ЗУНДИ ФАРНӔН АРГЪГӔНӔГ – АДӔМӔН АККАГ РАЗДЗӔУӔГ!..
Уӕрӕсей рохсади министради разамонӕг Сергей Кравцов ӕрӕги куд фегъосун кодта, уотемӕй нӕ бӕсти скъолати амӕйфӕстӕмӕ ахурдзаутӕ истори ахур кӕнун райдайдзӕнӕнцӕ фиццаг къласӕй фӕстӕмӕ. Нӕ зонӕн, цӕйбӕрцӕбӕл фӕррӕстмӕ уодзӕнӕй еци нӕуӕгдзийнадӕ, фал ӕ ахсгиагдзийнадӕ ба, арази ан, бӕлвурд ӕй: кӕстӕртӕ нӕ Фидибӕсти евгъуд рӕстӕгути хабӕрттӕ ӕма цаутӕн, сауӕнгӕ сӕ агъазиаудӕртӕн дӕр, кенӕ ӕгириддӕр неци зонунцӕ, кенӕ ба син игъустгонд ӕнцӕ усхъуммитӕй ӕма хӕлӕмултӕй, ӕрдӕграст ӕма ӕрдӕгӕцӕгӕй.
Уомӕ гӕсгӕ ба дессаг куд нӕй е дӕр, ӕма ахури надбӕл мӕнӕ-мӕнӕ ка ранхӕстӕр ӕй, уонӕн еци хабӕрттӕ ӕма цаутӕ кутемӕй ӕма ци хузи амондзӕнӕнцӕ. Уой хӕццӕ ба ни федарӕй ӕруагӕс кӕнуй: еци хуӕрзсабийти разӕй ба нӕ фидибӕстон истори ӕнхӕстӕй ку зониуонцӕ нӕ политиктӕ, нӕ паддзахади размӕцуди фарстатӕ гъӕугӕ хузи аразунмӕ комкоммӕ ихӕсгин ка ‘й, нӕ хецаудзийнади еци бӕрзондибадгутӕ. Кӕдимайди ба базониуонцӕ ӕма сӕмӕ багъаридӕ, паддзахади гъуддӕгути дӕр ӕма адӕми цардиуаги уавӕртӕ фӕррӕвдзӕдӕр кӕнуни фӕдбӕл нӕ бӕсти кӕддӕри разамонгутӕй кӕцидӕртӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл пайдахӕссӕг фӕлтӕрддзийнадӕ адтӕй, уой ӕма сӕ абониккон кусти уӕддӕр еуцӕйбӕрцӕдӕр бафӕнзиуонцӕ. Ӕндӕра сӕ нури куст ӕй, уартӕ рагонбердзейнаг номдзуд финсӕг Эзоп ӕ фӕсномуг радзурдтӕй еуеми ци фусӕлвинӕги кой кодта, уой ӕнарӕхстдзийнади хузӕн.
Цӕветтонгӕ, еу лӕг ӕ фус ӕлвидта ӕма ин ӕ цар фӕллух кӕнидӕ. Фус си исгъигӕ ‘й ӕма имӕ еци тухстхузӕй дзоруй:
– Кӕд дӕ мӕ гъун гъӕуй, уӕд мӕбӕл дӕ кӕрдӕн уӕлдӕрти исуадзисӕ, кӕд дӕ фидизгъӕл гъӕуй, уӕдта мӕ еци-еу ӕвгӕрст ракӕнӕ!.. Ӕндӕра мин мӕ бауӕр уӕд еу рауӕн фӕррӕхуайис, уӕд иннӕ рауӕн.
