26 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД – РÆСТДЗÆВИЙНÆ!..

11.03.2022 | 17:33

Еу лæг æ хæдзари бадтæй æма Хуцаумæ кувта, лигъстæ ин кодта, амонд, дан, мин раттæ.
Еууæхæни ин æ дуар кадæр æрбахуаста. Хæдзари хецау фæрсуй:
– Ка дæ?
Æндегæй имæ æрбайгъустæй:
– Бæлццæнттæ ан, исæнафонæ нæбæл æй… Исиуазæг нæ кæнæ, Хуцауи хатирæй…
Фусун дуар базихъир кодта æма æндегæй æртæ иуазæги ку рауидта, уæд сæмæ дзоруй:
– Æртей фагæ бунат мæмæ нæййес. Айдагъдæр еуей æй мæ бон æрбауадзун…
Бæлццæнттæ раздахтæнцæ, мадта ци адтайдæ. Ку æрбон æй æма хæдзари хецау æндæмæ ку рацудæй, уæд æ къæсæрбæл иссирдта гæгъæдий гæбазæ, финст си адтæй: «Мах адтан æртæ:
Уарзт, Æнæнездзийнадæ æма Есбон. Мах адтан дæ амонд!..»


Украини фæстаг рæстæгути разамунд дæр еци хæдзари хецауи хузæн рæузунд разиндтæнцæ. Уæрæсе син еци хæларзæрдæй цал æма цал анзей дæргъи бахуайидæ сæ дуар – сæ уæззау уавæрти син фæййамондгундæр унæн фæййагъаз кæнуни зæрдтæй. Фал имæ игъосæг нæ фæцæй уони ‘рдигæй, æ хуæрзфæндæ ин нæ балæдæрдтæнцæ. Уотемæй ба хорнигулæйнаг хингæнгути ба хъæбæр зæрдтагонæй исиуазæг кæниуонцæ, сæ хийнæйдзаг «унаффитæ» син æнхæст кодтонцæ. Æма? Фенамонд кодтонцæ сæ бæстæ, сæ адæми. Хуарз æма уæддæр Уæрæсе е ‘нсувæрдзийнадæ æвдесуй æма архайуй æнсувæрон Украини адæмтæн сæ кæддæри райдзаст цардиуагæ раздахуни гъуддаги фæййагъаз кæнунбæл.

Элиас КАНЕТТИ (1905-1994), австриаг æма бритайнаг финсæг: «Адæймаг æ фидтæлти зунд сауæнгæ недзамантæй нури уæнгæ фембурд кодта, уæддæр имæ кæсайтæ: къумухæй байзадæй…»

Раст цума Украини фæстаг рæстæгути разамонгути туххæй загъд æй, уотæ уæмæ нæ кæсуй? Сæ фидтæлтæ син заманай цардгъон æма фæрнæйдзаг фидибæстæ ниууагътонцæ. Етæ ба ‘й сæ къумухдзийнади фудæй гузавæйаг фестун кодтонцæ, адæмæн си сæ цард гъезæмайраг иссæй… Къумухдзийнадæ, дан, гъæладзийнадæ расайуй…

 

 

Номдзуд немуцаг философ Фридрих НИЦШЕ (1844-1900) финста: «Нæ миути фæстеугутæ нин нæ хорхбæл бахуæцунцæ, кæд уæди уæнгæ «исраст уæн», уæддæр…»

Æма уотæ нæ рауадæй, Украинæ нацистти барæ ка бакодта уони хабар? Нур ба син, фæстаг æнзти сæ адæмæн ци фудмиутæ исаразтонцæ, етæ сæхе хорх кæнунцæ – дзуапп дæттун сæ багъæудзæнæй сæ фашистон режими фудракæндтити туххæй.

 

Франклин БЕНДЖАМИН
(1706-1790), америкаг рохситауæг: «Хили пеллон ка иссодзун кæнуй æма æхседарфтæ ка æзгелуй, е гъæуама ма гъаст кæна, æстъæлфæнтæ æ цæсгонбæл ку исæмбæлонцæ, уæд…»

Украини нацистон разамунд сæ кæддæри деденæгкалгæ бæсти ци медбæстон тугъди арт бандзарста, уой æстъæлфæнтæ нур ба сæхебæл куисæмбалдæнцæ, уæд æнæгъæнæ дуйнебæл исаразтонцæ цъеувæдес: «Содзæн!..» Гъо, етæ гъаст кæнæнтæ, фал сæ сæрбæлдзоргутæ ба ‘й нæ уинунцæ, еци мæлæтхæссæг арт етæ сæхуæдтæ ке иссугътонцæ, уой?..