26 декабря 2024

УОДИБӔСТӔ ‘Й АГЪАЗГЪӔУАГӔН ФӔЙЙАГЪАЗ КӔНУН!..

13.07.2021 | 17:21

Еу зундилӕг уотӕ загъта: «Бийнонтӕ ‘нцӕ минкъий кустуат, кӕци ӕнхӕст кӕнуй паддзахадон фӕдзӕхст ӕма паддзахадӕн дӕттуй косӕг тухӕ ӕма ӕфсӕддонтӕ…» Ӕма кӕд ӕцӕгӕйдӕр уотӕ  ‘й, уӕд, ӕвӕдзи, паддзахадӕ ӕ еугур гӕнӕнтӕ ӕма равгитӕй ауода бийнонтӕбӕл, гъӕугӕ хузи ин агъаз кӕна, цӕмӕй еци «минкъий кустуат» ӕнтӕстгинӕй архайа ӕма ӕнхӕст кӕна ӕ «паддзахадон фӕдзӕхст».

Агъаз ке гъӕуй, уомӕн иуарӕги хуарз – зӕрдӕнцойнӕ!..

Еци хабӕрттӕ советон доги куд арӕзт цудӕнцӕ, уобӕл нӕ дзордзинан – уой хестӕр фӕлтӕртӕ ма бӕлвурдӕй гъуди кӕнунцӕ. Ӕма етӕ нӕ хӕццӕ исарази уодзӕнӕнцӕ, уотӕ ку зӕгъӕн, ци ӕма си куд адтӕй, етӕ кӕд бустӕги ӕнхӕст нӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр си, абони ци бафӕнзӕн, уӕхӕн берӕ адтӕй. Фал еци хуарздзийнӕдтӕ ӕрбасатар ӕнцӕ Советон Цӕдеси фехӕлди хӕццӕ. Ӕма нӕуӕг, «демократон» Уӕрӕсей бийнонтӕ паддзахади  ‘рдигӕй феронх ӕнцӕ, берӕ гъезӕмӕрттӕ ӕма нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ӕвзурстонцӕ.

Уой фудӕй ба нӕ бӕсти демографион уавӕр дӕр ӕгудзӕгӕй-ӕгудзӕгдӕр кӕнун байдӕдта.

Хуарз ӕма фӕстаг ӕнзти дӕргъи бийнонти карнӕбӕл паддзахади  ‘рдигӕй зингӕдӕр уозӕлд цӕуй. Уой фӕдбӕл ци мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй, уонӕн сӕ еугуребӕл нӕ дзордзинан, фал еуцалдӕр нӕуӕгдзийнадей кой ба ракӕндзинан.

Фиццаг – Федераций Совет ӕма Паддзахадон Думӕ айразмӕ ци закъон исфедар кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ 1 июлӕй фӕстӕмӕ ӕхцайӕй агъазгонд цӕудзӕнӕй, ӕ сабийтӕ еунӕгӕй ка гъомбӕл кӕнуй, уӕхӕн мадтӕлтӕ кенӕ фидтӕлтӕн – аст анземӕй ба ӕхсӕрдӕс анзей уӕнгӕ кари сувӕллонӕн син алли мӕйӕ фист цӕудзӕнӕй сӕрмагонд феддон, кӕций бӕрцӕ рӕстӕмбесӕй нӕ бӕсти уодзӕнӕй 5560 соми.

Дуккагӕй – хӕстбойнон силгоймӕгтӕй афойнадӕбӕл (гъома, ӕ сувӕргиндзийнади 6-12 къуӕрей дӕргъи) хигъди ка ниллӕууа, етӕ дӕр 1 июлӕй фӕстӕмӕ есдзӕнӕнцӕ уӕхӕн феддон сувӕллон ин райгуруни уӕнгӕ. Рӕстӕмбес нимадӕй ӕхсӕз мин соми. Ӕцӕг, дууӕ цауеми дӕр бийнонти ӕфтуйӕгтӕй еу адӕймагбӕл цӕйбӕрцӕ уайуй, е ма уа региони фӕццӕруни минкъийдӕр бӕрцӕй фулдӕр.

Ӕртиккаг – авд анзей уӕнгӕ кари сӕйгӕ сувӕллонмӕ зелуни туххӕй сӕйгӕдони гӕгъӕди ка райса, еци ниййерӕгӕн ӕ косӕн рауӕни ӕ мизд фист цӕудзӕнӕй ӕнӕгъӕнӕй (100%), ӕ фӕллойнадон стажмӕ нӕ кӕсгӕй. Еци мадзали фӕрци фулдӕргонд феддонтӕ алли анз дӕр есдзӕнӕнцӕ 1,5 миллион ниййерӕги.