Аци ӕмбесонд ӕвдесуй: цийфӕнди гъуддагмӕ дӕр, ка имӕ нӕ арӕхса, уӕхӕн адӕймӕгутӕ гъӕуама ма ‘вналонцӕ. Махмӕ, нуриккон Уӕрӕсей ба уотӕ рауадӕй, ӕма паддзахадон еугур гъуддӕгути сӕргъи ка ‘рлӕудтӕй, уонӕн дӕр сӕ фулдӕр гъе уӕхӕн ӕнарӕхстгинтӕ разиндтӕнцӕ – уӕхӕн бӕрнон гъуддаги ци агъазиау фӕлтӕрддзийнадӕ гъӕуй, нӕдӕр сӕмӕ е нӕ адтӕй, нӕдӕр ба сӕ ӕгириддӕр нӕ фӕндадтӕй, уӕхӕн ацъагъуӕй хайгин ка ‘дтӕй, уони бафӕнзун. Уогӕ е, ӕвӕдзи, сӕ зӕрди дӕр нӕ адтӕй, ӕндӕра син уой туххӕй дессаги равгитӕ адтӕй ӕма нерӕнгӕ дӕр ма ес. Дӕнцӕн ӕрхӕсдзинан Советон паддзахади бундорӕвӕрӕг Владимир Ленини архайди фӕлтӕрддзийнадӕй цалдӕр хабари. Уой кой ба уомӕ гӕсгӕ кӕнӕн, ӕма цалдӕр боней размӕ, 22 апърели ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй 152 анзи. Бӕргӕ ‘й ӕнгъизтӕй ӕримисун, фал нуриккон хецауеуӕггӕнгутӕмӕ, ӕвӕдзи, уоййасӕбӕл цӕстиварди нӕй. Уомӕ гӕсгӕ, ӕма ӕ цардархайди арӕхстгинӕй-арӕхстгиндӕр менеугутӕ уайдзӕфи хузӕн ӕнцӕ нӕ нуриккон ӕнарӕхсгӕ хецауеуӕггӕнгутӕн. Уогӕ мӕнӕ бакӕсайтӕ Ленини еуӕй-еу финстӕгутӕ ӕма сӕ рабаретӕ нӕ абони «раздзӕугути» хедаруйнади хӕццӕ. Бакӕсетӕ сӕ, ӕма хатдзӕгтӕ ба уӕхуӕдтӕ кӕнетӕ. Фӕстӕдӕр ба, ка ‘й зонуй, мах дӕр нӕ гъудитӕ зӕгъдзинан.
Ф.Э. ДЗЕРЖИНСКИЙМӔ
Ӕмбал Дзержинский!
Ӕмбал Коллонтай мӕмӕ финсуй, Петрогради ахӕст ка ’рцудӕй, уӕхӕн биццеу Алексей Сапожникови туххӕй.
Ахӕст ба, дан, ӕрцудӕй уомӕн, ӕма кедӕр гӕгъӕдити хӕццӕ бацудӕй, тугъдон архӕйдтитӕ кӕми цӕунцӕ, еци рауӕнмӕ.
Уотӕ ба, дан, бакодта, уомӕн ӕма «ӕгӕрон берӕ уарзуй ӕ мади», уотемӕй ба ӕ ниййергутӕй фӕххецӕн ӕй, Юденич ку ӕрбампурста, еци рӕстӕг.
Коллонтай финсуй, Алексей Сапожникови ке зонуй, «политикӕмӕ ӕгириддӕр ӕ гъос ка нӕ даруй», «ӕма уой хӕццӕ ӕ зӕрдӕмӕ алцидӕр ӕгӕр хъӕбӕр ке есуй, еци гъуддаги ӕ фурсӕртӕгӕй ка бахаудтӕй, уӕхӕн адӕймагӕй».
Коллонтай тӕрсуй, биццеуи ку фехсонцӕ, уомӕй.
- Дӕ бон ӕй гъуддаг бӕлвурд базонун?
- Унаффӕ бауорамун?
- Ӕви ӕз телефонӕй Зиновьевмӕ бадзорон?
Салам! Дӕхе Ленин.
Финст ӕрцудӕй 1919 анзи 21 ноябри.
***
И.А. ТЕОДОРОВИЧМӔ
21.VI.
Нур фидигъзӕлбӕл феддон ӕвӕрд ӕрцудӕй.
