ» кодта æ мархуайаг хуæруйнæгтæй.

Иннæ бон, метрдотель Суворовмæ хъæбæр устур хигъди гæгъæди ку ’рбахаста, уæд бафиста, ци хуæруйнæгтæ хуардта, айдагъдæр уонæбæл æма хигъди гæгъæдибæл æндæр неци бахуардтон, зæгъгæ, бафинсгæй, рарвиста ’й Потемкинмæ. Потемкин уайсахат бафиста ци гъудæй, уой, фал загъта:

– Æгæр хъазарбæл мин ниллæудтæй Суворов!..

 

«ХУÆРЗЕУÆГ –  МÆ ПЪИСÆРÆН!..»

Æцæг æфсæддонтæ, уой хæццæ ба тугъди комкоммæ ка архайдта, етæ ’й хуарз зонунцæ, тугъдон хуæрзеугутæ хаттæй-хатт лæвæрд ке ’рцæунцæ уони аккаг æгириддæр ка нæ фæууй, уонæн: штабти пъисæртæн, хуæлци хабæрттæгæнгутæн æма æндæр уæхæн фæскъилдуни урутæн.

Басæттæн кæмæн нæ адтæн уой размæ, уой Суворов ку байста, уæд уæлдæр æфсæддон разамонгутæ ракъахтонцæ дзубанди, уæлдай хъæбæрдæр ка фескъуæлхтæй, уони Георгий дзиуæрттæй исхуарзæнхæ кæнуни туххæй. Æма сæ фельдмаршæли барæвдауни фæндæй æ рази таустæ кæнун байдæдтонцæ, гъома, Суворов æхуæдæг хуæрзеуæги аккаг æй. Уæд син е дæр, еугурей рази, æнай-æнойти уотæ ку зæгъидæ, гъома, æ разæй хуæрзеуæги аккаг æй æ пъисæр Иван Курис:

– Е мæмæ штаби пъисæр æй æма хъæбæр бæгъатæрæй бафинста: «Идти на штурм!..» Æз ба ци? Æз си айдагъдæр мæ къохæвæрд бафинстон…