 

Ахурдзау кӕстӕрти барӕвдаун – арфиаг гъуддаг ӕй

Еума нӕуӕгдзийнадӕ. Уӕрӕсей фӕллойни министради разамонӕг Антон Котяков куд фегъосун кодта, уотемӕй ахури анзи райдайӕнмӕ фист цӕудзӕнӕй фӕйнӕ дӕс мин соми, 1 сентябри размӕ ӕхсӕз анзи кӕбӕл исӕнхӕст ӕй ӕма ӕстдӕс анзи кӕбӕл нӕма исӕнхӕст ӕй, уонӕн.

Уой хӕццӕ ба нимад ӕрцудӕй е дӕр ӕма фӕййагъаз кӕнун гъӕудзӕнӕй, еци карӕй ка фӕххестӕр ӕй, уӕхӕн скъоладзаутӕн дӕр – етӕ ба  ‘нцӕ сувӕллӕнттӕ-инвалидтӕ, уонӕй берети багъӕуй скъолай фулдӕр рӕстӕг ахур кӕнун. Ӕдеугурӕй етӕ ба  ‘нцӕ 20 миллион сувӕллони.

Цӕмӕй аци феддонтӕ райсонцӕ, уой туххӕй ниййергути нӕ гъӕуй цидӕр сӕрмагонд гӕгъӕдитӕ ӕмбурд кӕнун. Фагӕ  ‘й паддзахадон лӕггӕдти портали курдиадӕ бадӕттун 15 июли уӕнгӕ. Феддонтӕ федун райдайдзӕнӕнцӕ августи ӕма фист цӕудзӕнӕнцӕ аци анзи кӕронмӕ.

 

ФӔНЗУЙНАГ ГЪУДДАГ

«Хуарздзийнадӕ аразӕ», – уӕхӕн акци нур цалдӕр анзи искӕнуй е ‘мцӕдесонти хӕццӕ Елхотти цӕрӕг Алити Константин.

Аци хатт хуӕрзауодӕн бӕрӕгбонмӕ Дзӕуӕгигъӕуӕй ӕрбахудтонцӕ седзӕр сувӕллӕнтти хӕдзарӕ «Хори тунӕ»-йи гъомбӕлкӕнуйнӕгтӕ ӕма гъомбӕлгӕнгути. Ӕрдзи гъӕбеси, Елхотти цадити, иуазгутӕ сӕ рӕстӕг игъӕлдзӕгӕй, пайдагинӕй рарвистонцӕ. Сувӕллӕнттӕн исаразтонцӕ бӕхтӕбӕл балци, рагъазтонцӕ мотоциклтӕбӕл, машинттӕбӕл.

Рӕвдудгъӕуагӕ сабийтӕн сӕ зӕрдити гъар балӕвар кӕнун – уӕхӕн нисани хӕццӕ исаразтонцӕ бӕрӕгбон Елхотти фӕсевӕд ӕма син бантӕстӕй. Бӕркадгин фингитӕбӕл сӕ ӕрбадун кодтонцӕ, ӕма айдагъ е нӕ, фал фусунти фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ, сӕ рӕвдаугӕ цӕстингас, сӕ зӕрдтагон уозӕлд хъӕбӕр арфиагӕй балӕдӕрдтӕнцӕ иуазӕг сувӕллӕнттӕ. Ӕма еци кизгуттӕ ӕма биццеутӕ, уӕдта сӕ гъомбӕлгӕнгутӕ, хъӕбӕр си фӕббоз уогӕй, берӕ зӕрдиаг арфитӕ ракодтонцӕ, ци ӕнӕферонхгӕнгӕ балци син исаразтонцӕ,  куд имонауӕй сӕ исиуазӕг кодтонцӕ, уой туххӕй.

Уотӕ зӕгъун дӕр ӕнгъезуй, ӕма сӕ уордигӕй сӕ къах дӕр нӕбал хаста. Уогӕ сӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕннифсгун кодта е, ӕма фусунтӕ дӕр ӕма иуазгутӕ дӕр куд бадзубанди кодтонцӕ, уотемӕй бабӕй еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте нӕуӕгӕй ардӕмӕ ке ‘рцӕудзӕнӕнцӕ. Ӕнӕмӕнгӕ уотӕ ке уодзӕнӕй, е ба сӕ дууетӕй дӕр федарӕй ӕруагӕс кӕнуй…

Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, бафӕнзуйнаг гъуддаг исаразтонцӕ елхоттӕгтӕ – исӕнхӕст кодтонцӕ сабийти бӕлдӕ. Ӕма нӕмӕ уотӕ кӕсуй, цума сӕ нӕ республики иннӕ рауӕнти дӕр сӕ еци гъуддаги ке бафӕнздзӕнӕнцӕ.