Цума дӕумӕ гӕсгӕ нур афонӕ нӕй горӕтгӕрон совхозти, индустрион совхозти (гъома, индустрион косгутӕмӕ хаст ка ’й, еци совхозти), ӕфсади ӕма уотӕ идарддӕр ӕма ӕндӕр уӕхӕн рауӕнти фидигъзӕлӕн фонс даруни куст рапарахат кӕнунбӕл нур еугур хъауритӕй байархайунӕн.
Ду кӕддӕр дзурдтай, спецтӕ куд зӕгъунцӕ, уотемӕй фадуат ке ес кроликтӕ ӕма хутӕ даруни куст испарахат кӕнунӕн (ӕцӕг хуайраги хигъдӕй нӕ). Ӕвӕстеуатӕй къуар мадзали закъони хузи цӕмӕннӕ ес бакӕнӕн уой фӕдбӕл.
Рафинсӕ мӕмӕ дууӕ дзурди.
Дӕхе Ленин.
Финст ӕрцудӕй 1921 анзи 21 июни.
***
Я.М. СВЕРДЛОВМӔ
Ӕмбал СВЕРДЛОВМӔ
Алексей Андрейи фурт Преображенский ӕй зӕронд партион косӕг, 20 анземӕй фулдӕр косуй ӕфсӕйнаг надбӕл. Нуртӕккӕ ӕй Самари-Златоусти ӕфсӕйнаг нади административон служби сӕргълӕууӕг. Нур ибӕл цӕуй 57-58 анзи. Е ӕй хъӕбӕр фӕллад ӕма сӕйгӕ, гъӕуй ӕй дзӕвгарӕ рӕстӕги дӕргъи ӕ фӕллад исуадзун ӕма ӕхе дзӕбӕх кӕнун. Корун: раттӕ ин отпуск ӕртӕ мӕйи, мизд дӕр ӕма паек дӕр куд еса, уотемӕй.
Ӕ адрес: Самарӕ, вагзал.
Адӕмон Комиссарти Совети сӕрдар В. Ульянов (Ленин).
Финст ӕрцудӕй 1920 анзи 1 октяри.
***
А.Д. ЦЮРУПАМӔ
14.ХII.1920 анз.
Ӕмбал ЦЮРУПА!
Ӕз ма Совнаркоми амудтон, хуайраги комитети иуаруни хайади гъуддаг еуцӕйбӕрцӕдӕр куд ӕмбӕлуй, уотӕ ӕвӕрд ке нӕй, уой: бӕлвурд нимад нӕй хуайраг иуаруни туххӕй нӕмӕ цал норми ес ӕма алли нормӕмӕ гӕсгӕ дӕр продукттӕ цал адӕймаги есуй, е.
Уой бакӕнун гъӕуй.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, бӕлвурд нисанмӕ гӕсгӕ иуаруни ӕгъдауӕн ихалӕн нӕййес. Косгутӕ гъӕуама уонцӕ фиццаг бунати.
Цума бакӕнуйнагбӕл нӕ банимайдзӕнӕ хуайраги комитети медӕгӕ къамис исаразун, гъуддаг амунд хузи фӕххуӕздӕр кӕнуни туххӕй? Кӕд къамис ес, уӕд ибӕл уӕхӕн ихӕс исӕвӕрун гъӕуй. Къамисмӕ фулдӕр бакӕнун гъӕуй, хуайраги комитети ка куста, уӕхӕн косгутӕ (профцӕдестӕй) кенӕ ба кӕд амал ес, уӕд, хуайраги кусти бунӕтти бӕлвурд фӕлтӕрддзийнадӕ кӕмӕ ес, уӕхӕн косгутӕ.
Аци пъисмо равдесӕ ӕмб. Крестинскиймӕ. Е (ӕма Политбюрой иннӕ иуонгтӕ) ку исарази уонцӕ, уӕд уомӕй искӕндзинан ЦК-и амунддзийнадӕ.
Дӕхе Ленин.
Мухургонд цӕуй къохфинстмӕ гӕсгӕ.
***
Н.А. СЕМАШКОМӔ
3.V.1920 анз.
Кӕд ӕмбал Семашко уоми нӕй, уӕд ӕмбал Соловьевмӕ.
Ӕмбал Семашко!
Корун ди ӕма бадзубанди кӕнӕ аци финстӕг бадӕттӕг ӕмбал Дмитрий Никитич Ерошенкови хӕццӕ, дохтири агъазгӕнӕги хӕццӕ. Байамудта мин ӕй еу зӕрдӕдаргӕ ӕмбал. Ӕмбал Ерошенковӕн цалдӕр къуӕрей ес уӕгъдӕ рӕстӕг (мах ин сӕрмагонд фӕдзӕхст цалинмӕ ӕ барӕ бакӕнӕн, уӕдмӕ) ӕма ‘й фӕндуй еци рӕстӕги, еуемӕй, медицинӕбӕл райахур кӕнун, иннемӕй ба имӕ ӕ хъауритӕ исаразун. Хъӕбӕр ди корун, цӕмӕй ин байагъаз кӕнай.
Дӕхе Ленин.
Фӕсфинст. Аци ӕмбал ӕргъуди кодта, практики хъӕбӕр ахсгиаг ка ’й, уӕхӕн дезинфекцигӕнӕн камерӕ. Исбӕрӕг ӕй кӕнун ӕма си испайда кӕнун гъӕуй.
Мухургонд цӕуй къохфинстмӕ гӕсгӕ.
***
ФИНСТӔГУТӔ К.А. АЛФЕРОВМӔ ӔМА УОЙ ДЗУАПП
К.А. АЛФЕРОВМӔ
Ӕмбал Алферов! Тахтамышев сумахмӕ службӕ кӕнуй? Хуӕруйнагӕй имӕ лӕгъуз кӕсетӕ? Уӕхӕн фудхуз ӕма фӕлорс цӕмӕн ӕй?
К.А. АЛФЕРОВИ ДЗУАПП
Ӕй Хестӕр коллегий иуонг, цӕруй советон паекӕй, косгӕ ци рӕстӕг кӕнуй, уомӕн ӕгириддӕр кӕрон нӕййес.
Алферов.
К.А. АЛФЕРОВМӔ
Дӕттун ин гъӕуй фулдӕр паек цийфӕндийӕй дӕр.
Еци уавӕрмӕ федауци цӕстӕй кӕсӕн нӕййес. Иннетӕй игъаугидӕр фулдӕр паек цӕмӕй еса, уотӕ бакӕнун гъӕуй.
Финст ӕрцудӕй 1920 анзи 4 июни.
Мухургонд цӕуй фиццаг хатт, къохфинстмӕ гӕсгӕ.
В.И. Ленин ӕма К.А. Алферов кӕрӕдземӕ аци дзурдтӕ ниффинстонцӕ Фӕллойни ӕма Гъӕуайкӕнуйнади Совети ӕмбурди 1920 анзи 4 июни. Еци ӕмбурди адтӕй Тахтамышев дӕр.
***
ХУАЙРАГИ КОМИТЕТИ КОЛЛЕГИЙ ИУОНГТӔМӔ
27.II.1920 анз.
Ӕмбал Виноградов, Весьегонски ахургӕнгути цӕдеси ӕнхӕсткоми сӕрдар ӕрбалӕвардта дӕлдӕр амунд курдиадӕ.
Гъуддаг ӕй уотӕ – Весьегонски уезди хуайраги комитетӕн баихӕс кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ахургӕнгутӕн (уезди 500 ахургӕнӕгей бӕрцӕн) ратта дзоли ӕма картофи фулдӕргонд паек ӕма ма уомӕй уӕлӕмӕ къахидарӕс кенӕ сӕрак.
Уонӕй еу дӕр ӕма иннӕ дӕр бунӕттон ӕвӕрӕнтӕй: уезди ес уӕлдӕйттӕ.
Корун ӕма тӕккӕ абони базонетӕ, ка гъӕуй, еци гъуддӕгутӕ (ӕмбал исон сӕумӕй гъӕуама рацӕуа) ӕма мин дзуапп раттетӕ телефонӕй (изӕри Гъӕуайкӕнуйнади Совети баунаффӕ кӕндзинан).
Ленин.
Мухургонд цӕуй къохфинстмӕ гӕсгӕ.
Дзубанди цӕуй Весьегонски уезди рохсади ӕма социалистон культури косгути II-аг съездӕй делегат ӕмбал Виноградовӕн ци фӕдзӕхст лӕвӕрд ӕрцудӕй, уобӕл. Еци фӕдзӕхсти амунд адтӕй, уӕззау материалон уавӕри ке адтӕнцӕ скъолати косгутӕ. А.А. Виноградов 1920 анзи 27 феврали адтӕй В.И. Ленинмӕ. Дзубанди кодтонцӕ фондз ӕма дууинсӕй минутти. Дзубандий рӕстӕг Ленин ниффинста аци пъисмо. Весьегонски ахургӕнгути материалон уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнуни фарста лухгонд ӕрцудӕй уони пайдайӕн.
***
А.Е. БАДАЕВМӔ
- V. 1920 анз.
Петроград
Ӕмбал Бадаевмӕ кенӕ
ӕ хуӕдӕййевӕгмӕ
Корун ӕма электрификаций Паддзахадон къамиси петроградаг къуарӕн (бӕрнон разамонӕг Шателен) раттетӕ, фӕсфронт сурхӕфсӕддонтӕн лӕвӕрд ка цӕуй, уӕхӕн 50 паеки ӕма бийнонти 9 паеки хуайрагӕн граждайнаг паеки туххӕй сӕмӕ ци карточкитӕ ес, уони син нӕ райсгӕй.
Корун ӕма мин телефонограммӕй фегъосун кӕнӕ, кӕд ӕма син цӕйбӕрцӕ равардтайдӕ, уой туххӕй.
Ленин.
Мухургонд цӕуй къохфинстмӕ гӕсгӕ.
***
БАСИНМӔ
7.V.1920 анз
Ӕмбал Басин!
Корун ди ӕма Туркестани фронти сурх коммунарти дӕс ӕма инсӕйӕймаг полккӕн мӕ номӕй арфӕ ракӕнӕ, ци макъаронтӕ ӕма инсад ӕрбарвистонцӕ, уони туххӕй. Еци макъаронтӕ ӕма инсад ӕз равардтон сахар Мӕскуй сувӕллӕнттӕн.
Адӕмон Комиссарти Совети сӕрдар В. УЛЬЯНОВ (ЛЕНИН)
***
Е.М. ПОПОВАМӔ
20.XI.1919 анз.
Ӕмбал ПОПОВАМӔ
Советти 1-аг хӕдзари хецаумӕ
Корун ӕма раттӕ уат (райдайӕни бал еу, уой фӕсте дууӕ – тӕлмацгӕнӕгӕн), ӕмбал Килийӕн, Советон республикӕн фӕййагъаз кӕнунмӕ ка ‘рбацудӕй, еци америкаг инженерӕн.
Корун ӕма ин раттӕ, 3-аг уӕладзугӕй уӕлдӕр ка нӕ уа, уӕхӕн ӕма тӕккӕ гъардӕр уат.
Адӕмон Комиссарти Совети сӕрдар В. Ульянов (Ленин).
***
И.Г. РУДАКОВМӔ
Петроград
Ӕмбал Рудаковмӕ, Петрокоммуни артаги хайади хецаумӕ
Къопи
Петрогради Совети ӕнхӕсткоммӕ.
Корун ӕма согтӕ раттетӕ ахургӕндти царди уавӕр хуӕздӕр кӕнуни къамисӕн.
Кӕд еске арази нӕй, уонӕн цӕйбӕрцӕ ӕнгъезуй, уойбӕрцӕ раттунбӕл кенӕ ба сӕ нихмӕ ести дзоруй, уӕд корун ӕма нӕмӕ дууӕ дзурди рафинсӕ.
Адӕмон Комиссарти Совети сӕрдар В. Ульянов (Ленин).
Финст ӕрцудӕй 1920 анзи 10 сентябри.
***
ТЕЛЕФОНОГРАММӔ
И.С. УНШЛИХТМӔ
Къопи
Ӕвӕстеуатӕй. Сосӕггаг.
ВЧК-и сӕрдари хуӕдӕййевӕг.
Ӕмбал УНШЛИХТМӔ
Базонӕ ӕма мин фӕстагдӕр ӕмгъуд исонмӕ, бӕлвурд ӕма ӕнхӕст дзуӕппитӕ фегъосун кӕнӕ мӕнӕ уӕхӕн фарстатӕн:
- Петрогради 27 майи проф. П.А. Щуркевич (Электротехникон институт), профессор Н.Н. Матринович (Университет ӕма Скӕсӕйнаг институт), профессор Щерба (Университет, рабаргӕ ӕвзагзонунади профессор), профессор Б.С. Мартынов (Университет, граждайнаг баради профессор) хестӕр зоолог А.К. Мордвилко (Наукити академи), профессор Тиханови бийнойнаг (Граждайнаг инженерти институт), профессор Б.Е. Воробьев (Фиццаг Политехникон институт) ахӕст ӕрцудӕнцӕ, зӕгъгӕ, е ӕцӕг хабар ӕй ӕви нӕ.
- Профессор Пантелей Антонович Щуркевич нур фӕндзӕймаг хатт, профессор Борис Евдокими фурт Воробьев ба ӕртиккаг хатт ахӕст ӕрцудӕнцӕ, зӕгъгӕ, е ӕцӕгӕй уотӕ ‘й ӕви нӕ.
- Цӕй туххӕй ахӕст ӕрцудӕнцӕ, уӕдта сӕ ӕрахӕссун цӕмӕн багъудӕй – ледзгӕ ку нӕ ракӕндзӕнӕнцӕ.
- Комкоммӕ бӕлвурд еске ӕрахӕссуни туххӕй нӕ, фал уӕ косгутӕн «сӕхе фӕндӕмӕ гӕсгӕ» ахӕссуни туххӕй ВЧК. Губчека кенӕ ӕндӕр Чекатӕ мандаттӕ дӕттунцӕ ӕви нӕ, ӕма кӕд дӕттунцӕ, уӕд сӕ косгутӕй комкоммӕ кӕмӕн дӕттунцӕ (кӕмӕн дӕттунцӕ, етӕ цӕйбӕрцӕ бӕрнон ӕнцӕ, ци бунати лӕуд ӕнцӕ. Сӕ политикон цӕттӕдзийнадӕ цӕйбӕрцӕ ’й).
Адӕмон Комиссарти Совети сӕрдар В. Ульянов (Ленин).
Финст ӕрцудӕй 1921 анзи 2 июни.
***
В.Д. БОНЧ-БРУЕВИЧМӔ
- I.1920 анз.
Хъазар В.Д.!
Мӕ библиотеки хӕрзтӕ федун ӕз мӕхуӕдӕг.
Корун ди, ку радзӕбӕх уай, уӕд сӕ бафедӕ еугурӕйдӕр.
3200 + 500 (Даль) = 3700 ӕма уотӕ идарддӕр ӕма бафснайӕ распискитӕ.
Дӕхе Ленин.
Аци финстӕгмӕ гӕсгӕ дӕмӕ ӕрветун 4000 соми.
Ӕндӕр гъуддаг ӕй Адӕмон Комиссарти Совети гъуддӕгути Управлений библиотекӕ.
Мухургонд цӕуй къохфинстмӕ гӕсгӕ.
***
Уоййадӕбӕл, ӕвӕдзи, фӕккӕрон кӕндзинан Ленини финстӕгутӕй дӕнцитӕ хӕссунӕн. Махмӕ гӕсгӕ етӕ дӕр фагӕ ’нцӕ еу ахсгиаг хатдзӕг искӕнунӕн.
Зундгин ка ’й, е евгъуд рӕстӕгутӕ нецӕййаг неци хузи искӕндзӕнӕй. Ӕнӕраст гъуддагбӕл банимайдзӕнӕй уӕхӕн миуӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ ба лӕмбунӕг ӕркӕсдзӕнӕй, ци си адтӕй, цитӕ си цудӕй, ӕма си абони цӕмӕдӕр гӕсгӕ ка нӕбал бӕззуй, уони ӕнцад ниууадздзӕнӕй, бафӕнзуйнагӕй си ци разинна, уонӕй ба ӕ архайди испайда кӕндзӕнӕй.
Нур евгъуд рӕстӕгути фӕлтӕрддзийнадӕ, уӕлдайдӕр ба ӕ Фидибӕсти цитгийнаг хабӕрттӕ ӕма цаутӕбӕл билӕскъелтӕ ка кӕнуй е, гӕрр, гӕлӕхха, уобӕл дӕр нӕ расагъӕс кӕнуй, ӕма ӕхуӕдӕг дӕр ескӕд евгъуд рӕстӕг исуодзӕнӕй ӕма ин гъӕуама цийфӕнди ма уа, ӕ фӕдонтӕ имӕ ци цӕстӕй кӕсдзӕнӕнцӕ, е. Уомӕ гӕсгӕ ба уобӕл архайун гъӕуй, цӕмӕй дӕбӕл кӕддӕр ӕрцӕуа нӕ фидтӕлти зундгин загъди хуарздзийнадӕ, етӕ ба уотӕ загътонцӕ: «Ескӕд фурти фурт дӕр зондзӕнӕй, бабай нивӕй ке цӕруй, уой!»
«Марксизм нӕ рагӕлста, – финста В. Ленин, – буржуазон доги уӕлахезтӕ, е нӕ, фал ма исахур кодта ӕма хуӕздӕр райаразта, дууӕ мин анземӕй фулдӕри дӕргъи адӕмти зунд ӕма культури ирӕзти хуарзӕй цидӕриддӕр ес, уони».
Еци хуарздзийнадӕ нӕ бӕстӕн берӕ рӕстӕгути хъӕбӕр испайда ӕй. Ӕз уотӕ нӕ зӕгъун ӕма евгъуд доги алцидӕр хуарз адтӕй. Уой туххӕй дӕр В. Ленин раст загъта: «Евгъуд дзаманӕй ци бунтӕ байзадӕй, уони, мӕнӕ архивариустӕ зӕронд гӕгъӕдитӕ куд гъӕуай кӕнунцӕ, уотӕ ма гъӕуай кӕнӕн. Бунтӕ гъӕуай кӕнун ӕгириддӕр уотӕ нӕ амонуй, ӕма уонӕй идарддӕр неци гъӕуй».
Гъӕуй, ӕнӕмӕнгӕ, гъӕуй. Ӕнӕ нӕуӕгдзийнадӕй бабӕй куд ес размӕ цӕуӕн!.. Ӕма уогӕ дӕр уотӕ адтӕй!.. Цалинмӕ ма нӕ паддзахадӕн разамунд лӕвардта И. Сталин, цалинмӕ ма нӕ фидибӕстон адӕмон хӕдзаради еугур къабӕзти, хецӕн промышленнон ӕма гъӕууонхӕдзарадон кустуӕтти сӕргъи лӕудтӕнцӕ, еумӕйаг гъуддаги ӕнтӕстдзийнадӕбӕл зӕрдиагӕй ка тухстӕй ӕма, сӕхе пайдайӕн нӕ, фал фӕллойнӕгӕнӕг адӕми хуарзбӕл рӕстуодӕй ка архайдта, еттӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕ Цӕдес адтӕй тухгин, не ’знӕгтӕ нӕмӕ ӕвзедун нӕ, фал уотид зулун каст ӕрбакӕнун дӕр не ’ндиудтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба нӕ нур дӕр, дуйней паддзахӕдтӕй беретӕ нӕ бӕстӕмӕ ӕдзӕстуарзонӕй ке кӕсунцӕ, ӕргомӕй ке архайунцӕ нӕ нихмӕ нӕ фуддӕрагӕн, уомӕй нӕ уӕлдай ӕхсицгӕдӕр гъӕунцӕ рӕстзӕрдӕ, паддзахадон гъуддӕгутӕбӕл рӕстуодӕй архайӕг, нӕ фидибӕстӕбӕл ӕновуд раздзӕугутӕ.